ИНДОНЕЗИ
Япойнӕгты ’фсондзы бын
1942 азы райдианы Японийы ӕфсад Индонезийыл йе ’фсондз ӕрӕвӕрдта. Не ’фсымӕртӕй бирӕты тыхкуыстыл бафтыдтой: фӕндӕгтӕ аразын ӕмӕ къанӕуттӕ сыгъдӕг кӕнын. Иннӕты та, фырчъизийӕ бацӕуӕнтӕ кӕдӕм нӕ уыд, ахӕм лагертӕм арвыстой ӕмӕ, хӕстимӕ баст хъуыддӕгты архайын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй сын фыдмитӕ кодтой. Ахӕстоны амард ӕппынкъаддӕр ӕртӕ ӕфсымӕры.
Йоханнӕ Харп, йӕ дыууӕ чызджы ӕмӕ Бет Годензе, сӕ бинонты хорз ӕмбал (астӕуӕй)
Иу голландиаг хо, Йоханнӕ Харп, зӕгъгӕ, цард Скӕсӕн Явӕйы дард хӕххон хъӕуы, ӕмӕ хӕст куы райдыдта, уӕд фыццаг дыууӕ азы лагермӕ нӕ бахауд. Йоханнӕйӕн уыди ӕртӕ сывӕллоны рӕзгӕ кары, ӕмӕ уыдонимӕ уыцы рӕстӕг англисаг ӕвзагӕй нидерландаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой чиныг «Ирвӕзындзинад» ӕмӕ цалдӕр журналы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»a. Стӕй уыдонӕй къопитӕ скодтой ӕмӕ, ӕнӕхъӕн Явӕйыл цыдӕриддӕр Ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдоныл сӕ сусӕгӕй байуӕрстой.
Кӕй не ’рцахстой, уыцы Ӕвдисӕнтӕ-иу ӕмбырд кодтой гыццыл къордтӕй ӕмӕ хъусын кодтой тынг арӕхстгай. «Хъусын кӕнгӕйӕ-иу тынг къӕрцхъус уыдтӕн. Рӕстдзинад-иу кӕй бацымыдис кодта, уыдоны-иу куы бӕрӕг кодтон, уӕд-иу мемӕ шахмӕттӕ рахастон, цӕмӕй-иу иннӕтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ шахмӕттӕй хъазынмӕ ӕрбацыдтӕн»,– дзуры Джозефинӕ Элиас (чызгӕй Тань). Феликс Тань ӕмӕ йӕ цардӕмбал Бола сапӕттӕ уӕй кӕныны ӕфсонӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой. «Арӕх-иу нӕ фӕстӕ зылдысты, ӕгъатыр япойнаг ӕфсӕддон пъӕлицӕ кемпейтайы агенттӕ. Цӕмӕй нӕм сӕ зӕрдӕ ма фехсайдтаид, уый тыххӕй-иу, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонмӕ куы иу рӕстӕг ӕрбацыдыстӕм, куы ӕндӕр. Ӕхсӕзӕн дзы рӕстдзинад сӕ зӕрдӕты уайтагъд арф уидӕгтӕ ауагъта, ӕмӕ хӕст нӕма фӕци, афтӕ, донаргъуыд райстой»,– радзырдта Феликс.
Джакартӕйы ӕфсымӕртӕ дыууӕ къордыл адих сты
Уыцы уӕззау рӕстӕг ма ӕфсымӕртӕм ӕнхъӕлмӕ каст ноджыдӕр иу фӕлварӕн. Япойнаг хицӕуттӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй регистраци скодтаиккой ӕмӕ удгоймаджы ӕвдисӕндартӕ райстаиккой, ӕмӕ йӕ ӕдзух семӕ хастаиккой. Уыцы гӕххӕтты фыст уыд, адӕймаг ард кӕй хӕры, Японийы империйыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ нӕ зыдтой, куыд бакӕной, уый: регистраци скӕной ӕмӕ, адӕймаг чи у, уый бӕрӕггӕнӕг гӕххӕттыл сӕ къух ӕрфыссой ӕви нӕ?
Джозефинӕ Элиас йе ’фсымӕр Феликсимӕ
Феликс Тань дзуры: «Джакартӕйы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ махӕн, Сукабумийы ӕмбырды ӕфсымӕртӕн, дзырдтой, цӕмӕй уыцы гӕххӕттыл нӕ къух ма ’рфыстаиккам. Фӕлӕ мах хицӕуттӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй, гӕххӕттыл цы фыст уыд, уый фӕивтаиккам. Фыст, „дӕлдӕр йӕ къух чи ӕрӕвӕрдта, уый ард хӕры, иузӕрдион кӕй уыдзӕн“ Японийы ӕфсадыл, зӕгъгӕ, фӕивтам афтӕ: „дӕлдӕр йӕ къух чи ӕрӕвӕрдта, уый ард хӕры, кӕй нӕ хъыгдардзӕн“ Японийы ӕфсад. Куыд сразы сты, уый нӕхимӕ дӕр диссаг фӕкаст. Уый фӕстӕ не ’ппӕт дӕр гӕххӕттытӕ райстам. Джакартӕйы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой, зӕгъгӕ, дам, сымах Хуыцауӕй аздӕхтыстут, ӕмӕ немӕ нал дзырдтой».
