Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w22 декабрь 15 ф.
  • Бахъуыды кодтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бахъуыды кодтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хуыцауы хӕдзар чи аразы, уыдоны ма хъыгдарут»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Йегъовӕйӕн бар дӕтт, цӕмӕй йӕ фӕндон дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты зын уавӕры макуы ныууадз
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Ног лӕггады азмӕ дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдтай?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
w22 декабрь 15 ф.

Бахъуыды кодтай?

2022 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Йегъовӕ нын куыд раарфӕ кӕндзӕн, йемӕ куы ныхас кӕнӕм, цы нын дзуры, уымӕ куы хъусӕм ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд?

Раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ суыдзыстӕм, нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарздзыстӕм (w22.01, 30, 31 фф.).

Ахсджиаг цӕмӕн у Йегъовӕйыл ӕмӕ, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл ӕууӕндын?

Ныртӕккӕ нӕ хъӕуы ууыл ахуыр кӕнын, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый. Хъуамӕ ма рахъуыды-бахъуыды кӕнӕм кӕнӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы разамынд дӕттынц, уый ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон ӕцӕгдӕр Йегъовӕйӕ сты ӕви нын сӕхи хъуыдытӕ дзурынц. Ӕмӕ уӕд стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр, цы амындтӕ нын дӕтдзысты, уыдонмӕ хъусдзыстӕм, ӕнахуыр кӕнӕ нӕм зынбамбарӕн куы кӕсой, уӕд дӕр (w22.02, 4–6 фф.).

Зӕд Захарийӕн, «[хицау] Зоровавелы къухы цы уырдыгбарӕн ис», уый кой куы кодта, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Зах. 4:8–10).

Ацы цӕстылуайӕн Хуыцауы адӕмӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ кӕд кувӕндон хуымӕтӕг уыдзӕн, уӕддӕр кӕронмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт (w22.03, 16, 17 фф.).

Нӕ дзыхыныхасӕй иннӕтӕн фӕзминаг кӕд уыдзыстӕм? (1 Тим. 4:12).

Уацамынды адӕмимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, ӕмбырды зӕрдиагӕй куы зарӕм, алы ӕмбырды дӕр дзуапп куы дӕттӕм, сайгӕ куы нӕ кӕнӕм, иннӕты чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ куы дзурӕм ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас куы нӕ кӕнӕм (w22.04, 6–9 фф.).

Раргомады 13:1, 2 стихты цы сырды кой ис, уымӕ, Данелы 7-ӕм сӕры цы цыппар сырды (паддзахады) кой ис, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр цыдӕр ис. Афтӕ цӕмӕн у?

Раргомады 13 сӕры цы сырды кой ис, уый иу цавӕрдӕр хицауадмӕ, зӕгъӕм, Роммӕ, нӕ амоны. Ацы сырд амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ уыд ӕмӕ ис, уыдонмӕ (w22.05, 9 ф.).

Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый нӕ кӕй уырны?

Исчи нын ныхасӕй нӕ зӕрдӕ куы скъаха, куы нӕ фӕхъыг кӕна кӕнӕ нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд ӕм нӕ зӕрдӕйы маст нӕ хӕсдзыстӕм, фӕлӕ алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕндзыстӕм. Цы маст бавзӕрстам, уымӕй Йегъовӕ фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (w22.06, 10, 11 фф.).

Ӕфсымӕры уацамындон фембӕлды йе та ӕмбырды райдианы кӕнӕ ӕмбырды кӕрон скувын куы хъӕуа, уӕд-иу йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?

Кувгӕйӕ-иу хъуамӕ ӕмбырдӕн уынаффӕтӕ ма дӕтта, стӕй, ӕмбырд кӕй тыххӕй нӕма зоны, уыцы хъусинаджы кой дӕр ма кӕна. Хъуамӕ-иу йӕ куывд ма ныддаргъ кӕна, уӕлдайдӕр та фембӕлды райдианы (Матф. 6:7) (w22.07, 24, 25 фф.).

«Фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон... тӕрхон баййафынӕн» кӕй райгас уыдзысты, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Иоан. 5:29).

Раздӕр, зӕронд дунейы цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕудзысты тӕрхонгонд. «Тӕрхон баййафынӕн» кӕй райгас уыдзысты, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ сӕм Йесо йӕ хъус дардзӕн ӕмӕ кӕсдзӕн, ног дунейы цы араздзысты, уымӕ (w22.09, 17, 18 фф.).

1922 азы сентябры конгрессы ӕфсымӕр Рутерфорд хъусынгӕнджыты цӕмӕ баразӕнгард кодта?

Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ) конгрессы загъта: «Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзахы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй!» (w22.10, 3–5 фф.).

Исай 30-ӕм сӕрмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зындзинӕдтӕн фӕразынӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы ӕххуыс кӕны?

Уыцы сӕрӕй бӕрӕг у: 1) нӕ куывдтытӕм нын лӕмбынӕг кӕй фӕхъусы ӕмӕ нын дзуапп кӕй ратты; 2) кӕй нын дӕтты разамынд ӕмӕ 3) абон дӕр нӕ кӕй хайджын кӕны арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ нын зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (w22.11, 9 ф.).

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Псалом 37:10, 11, 29 стихты ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты раджы заман ӕмӕ кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой фидӕны дӕр?

Давиды ныхӕстӕ ӕвдисынц, Израилы адӕм Соломоны рӕстӕг куыд цардысты, уый – алцыдӕр сын уыд парахатӕй. Ӕмӕ Йесо фидӕны дзӕнӕты кой куы кодта, уӕд ӕрхаста 11-ӕм стихы ныхӕстӕ (Матф. 5:5; Лук. 23:43) (w22.12, 8–10, 14 фф.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын