Конгресс, хъусын кӕныны бар куы нӕ уыди, уыцы рӕстӕг. Адӕмӕй чидӕртӕ программӕмӕ хъусынц лодкӕйӕ
ИНДОНЕЗИ
Сӕ къухтӕ ӕруадзыны фӕнд сӕм нӕй
Филиалы ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, хъусын кӕныны бар сын кӕй нал ис, уӕд уайтагъд архайын райдыдтой. Роналд Джака радзырдта: «Нӕ гӕххӕттытӕ, нӕ литературӕ ӕмӕ филиалы ӕхца Джакартӕйы ахӕм рӕттӕм аластам, цӕмӕй сӕ хицауад ма ссардтаид. Стӕй филиал дӕр ахастам, кӕй ничи зыдта, ахӕм бынатмӕ, йӕ агъуыстытӕ та йын ауӕй кодтам».
Бынӕттон ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр нӕ фӕтарстысты ӕмӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Уӕдмӕ дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтой, ӕмӕ сын хъусын кӕныны бар куы нал уыд, уӕд дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой. Фӕлӕ иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ цӕттӕ нӕ разындысты. Цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы фӕтарстысты ӕмӕ, кӕй нал хъусын кӕндзысты, ахӕм гӕххӕттыл сӕ къухтӕ бафыстой. Иннӕтӕ та схъӕр кодтой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕмттӕ. Ӕмбырдтӕ бафидар кӕныны ӕмӕ, Хуыцауы уагӕвӕрды сӕрты чи ахызт, уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй филиал ӕмбырдтӕм арвыста фӕлтӕрд ӕфсымӕрты. Индонезимӕ ма ӕрцыд Джон Бут, Разамонӕг советӕй, ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй цалдӕр уынаффӕйы радта. Уыцы рӕстӕг сӕ ахӕм разамынд тынг ӕхсызгонӕй хъуыди.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ, не Стыр Фыййау, йӕ адӕмы фидар кодта ӕмӕ сын удӕнцой лӕвӕрдта (Йез. 34:15). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды хъуыддӕгты ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдтой, хъусынгӕнджытӕ та ӕрхъуыды кодтой ног мадзӕлттӕ хъусын кӕнынӕн (Матф. 10:16). Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ Индонезийы Библион ӕхсӕнады Библитӕ асламӕй ӕлхӕдтой ӕмӕ сӕ хъусын кӕнгӕйӕ пайда кодтой, гӕнӕн-иу кӕм уыди, уым-иу Хуыцауы Паддзахады хабары кой дӕр скодтой. Иннӕтӕ та-иу нӕ публикацитӕй фыццаг сыфтӕ стыдтой, цӕмӕй, мыхуыры сӕ чи рауагъта, уый бӕрӕг ма уыдаид, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй лӕвӕрдтой, рӕстдзинад кӕй цымыдис кодта, уыдонӕн. Бирӕ пионертӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой, цыма уӕйгӕнджытӕ сты, уыйау – сӕ бӕстӕ Японийы ӕфсады ӕфсондзы бын куы уыди, уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ куыд кодтой, афтӕ.
Маргаретӕ ӕмӕ Норберт Хойслер
Фӕлӕ 1977 азы Дины хъуыддӕгты департамент Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ног цӕлхдур ӕрӕвӕрдта: миссионертӕн-иу сӕ визӕты рӕстӕг куы фӕци, уӕд-иу сын ног визӕтӕ нал радтой. Миссионертӕн сӕ фылдӕры снысан кодтой ӕндӕр бӕстӕтӕмa. Норберт Хойслер, йӕ цардӕмбал Маргаретӕимӕ Манадойы (Цӕгат Сулавеси) чи лӕггад кодта, уыцы миссионер радзырдта: «Аэропортмӕ нӕм хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд цалдӕр сӕдӕ ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Хӕдтӕхӕгмӕ куы сцӕйхызтыстӕм, уӕд фӕстӕмӕ фӕкастыстӕм. Хотӕ ӕмӕ нӕм ӕфсымӕртӕ иууылдӕр сӕ къухтӕ тылдтой ӕмӕ ӕмдзыхӕй хъӕр кодтой: „Бузныг! Бузныг, немӕ кӕй уыдыстут, уый тыххӕй!“. Хӕдтӕхӕджы куы сбадтыстӕм, уӕд нӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты».