Хъыгагӕн, йӕ хъуыды фӕивын чи нӕ бакуымдта, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры ахӕстоны сбадын кодтой, ӕмӕ сӕ диныл сӕ къух систой. Иузӕрдионӕй сӕ чи баззад, уыдонӕй иу ахӕстоны бадт Андре Элиасимӕ. Андре радзырдта: «Йемӕ-иу ныхас кодтон, регистраци кӕныны тыххӕй цы фарста сӕвзӕрд, ууыл, цӕмӕй йӕм растдӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаид. Лӕмбынӕгдӕр ыл куы ахъуыды кодта, уӕд мӕ хатыр ракуырдта, немӕ кӕй нал дзырдта, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ нын нӕ кӕрӕдзи уырнындзинад фидар кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг уыди. Фӕлӕ ахӕстоны тынг ӕвзӕр уавӕртӕ кӕй уыд, уый аххосӕй амард».
«Мердека!»
1945 азы хӕст куы фӕци, уӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъусын кӕныны мондагӕй мардысты. Ахӕстоны чи фӕбадт ӕмӕ фыдмитӕ кӕмӕн фӕкодтой, иу ахӕм ӕфсымӕр Австралийы филиалмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы цыппар азы мыл ныддаргъ сты ӕмӕ уыдысты тынг уӕззау, фӕлӕ мӕ уӕддӕр нӕ басастой, ӕмӕ мӕ зондахаст дӕр нӕ фӕивта. Кӕд мын тынг зын уыди, уӕддӕр мӕ хъуыдытӕ ӕдзух ме ’фсымӕртыл уыдысты. Уӕ хорзӕхӕй, чингуытӕ-ма мын рарвитут».
Тагъд рӕстӕджы бӕстӕмӕ ӕрхӕццӕ, рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы литературӕ. Фыццаг бирӕ литературӕ нӕ ластой, фӕлӕ фӕстӕдӕр фылдӕр ласын райдыдтой. Джакартӕйы дӕс адӕймаджы ногӕй тӕлмац кӕнын райдыдтой литературӕ индонезиаг ӕвзагмӕ.
1945 азы 17 августы, Индонезийы сӕрибардзинадыл чи тох кодта, уыдоны сӕргълӕуджытӕ бӕстӕ сӕрибар республикӕ расидтысты. Уый расайдта хӕст Нидерландты колониалон хицауады ныхмӕ. Хӕст ахаста цыппар азы, ӕмӕ уыцы змӕст рӕстӕджы фӕмард цалдӕр дӕс мин адӕймаджы, авд милуан адӕймагӕй фылдӕр та сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты.
Фӕлӕ уыцы змӕст рӕстӕджыты дӕр ӕфсымӕртӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой. Хо Джозефинӕ Элиас дзырдта: «Националисттӕ нӕ хъӕр кӕнын кодтой „Мердека!“, ома „Сӕрибардзинад!“. Фӕлӕ сын мах дзырдтам, политикӕйы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм». 1949 азы Нидерландты хицауад сразы, Индонезийы Иугонд Штаттӕ (ныр Республикӕ Индонези) хӕдбар паддзахад кӕй у, ууылb.
Индонезийы ӕфсымӕртӕ дӕс азы бӕрц, суанг 1950 азы онг, сабыр цард нӕ федтой. Фӕлӕ сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст тынг бирӕ куыст. Цымӕ, Индонезийы цы милуангай адӕм цард, уыдонмӕ ног хабар куыд фӕхӕццӕ кӕндзысты? Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд! Фӕлӕ уӕддӕр ӕфсымӕртӕ уыцы хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ йӕ хуыммӕ кусджытӕ кӕй рарвитдзӕн (Матф. 9:38). Ӕмӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта.
a Хо Йоханнӕйы кӕстӕр чызг, Херминӕ (Мими), хӕсты фӕстӕ каст фӕци Галаады скъола, ӕмӕ йӕ Индонезимӕ миссионерӕй снысан кодтой.
b Нидерландты Ног Гвиней (ныр Ныгуылӕн Ног Гвиней) Нидерландты дӕлбар уыди 1962 азы онг.