Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w21 февраль 20–24 фф.
  • Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг раст кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг раст кодта
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МӔ ХУЫЦАУЫ ФӔНДАГЫЛ СӔВӔРДТОЙ
  • МӔХИЦӔН ЗАГЪТОН, МӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ КӔЙ ДАРДЗЫНӔН
  • МӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРДТОН, ӔМӔ МӔ НИКУЫ ФӔФЫДӔНХЪӔЛ КОДТА
  • ӔНДӔР РАНМӔ НӔ СНЫСАН КОДТОЙ
  • ЦӔУӔМ БАЛЦЫТЫ
  • МӔ ЦАРДЫ ӔРЦЫД ИВЫНДЗИНӔДТӔ
  • Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый мын бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхаста
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Ӕвдай азы дӕргъы хӕцын «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
w21 февраль 20–24 фф.
Стивен Харди

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг раст кодта

РАДЗЫРДТА ЙӔ СТИВЕН ХАРДИ

ИУХАТТ мӕ иу ӕрыгон ӕфсымӕр бафарста: «Библийы стихтӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцы цӕуы?» Ӕз ын уайтагъд загътон: «Ӕмбисӕндтӕ 3 сӕр, 5 ӕмӕ 6 стихтӕ: „Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн“». Ӕмӕ мын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр мӕ фӕндаг раст кодта.

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МӔ ХУЫЦАУЫ ФӔНДАГЫЛ СӔВӔРДТОЙ

Мӕ ныййарджытӕ рӕстдзинад базыдтой 1920-ӕм азты, цалынмӕ сӕ цард нӕ баиу кодтой, уӕдмӕ. Ӕз райгуырдтӕн 1939 азы. Цардыстӕм Английы, ӕмӕ-иу мӕ гыццылӕй дӕр мӕ ныййарджытӕ чырыстон ӕмбырдтӕм кодтой. Ӕз фыст уыдтӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дӕр. Фыццаг хатт мын хӕслӕвӕрд куы уыд, уӕд мыл цыди 6 азы. Ӕмӕ ма йӕ ныр дӕр хъуыды кӕнын, асыккыл куыд слӕууыдтӕн, цӕмӕй мӕм, залы чи бадт, уыдон зындаиккой. Тынг тыхстӕн.

Стивен Харди гыццылӕй йӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ ма кӕимӕдӕрты хъусын кӕны. Сӕ къухты плакаттӕ, фыст сыл ис, конгрессы чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕргом раныхасы ном

Мӕ ныййарджытимӕ уынджы хъусын кӕнын

Мӕ фыд мын карточкӕйыл ныммыхуыр кодта, адӕймагӕн уацамынды цыбыртӕй цы ис зӕгъӕн, уый. Фыццаг хатт кӕйдӕр дуар иунӕгӕй куы бахостон, уӕд мыл 8 азы йеддӕмӕ нӕ цыди. Ӕмӕ куыд цин кодтон, хӕдзары хицау мын мӕ карточкӕ куы бакаст ӕмӕ уайтагъд чиныг «Хуыцау никуы фӕсайдзӕн» куы айста, уӕд! Мӕ фыдмӕ азгъордтон, цӕмӕй йын уый тыххӕй радзырдтаин. Тынг уарзтон уацамынды ӕмӕ ’мбырдтӕм цӕуын. Стӕй мӕ уацамынды ӕмӕ ’мбырдты фӕрцы бафӕндыд Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

Рӕстдзинад мӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр хъарын райдыдта, мӕ фыд мын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куы рафыста, уӕд. Куыддӕр-иу журнал райстон, афтӕ-иу ӕй бакастӕн. Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр баууӕндыдтӕн, ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг мӕхи снывонд кодтон.

1950 азы нӕ бинонтимӕ ацыдыстӕм Нью-Йоркмӕ конгресмӕ «Теократи размӕ цӕуы». 3 августы цыппӕрӕмы программӕйы темӕ уыди, «Миссионерты бон», зӕгъгӕ. Уыцы бон ӕфсымӕр Кэри Барберӕн (фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы) уыди раныхас донаргъуыды фӕдыл. Донаргъуыд чи хъуамӕ райстаид, уыдонмӕ раныхасы кӕрон дыууӕ фарстайы куы радта, уӕд ӕз сыстадтӕн ӕмӕ загътон: «О!» Уӕд мыл 11 азы йеддӕмӕ нӕ цыди, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, ахсджиаг къахдзӕф кӕй у. Ӕрмӕст донмӕ ныххизын тарстӕн, уымӕн ӕмӕ ленк кӕнын нӕ зыдтон. Уӕд мӕ фыды ӕфсымӕр мемӕ ацыд ӕмӕ мын загъта, алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн. Донаргъуыд куы истон, уӕд мӕ къӕхтӕ бассейны быныл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акодтой. Иу ӕфсымӕр мын донаргъуыд радта, иннӕ та мӕ бассейнӕй фелвӕста. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ фӕндаг раст кодта.

