Пионеры зӕрдӕйы уаг дын ис?
1 Адӕймагӕн пионеры зӕрдӕйы уаг кӕд вӕййы? Зӕгъӕн ис, адӕймагӕн пионеры зӕрдӕйы уаг ис, хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хӕслӕвӕрдмӕ йын раст ахаст куы уа, адӕмы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарза ӕмӕ сыл куы тыхса, удуӕлдайӕ куы лӕггад кӕна, Хицауы къахфӕдтыл иузӕрдионӕй цӕуын ын циндзинад куы хӕсса ӕмӕ йын ӕхцондзинад мулк нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ куы хӕссой, уӕд.
2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы адӕмӕн абон ахӕм зӕрдӕйы уаг ис. Кӕд сӕ тынг сурынц кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзарынц, уӕддӕр уыдон зӕрдӕрайгӕйӕ дарддӕр хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд.
3 Фӕлӕ кӕроны рӕстӕгӕн йӕ тӕккӕ кӕрон кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ алы бон дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Уый ныл, гӕнӕн ис, афтӕ тынг ӕндава, ӕмӕ чырыстон хъуыддӕгты афтӕ зӕрдиагӕй мауал архайӕм. Хъуамӕ алчидӕр йӕхимӕ фарст радта: пионеры зӕрдӕйы уаг мын ис? Ацы цардӕвӕрд мын мӕ зӕрдӕйы уагыл ӕндавы? Ӕцӕгадыл ӕнувыд дӕн ӕмӕ тырнын иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурынмӕ? Цӕмӕй ӕмбырды уӕнгтӕн пионеры зӕрдӕйы уаг уа, уый тыххӕй исты аразын ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕной? Кӕд цӕмӕдӕр раст ахаст нӕ дарын кӕнӕ та йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын, уӕд ӕй куыд аивон?
4 Куыд ис пионеры зӕрдӕйы уагыл кусӕн. Пионеры зӕрдӕйы уаг зӕрдӕйыл баст у, ӕмӕ йыл хъӕуы кусын. Цы кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, уымӕй нӕ зӕрдӕтӕ кӕй «ӕфсадӕм», уымӕ гӕсгӕ нын пионеры зӕрдӕйы уагыл кусынӕн тынг ахсджиаг у сӕрмагондӕй Библи ахуыр кӕнын. Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста: «Ууыл мӕт кӕн... цӕмӕй дӕ ӕнтыстдзинад ӕппӕтӕн дӕр уа ӕргом. [...] ӕдзухдӕр уыдоны куыст кӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕнгӕйӕ дӕхи [дӕр] фӕрвӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕумӕ хъусджыты дӕр» (1 Тим. 4:15, 16). Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕна, ахӕм хъуыддӕгтыл, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты, нӕ фӕндӕттӕ кӕм сӕвзӕрынц, уым, арф уидӕгтӕ ауадзой. Афтӕмӕй нӕ тынгӕй-тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уыимӕ ма чырыстон хъуыддӕгтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ архайдзыстӕм фылдӕр лӕггад кӕныныл.
5 Нӕ ныхас, гӕнӕн ис, не ’фсымӕртӕн кӕнӕ сӕ ныфс сӕтта, кӕнӕ та сӕ ныфс уадза (Еф. 4:29). Иннӕтӕн уацамынды хабӕрттӕ куы кӕнӕм кӕнӕ фембӕлдты, йе та Библи сӕрмагондӕй ахуыргӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕцӕуой, уыдоны тыххӕй куы дзурӕм, уӕд сӕ уый фидар кӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын, нӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, фадат куы вӕййы адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй сын хорз уацхъуыды тыххӕй хъусын кӕнӕм? Кӕд о, уӕд мах цӕуӕм нӕ Дӕнцӕг Йесойы къахвӕдтыл (Иоан. 4:7—10).
6 Нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны куы уарзӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн пионеры зӕрдӕйы уагыл кусынӕн (Матф. 22:39). Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста ахӕм уарзондзинад. Уый адӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ бон цӕмӕй уыди, уымӕй сын баххуыс кӕнын, кӕд ӕй уый тыххӕй йӕ цард радтын дӕр бахъуыди, уӕддӕр (Матф. 9:36; Ром. 5:6). Махӕн дӕр Чырыстийы зондахаст куы уа, уӕд адӕмӕн тӕригъӕд кӕндзыстӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм Хуыцауыл баууӕндынӕн, кӕд нӕм иуӕй-иутӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр. (Абар Матфейы 23:37.)
7 Хорз дыргътӕ. Пионеры зӕрдӕйы уаг нын куы уа, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Фылдӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ уыдзыстӕм, ӕмӕ уый та хӕссы стыр циндзинад. Ӕмбырды пионеры зӕрдӕйы уаг цас фылдӕр адӕмӕн уа, уыйас фылдӕр кӕндзӕн ӕфсымӕрты ’хсӕн хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Иу хистӕр нӕлгоймаг, йе ’мбырды пионерты лӕггаддзинады хорз дыргъты тыххӕй загъта: «Уый куыд тынг фӕивта уавӕр! Ӕмбырд райдыдта ӕнтыстджындӕрӕй архайын. Нӕ разы сӕвӕрдтам нысан — Иегъовӕйӕн бонӕй-бонмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын».
8 2002 лӕггаддзинады аз кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ бацархай, цӕмӕй уыцы аз де ’мбырды уӕнгтӕн пионеры зӕрдӕйы уаг уа. Ахъуыды кӕн, фылдӕр лӕггад кӕнынӕн цавӕр гӕнӕнтӕ ис, ууыл. Гӕнӕн куы уа, уӕд спълан кӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй кӕнӕ та, чи зоны, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Ӕмбырды алкӕмӕндӕр, пионер уа ӕви хъусынгӕнӕг, йӕ бон у пионеры зӕрдӕйы уаг ӕвдисын.