Сумбӕйы ӕфсымӕртӕн фыдмитӕ кӕнынц
Хъусын кӕныны бар кӕй нал ис, уый ӕппӕт сакъадӕхтыл дӕр куы айхъуыст, уӕд Индонезийы Аргъуанты цӕдис йӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнгӕйӕ куы феной, уӕд-иу хицӕуттӕм фӕхабар кӕной. Уымӕ гӕсгӕ-иу бирӕ сакъадӕхтыл Ӕвдисӕнты ахстой ӕмӕ-иу сӕм пъӕлицӕмӕ дзырдтой.
Сакъадах Сумбӕйыл горӕт Вайнгапуйы ӕфсӕддон зылды командир 23 ӕфсымӕрмӕ фӕсидт бынӕттон ӕфсӕддон лагермӕ ӕмӕ сын фидарӕй загъта, цӕмӕй, сӕ диныл сӕ къух кӕй исынц, уый фӕдыл гӕххӕтт бафыстаиккой. Ӕфсымӕртӕ куы нӕ сразы сты, уӕд сын командир бардзырд радта, цӕмӕй сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдаиккой ӕмӕ дыккаг бон фӕстӕмӕ ӕрбацыдаиккой – дыууӕрдӕм сӕ фистӕгӕй цӕуын хъуыди 14 километры.
Дыккаг бон ӕфсымӕртӕ райсомӕй раджы фӕстӕмӕ ӕфсӕддон лагермӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сӕм иугай дзурын райдыдтой, цӕмӕй, сӕ диныл сӕ къух кӕй исынц, уыцы гӕххӕтт бафыстаиккой. Чи-иу не сразы, уый-иу ӕфсӕддонтӕ сындз къалиутӕй фӕнадтой. Ӕфсӕддонтӕ-иу куы сызнӕт сты, уӕд-иу ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты ахӕм над фӕкодтой, ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ фӕсур сты. Уыцы рӕстӕг та-иу иннӕ ӕфсымӕртӕ сӕ радмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Фӕстагмӕ иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Моне Келе, размӕ рацыд ӕмӕ сын сӕ къух кӕуыл ӕвӕрын кодтой, уыцы гӕххӕттыл цыдӕр фыссын райдыдта. Ӕфсымӕртӕ уый куы федтой, уӕд сӕ ныфс асаст. Фӕлӕ командирӕн фырмӕстӕй йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Моне ныффыста: «Ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыдзынӕн ӕнустӕм!» Уый тыххӕй Монейы саунад фӕкодтой, ӕмӕ ма рынчындонмӕ дӕр бахауд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.
Командир 11 боны дӕргъы ӕфсымӕрты басӕттыны тыххӕй цы нӕ фӕкодта, ахӕм нал баззад. Ӕнӕхъӕн бон-иу сӕ судзгӕ хуры бын фӕлӕууын кодта, сӕ цыппӕртыл-иу сӕ цалдӕр километры фӕбырын кодта ӕмӕ-иу сӕ уӕззау уӕргътимӕ дард рӕттӕм фӕлидзын кодта. Джебогъ-иу (штык) сын сӕ хъуырмӕ сарӕзта ӕмӕ-иу сӕ тырысайӕн табу кӕнын кодта. Фӕлӕ-иу ӕфсымӕртӕ не сразы сты, ӕмӕ та-иу сӕ уӕд ногӕй фӕнадтой.
Алы райсом дӕр-иу лагермӕ уыцы дард фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕфсымӕртӕ хъуыды кодтой, абон та нын цавӕр фыдмитӕ кӕндзысты, зӕгъгӕ. Фӕндагыл-иу иумӕ куывтой, кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма фӕцудыдтаид. Изӕры та-иу фырфӕлладӕй сӕ къӕхтӕ сӕ фӕдыл ласгӕйӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты. Ӕмӕ-иу кӕд сӕ буар тугӕрхӕмттӕ бадт ӕмӕ-иу сӕ тугтӕ калдысты, уӕддӕр-иу цин кодтой, Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивтой, ууыл.
Цы фыдмитӕ сын кӕнынц, уый филиалы ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, уӕд Вайнгапуйы ӕфсӕддон командирмӕ, Тиморы ӕмӕ Балийы цы ӕфсӕддон хицӕуттӕ уыди, уыдонмӕ, ӕфсады сӕйраг сӕргълӕууӕгмӕ Джакартӕмӕ ӕмӕ бӕстӕйы хицауадӕй кӕмӕдӕрты уайтагъд телеграммӕтӕ арвыстой. Уым фыст уыди, ӕфсымӕртӕн цытӕ кӕнынц, уый закъоны ныхмӕ кӕй у. Вайнгапуйы ӕфсӕддон командир куы базыдта, ӕмӕ йын йӕ фыдмиты тыххӕй ӕнӕхъӕн Индонези фехъуыста, уӕд ӕфсымӕрты иу ран ныууагъта.
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕгӕлтӕй уӕлдай не сты»
Уый фӕстӕ азты ӕнӕхъӕн Индонезийы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнцад цӕрын нӕ уагътой: бирӕты-иу ӕрцахстой, пъӕлицӕйы-иу сӕ ӕрфарстой ӕмӕ-иу сӕ фӕнадтой. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй иу миссионер, Билл Перри, афтӕ зӕгъы: «Бӕстӕйӕн йӕ кӕцыдӕр хайы ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ раззаг дӕндӕгтӕ ныппырх кодтой. Разӕй-иу дӕндӕгтӕ кӕмӕн уыди, ахӕм ӕфсымӕрыл-иу куы амбӕлдысты, уӕд-иу дзы хынджылӕг кодтой: „Нырма ног дӕ? Ӕви дӕ басастой?“ Кӕд сын тынг зын уыди, уӕддӕр цин кодтой ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой».
«Ахӕстоны ноджы тынгдӕр сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Раст зӕгъгӕйӕ, уым мӕ уырнындзинад фӕфидардӕр»
13 азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой 93 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Ӕппӕты къаддӕр кӕмӕн радтой, уыдон фӕбадтысты дыууӕ мӕйы, ӕппӕты фылдӕр кӕмӕн радтой, уыдон та – цыппар азы. Уыцы фыдмитӕ сӕ ноджы тынгдӕр бафидар кодтой, ӕмӕ сӕ иунӕг фӕнд уыди Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ӕфсымӕр Муса Раде ахӕстоны фӕбадт аст мӕйы ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыд, кӕм цард, уырдӕм, цӕмӕй ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кодтаид. Ӕмӕ мӕнӕ цы радзырдта: «Ахӕстоны ноджы тынгдӕр сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Раст зӕгъгӕйӕ, уым мӕ уырнындзинад фӕфидардӕр». Уӕдӕ диссаг нӕу, афтӕ сӕ кӕй зӕгъынц: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕгӕлтӕй уӕлдай не сты. Цас сӕ тынгдӕр хойай, уыйас фидардӕр лӕууынц».
Хъусынгӕнджытӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц Амбонмӕ (провинци Малуку)
a Бирӕ рӕстӕг миссионертӕй чи фӕлӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ Петер Вандерхаген ӕмӕ Лен Дейвисыл цыди 60 азӕй фылдӕр, Мэриан Тамбунанӕн та (чызгӕй Стувэ) йӕ цардӕмбал уыди индонезиаг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн бар радтой Индонезийы баззайынӕн. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нӕ уыд, уӕддӕр се ’ртӕйӕн дӕр сӕ уырнындзинад никуы фӕцудыдта ӕмӕ сын хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр бирӕ ӕнтыст.