МӔХИЦӔН ЗАГЪТОН, МӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ КӔЙ ДАРДЗЫНӔН

Скъола куы фӕдӕн, уӕд мӕ фӕндыди пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ мын мӕ ахуыргӕнджытӕ дзырдтой, цӕмӕй уӕлдӕр ахуыр райстаин. Гъемӕ сӕм ӕз дӕр байхъуыстон, ӕмӕ университетмӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, уыцы иу рӕстӕг мӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ сфӕнд кодтон университет ныууадзын. Уый тыххӕй Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ мӕ ахуыргӕнджытӕм писмо ныффыстон. Бамбарын сын кодтон, фыццаг курсы фӕстӕ цӕугӕ кӕй кӕнын. Ӕз мӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардтон, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон 1957 азы июлы горӕт Веллингборойы. Лондоны Вефилы ӕфсымӕртӕн загътон, кӕй мӕ фӕндид, пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕримӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ дзы ахӕм ӕфсымӕр разынд. Уый уыд Берт Вейзи. Бертӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уый уыди зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг, ӕмӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй уацамындӕн хорз график скодтаин. Не ’мбырды уыдыстӕм астӕй: ӕхсӕз ацӕргӕ хойы ӕмӕ мах Бертимӕ. Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу кӕй цӕттӕ кодтон ӕмӕ-иу мын хӕслӕвӕрдтӕ кӕй уыди, уый фӕрцы мӕ уырнындзинад фидар кодта. Ӕмӕ-иу дзуаппытӕ кӕй лӕвӕрдтон, уый фӕрцы мӕ бон уыд мӕ уырнындзинад ӕргом ӕвдисын.

Ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыдтӕн, уый тыххӕй мӕ ахӕстоны сбадын кодтой, фӕлӕ дзы бирӕ нӕ фӕдӕн. Уый фӕстӕ базонгӕ дӕн Барбарӕимӕ. Уый лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй. Нӕ цард баиу кодтам 1959 азы ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм кӕмфӕнды дӕр лӕггад кӕнынмӕ. Фыццаг нӕ снысан кодтой Английы цӕгат-ныгуылӕн хаймӕ, Ланкаширмӕ. 1961 азы январы мӕ фӕхуыдтой Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ, цыди Лондоны Вефилы. Ахуыр дзы кодтон иу мӕй. Ахуыры кӕрон базыдтон, районон цӕстдарӕгӕй мӕ кӕй снысан кодтой. Ӕз уый ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыдтӕн. Дыууӕ къуырийы дӕргъы ӕмгуыст кодтон иу фӕлтӕрдджын районон цӕстдарӕгимӕ горӕт Бирмингемы. Ӕмӕ Барбарӕйӕн дӕр бар радтой, цӕмӕй мемӕ уыдаид. Уый фӕстӕ аздӕхтыстӕм, кӕм лӕггад кодтам, уырдӕм. Лӕггад кодтам Ланкаширы ӕмӕ Чеширы.

МӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРДТОН, ӔМӔ МӔ НИКУЫ ФӔФЫДӔНХЪӔЛ КОДТА

1962 азы августы отпусчы куы уыдыстӕм, уӕд филиалӕй райстам писмо. Уыди дзы Галаады скъолайы анкетӕтӕ. Мах Барбарӕимӕ Йегъовӕмӕ скуывтам, анкетӕтӕ байдзаг кодтам ӕмӕ сӕ уайтагъд филиалмӕ арвыстам. Ӕмӕ 5 мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк). Мах фӕхуыдтой Галаады скъолайы 38-ӕм къласмӕ. Ахуыр дзы кодтам 10 мӕйы.

Галаады ахуыргӕнгӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтам Хуыцауы Ныхасӕй, стӕй Хуыцауы организацийы тыххӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай базыдтам, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Нырма ӕрыгон уыдыстӕм, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм, кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй. Мӕнмӕ ма ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ алы бон дӕр мӕ бон уыди нӕ ахуыргӕнджытӕй иуимӕ, ӕфсымӕр Фред Раскимӕ, Вефилы лӕггад кӕнын. Уыцы ӕфсымӕры фӕрцы иу ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрстон: уынаффӕ дӕтгӕйӕ хъуамӕ рӕстӕй архайон, ома, уынаффӕ куы дӕттон, уӕд хъуамӕ йӕ бындур уа Библи. Лекцитӕ-иу нын чи касти, уыдоны ’хсӕн уыдысты фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ Нейтан Норр, Фредерик Френц ӕмӕ Карл Клейн. Ӕмӕ ма бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм сӕрныллӕг ӕфсымӕр Александр Макмилланӕй дӕр. Йӕ лекцийы фӕрцы мах базыдтам, 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг фӕлварӕнты рӕстӕг Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уый тыххӕй.

ӔНДӔР РАНМӔ НӔ СНЫСАН КОДТОЙ

Нӕ ахуыр кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд нын ӕфсымӕр Норр загъта, кӕй нӕ снысан кодтой Бурундимӕ (Африкӕмӕ). Мах уайтагъд Вефилы библиотекӕмӕ ауадыстӕм, цӕмӕй «Ӕрвылазон чиныджы» федтаиккам, Бурундийы цал хъусынгӕнӕджы ис, уый. Фӕлӕ дзы уый кой никуы ссардтам. Мах хъуамӕ ацыдаиккам, хорз хабар хъуыстгонд кӕм нӕ цыд, ахӕм ранмӕ. Стӕй Африкӕйы тыххӕй бирӕ нӕ зыдтам. Тынг мӕт кодтам, фӕлӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтам, ӕмӕ ’рсабыр стӕм.

Ног бынаты алцыдӕр уыди ӕндӕрхуызон: климӕт, культурӕ, ӕвзаг. Хъуыди нӕ французаг ӕвзаг сахуыр кӕнын. Стӕй ма нын зын уыд цӕрӕнбынат ссарын дӕр. Куы ’рцыдыстӕм, уымӕй дыууӕ боны фӕстӕ нӕм ӕрцыд Гарри Арнотт (ахуыр кодта немӕ Галаады скъолайы). Фӕстӕмӕ Замбимӕ цыди. Гарри нын баххуыс кодта цӕрӕнбынат ссарынӕн. Ӕмӕ уыцы бынат сси миссионертӕн сӕ фыццаг хӕдзар. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хицӕуттӕ нӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ницы зыдтой. Ӕмӕ нӕ лӕггад нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын куы райдыдта, растдӕр нын гъеуӕд куы зӕгъиккой, нӕ бон кӕй нӕу уыцы бӕстӕйы баззайын, уымӕн ӕмӕ, дам, уӕм нӕй, кусыны бар уын кӕй ис, ахӕм гӕххӕтт. Хъыгагӕн нӕ бахъуыд уырдыгӕй ацӕуын. Ӕмӕ ацыдыстӕм ӕндӕр бӕстӕмӕ, Угандӕмӕ.

Угандӕмӕ ӕнӕ визӕйӕ цӕуын тарстыстӕм, фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам. Угандӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уым лӕггад кодта иу канадӕйаг ӕфсымӕр. Ӕмӕ уый миграцион службӕйы кусӕгӕн нӕ хабар бамбарын кодта. Ӕмӕ нын уӕд уыцы бӕстӕйы цалдӕр мӕйы баззайынӕн бар радтой, цалынмӕ нӕ гӕххӕттытӕ сцӕттӕ уыдаиккой, уӕдмӕ. Уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кодта.

Бурундийӕ уӕлдай Угандӕйы хорз хабар хъуыстгонд цыди, кӕд ӕнӕхъӕн бӕстӕйы 28 Ӕвдисӕны йеддӕмӕ нӕ уыд, уӕддӕр. Уыцы территорийы бирӕтӕ дзырдтой англисаг ӕвзагыл. Фӕлӕ йӕ бамбӕрстам, цӕмӕй, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ иу бынӕттон ӕвзаг уӕддӕр кӕй хъӕуы сахуыр кӕнын. Мах райдыдтам Кампалӕйы хъусын кӕнын. Уым бирӕтӕ дзырдтой лугандӕйыл, ӕмӕ сфӕнд кодтам уыцы ӕвзаг ахуыр кӕнын. Цӕмӕй йыл хорз дзурын райдыдтаиккам, уый тыххӕй нӕ бахъуыд цалдӕр азы, фӕлӕ уый фӕрцы нӕ лӕггады ӕнтыстджындӕр уыдыстӕм. Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнӕм, уый хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм, уый куы федтой, уӕд нын уыдон дӕр, сӕ зӕрдӕты цы уыд, уый ӕргом кӕнын райдыдтой. Дзырдтой-иу нын, Библийӕ-иу цы базыдтой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сыл уый куыд фӕзыны.

ЦӔУӔМ БАЛЦЫТЫ

Цалдӕр нывы: 1. Африкӕйы картӕйыл ӕвдыст сты, Стивен Харди кӕм лӕггад кодта, уыцы бынӕттӕй иуӕй-иутӕ. 2. Стивен бады тухгӕ бандоныл йӕ фургоны раз. 3. Стивены фыццаг ус Барбарӕ пластмассӕй конд къусы халсартӕ ӕхсы

Угандӕйы нӕ балцы рӕстӕг

Сӕрныллӕг адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кодтам, уый нын тынг ӕхсызгон уыд. Нӕ циныл ма нын цин бафтыдта, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй мӕ кӕй снысан кодтой, уый. Кенийы филиал мын бахӕс кодта, цӕмӕй базыдтаин, Угандӕйы сӕрмагонд пионерты ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, уый. Гъемӕ балцы араст стӕм. Кӕмӕн хъусын кодтам, уыцы адӕм нӕ цалдӕр хатты суазӕг кодтой, кӕд уый размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой, уӕддӕр. Суанг ма-иу нын хӕринаг дӕр ӕрцӕттӕ кодтой.

Уый фӕстӕ та ӕндӕрхуызон балцы ацыдтӕн. Кампалӕйӕ дыууӕ боны поездыл фӕцыдтӕн Кенимӕ, наулӕууӕн горӕт Момбасӕмӕ. Уый фӕстӕ та науыл ацыдтӕн Сейшелы сакъадӕхтӕм. Уыцы сакъадӕхтӕ сты Индийы океаны. Фӕстӕдӕр, 1965 азӕй 1972 азмӕ, Сейшелы сакъадӕхтӕм Барбарӕимӕ иумӕ цыдыстӕм. Уыцы рӕстӕг дзы уыди 2 хъусынгӕнӕджы. Фӕстӕдӕр дзы фӕзынд къорд, стӕй та – ӕмбырд. Ахӕм балцыты ма цыдтӕн Эритреймӕ, Эфиопимӕ ӕмӕ Суданмӕ.

Иуафон Угандӕйы ӕфсӕддонтӕ хицауады ныхмӕ цӕуын райдыдтой, ӕмӕ бартӕ сӕ къухмӕ райстой. Уый фӕстӕ тынг уӕззау рӕстӕг скодта, ӕмӕ та йӕ бамбӕрстон, раст кӕй у Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттын» (Мар. 12:17). Хицауады бардзырдмӕ гӕсгӕ, Угандӕйы цы фӕсарӕйнӕгтӕ цард, уыдон хъуамӕ регистраци скодтаиккой, хӕстӕгдӕр сӕм цы пъӕлицӕйы участок уыд, уым. Ӕмӕ мах дӕр уайтагъд афтӕ бакодтам. Цалдӕр боны фӕстӕ Кампалӕйы мӕн ӕмӕ ма иу миссионеры пъӕлицӕйӕгтӕ баурӕдтой. Мах тынг фӕтарстыстӕм. Уыдон нӕ фӕаххосджын кодтой, сымах, дам, шпионтӕ стут, ӕмӕ нӕ аластой сӕйраг пъӕлицӕйы участокмӕ. Уым сын бамбарын кодтам, миссионертӕ кӕй стӕм ӕмӕ сабыр, фарнуарзаг адӕм кӕй стӕм. Дзырдтам сын, регистраци кӕй скодтам, фӕлӕ нӕм уыдон хъусгӕ дӕр нӕ кодтой. Уый фӕстӕ нӕ гӕрзифтонг ӕфсӕддонтӕ аластой, нӕ миссионерты хӕдзармӕ хӕстӕгдӕр цы пъӕлицӕйы участок уыд, уырдӕм. Уым нӕ иу пъӕлицӕйаг базыдта ӕмӕ нӕ ауадзын кодта!

Арӕх-иу нӕ хъуыди постытыл хизын, ӕмӕ-иу нын уый дӕр ӕнцон нӕ уыд, уӕлдайдӕр-иу нӕ расыг ӕфсӕддонтӕ куы баурӕдтой, уӕд. Фӕлӕ-иу алы хатт дӕр Йегъовӕмӕ куывтам, ӕмӕ-иу нӕ постыл ахизын куы бауагътой, уӕд-иу нӕ зӕрдӕтӕ ’рсабыр сты. Хъыгагӕн, 1973 азы хицауады бардзырдмӕ гӕсгӕ фӕсарӕйнаг миссионертӕ Угандӕйӕ ацыдысты.

Стивен мимеографыл мыхуыр кӕны

«Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» мимеографыл мыхуыр кӕнын (Абиджан, Кот-д’Ивуары филиал)

Бахъуыди та нӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуын. Ацыдыстӕм Кот-д’Ивуармӕ (Ныгуылӕн Африкӕмӕ). Нӕ царды та стыр ивындзинад ӕрцыди. Хъуыди нӕ бынтон ӕндӕр культурӕйыл ахуыр кӕнын, ӕдзух та французагау дзурын ӕмӕ ӕндӕр миссионертимӕ цӕрын. Уыдон та уыдысты алыхуызон бӕстӕтӕй. Фӕлӕ та ногӕй федтам, Йегъовӕ нын разамынд кӕй дӕтты. Бирӕ сӕрныллӕг, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ истой. Барбарӕимӕ уыдтам, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтам, уый фӕрцы нын нӕ фӕндаг кӕй раст кодта.

Уый фӕстӕ базыдтам, Барбарӕ ракӕй рынчын кӕй у. Ӕмӕ-иу нӕ арӕх хъуыди Европӕмӕ дохтыртӕм цӕуын. Фӕлӕ 1983 азы бамбӕрстам, нӕ бон кӕй нал уыдзӕн дарддӕр Африкӕйы лӕггад кӕнын. Уый нӕ дыууӕйӕн дӕр тынг зын уыд.

МӔ ЦАРДЫ ӔРЦЫД ИВЫНДЗИНӔДТӔ

Мах лӕггад кодтам Лондоны Вефилы. Барбарӕйӕн йӕ низ тыхджындӕр кодта, ӕмӕ йыл фӕтых. Барбарӕ куы амард, уӕд уыцы зын сахат Вефилы бинонтӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Уӕлдайдӕр мын иу къай баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъуыстаин ӕмӕ дарддӕр дӕр мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаин. Фӕстӕдӕр базонгӕ дӕн Эннимӕ. Уыди сӕрмагонд пионер ӕмӕ-иу Вефилы дӕр ӕххуыс кодта. Энн Йегъовӕйы тынг уарзта. Нӕ цард баиу кодтам 1989 азы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Лондоны Вефилы иумӕ лӕггад кӕнӕм.

Стивен ӕмӕ Энн Харди

Эннимӕ Великобританийы ног Вефилы раз

1995 азӕй 2018 азмӕ лӕггад кодтон сӕйраг хайады минӕварӕй (раздӕр хуынди зоналон цӕстдарӕг). Уыдтӕн иу-60 бӕстӕйы. Ӕмӕ-иу алы бӕстӕйы дӕр федтон, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алы уавӕрты куыд арфӕ кӕны.

Филиалтӕ-иу кӕй бӕрӕг кодтон, уый фӕрцы мын 2017 азы фӕзынд Африкӕмӕ ацӕуыны фадат. Тынг ӕхсызгон мын уыди, Бурундимӕ Эннимӕ иумӕ кӕй ӕрцыдыстӕм. Тынг диссаг уыд, цас хъусынгӕнджытӕ дзы фӕзынд, уый. 1964 азы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цы уынджы хъусын кодтон, уым ныр ис рӕсугъд Вефил. Уыцы бӕстӕйы ныр ис 15 500 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

2018 азы цы бӕстӕтӕм хъуамӕ ацыдаин, уыдоны номхыгъд мын куы радтой, уӕд тынг бацин кодтон – уыцы бӕстӕтӕй иу уыд Кот-д’Ивуар. Абиджанмӕ – бӕстӕйы ӕппӕты стырдӕр горӕтмӕ – куы ’рцыдыстӕм, уӕд мӕм афтӕ каст, цыма нӕхимӕ ӕрцыдтӕн. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдоны телефонты номыртӕм куы ’ркастӕн, уӕд федтон, нӕ фарсмӕ кӕй цӕры ӕфсымӕр Соссу. Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Абиджаны куы уыдтӕн, уӕд дзы горӕты цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕр. Фӕлӕ уый фӕстӕ базыдтон, уый ӕндӕр Соссу кӕй уыд – йӕ фырт.

Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау разынд. Бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстон, фӕлӕ йӕ бамбӕрстон, нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын нӕ фӕндаг кӕй раст кӕндзӕн. Ӕмӕ мӕ тынг фӕнды дарддӕр дӕр ацы фӕндагыл цӕуын. Ӕз ӕй зонын, ног дунейы нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Ӕмб. 4:18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын