ИНДОНЕЗИ
Фӕндзай азы фӕлӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй
Алистен Лумаре
РАЙГУЫРД: 1927 аз.
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1962 аз.
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: 50 азӕй фылдӕр фӕлӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй. Раздӕр уыд пъӕлицӕйы инспектор.
1964 азы мӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой Манокваримӕ (провинци Ныгуылӕн Папуӕ). Цы гыццыл ӕмбырд дзы уыд, уымӕн бынӕттон сауджынтӕ ӕдзух сӕ ныхмӕ цыдысты. Куы ’рцыдтӕн, уымӕй цасдӕры фӕстӕ мӕ хӕдзары размӕ ӕрбазгъордта протестантон сауджын.
– Ӕз хъуамӕ ацы хӕдзар ныппырх кӕнон ӕмӕ Маноквари Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фервӕзын кӕнон,– йӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кодта сауджын.
Пъӕлицӕйы кӕй куыстон, уымӕ гӕсгӕ мӕн ахӕм цӕмӕйдӕрты нӕ фӕтӕрсын кодтаис. Мӕ ныхас ын сабырӕй загътон, ӕмӕ мӕ уый дӕр иу ран ныууагъта (1 Пет. 3:15).
Уыцы рӕстӕг Манокварийы уыди аст хъусынгӕнӕджы. Фӕлӕ уӕдӕй нырмӕ рацыд 50 азы бӕрц ӕмӕ ныр уыцы ран ис авд ӕмбырды. 2014 азы та уым регионалон конгресмӕ ӕрбацыд 1 200 адӕймагӕй фылдӕр. Йегъовӕ ахӕм дард рӕтты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый куы фенын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы.