Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp21 № 3 15 ф.
  • Цавӕр фидӕн равзардзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цавӕр фидӕн равзардзынӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ, ЙЕГЪОВӔЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ ӔМӔ ЙӔМ КӔЙ ХЪУСӔМ?
  • Дӕ фидӕн дӕхицӕй кӕнгӕ у!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Разныхас
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
wp21 № 3 15 ф.
Нӕлгоймаг кафейы йе ’мбалӕн телефоны цыдӕр ӕвдисы

Цавӕр фидӕн равзардзынӕ?

Иу-3 500 азы размӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй рухс фидӕн феной: «Уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр» (Дыккаг закъон 30:19).

Цӕмӕй рухс фидӕн федтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, раст цы у, уый равзарын. Ды та цы равзардзынӕ? Библи нын амоны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй рухс фидӕн фенӕм: «Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм» (Дыккаг закъон 30:20).

ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ, ЙЕГЪОВӔЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ ӔМӔ ЙӔМ КӔЙ ХЪУСӔМ?

БИБЛИ АХУЫР КӔН. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй Библийӕ куы базонай, уӕд ӕй бауарздзынӕ. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд базондзынӕ, Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ дӕ хорз кӕй фӕнды. Йегъовӕ дыл тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай (1 Петры 5:7). Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕныныл куы архайай, уӕд дӕм уый дӕр кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8).

ЦЫ БАЗОНЫС, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. Хуыцаумӕ хъусын нысан кӕны Библийы зондджын уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕнай, «уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йесо Навин 1:8).

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд бацу сайтмӕ jw.org. Уым дӕ бон у Библи онлайн кӕсын. Стӕй ма дзы дӕ бон у курдиат байдзаг кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа.

Абон, раст цы у, уый куы равзарай ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕ цард куы аразай, уӕд рухс фидӕн фендзынӕ!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын