Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb16 38 ф.–43 ф., 1 абз.
  • Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр
  • 2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз хабар фӕхӕццӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕммӕ
  • Стадионы администратор дисы бафтыд
  • Йегъовӕ бацамыдта, цы дзурын хъӕуы, уый
  • Пырындзы голлаг
  • Генерал бардзырд радта
  • Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb16 38 ф.–43 ф., 1 абз.
Инуиттӕ кӕм цӕры, уыцы хъӕу Кангирсук (цӕгат Квебек, Канадӕ)

Канадӕ: инуиттӕ кӕм цӕры, уыцы хъӕу Кангирсук (цӕгат Квебек)

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Хорз хабар фӕхӕццӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕммӕ

Канадӕйы филиал йӕ хъус цы территоримӕ дары, уым цӕрӕг адӕм цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй аст ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой видеоролик «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?», цӕмӕй йӕ уыцы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн равдыстаиккой. 2014 азы октябры Нунавикы районы дӕс боны дӕргъы зиу куы уыд, уӕд видеоролик инуктитут диалектыл 14 гыццыл хъӕуы, зӕгъӕн ис, алы хӕдзары дӕр равдыстой. Уыцы хъӕуты ӕдӕппӕтӕй цӕры 12 000 адӕймагӕй фылдӕр.

Стадионы администратор дисы бафтыд

2014 азы сентябры Хуссар Корейы горӕт Сеулы стадионтӕй иуы уыд ӕхсӕнадӕмон конгресс. Программӕмӕ байхъуыста 56 000 адӕймагӕй фылдӕр. Стадионы администратор Ӕвдисӕнтӕй раппӕлыд, конгрессы рӕстӕг куыд ӕгъдауджын уыдысты ӕмӕ йемӕ куыд ӕмгуыст кодтой, уый тыххӕй. Уый загъта: «Алчидӕр сӕ йӕхи уӕздан дардта. Стадион чи фефснайы, уыцы кусджытӕй бирӕ хуыздӕр бафснайдтой, ӕмӕ мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Мӕ кусджытӕ дӕр афтӕ куы кусиккой, уӕд бӕргӕ хорз уаид. Цӕмӕй мах дӕр Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кувӕм, уый тыххӕй хъуамӕ суӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуызӕн».

2014 азы ӕхсӕнадӕмон конгресс Сеулы (Хуссар Корей)

Хуссар Корей: ӕхсӕнадӕмон конгресс Сеулы, 2014 аз

Йегъовӕ бацамыдта, цы дзурын хъӕуы, уый

2012 азы майы Швецийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицауадмӕ курдиат балӕвӕрдтой, цӕмӕй, иннӕ динтӕн ӕхцайӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, афтӕ уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕной. Фӕлӕ сын сӕ курдиат нӕ айстой. Разамонӕг совет ӕфсымӕртӕн бар радта, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы Сӕйраг административон тӕрхондонмӕ хъаст бадӕттой.

Тӕрхондон аскъуыддзаг кодта, уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуыддаг равзарын кӕй хъӕуы. Алыхуызон бӕстӕтӕй авд ӕфсымӕры фембӕлдысты, цӕмӕй аныхас кодтаиккой, тӕрхондоны сӕм, гӕнӕн ис, цы фарстатӕ дӕттой, уыдонӕн цавӕр дзуапп ратдзысты, ууыл. Фембӕлд сын уыд Стокгольмы Паддзахады залы.

Фембӕлды рӕстӕг залмӕ чидӕр ӕрбахоста. Ӕфсымӕр дуар куы байгом кодта, уӕд дзы лӕууыд, 13 ӕмӕ 14 азы кӕуыл цыдаид, дыууӕ ахӕм чызджы. Сӕхи йын бацамыдтой ӕмӕ йын загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй сӕм цалдӕр фарстайы кӕй ис. Ӕфсымӕр дзуры: «Зӕгъынмӕ сын хъавыдтӕн, ныртӕккӕ нӕ уымӕ ӕппындӕр не ’вдӕлы, ӕмӕ-иу ӕндӕр бон ӕрбацӕут, зӕгъгӕ».

Фӕлӕ уӕддӕр семӕ аныхас кодта. Чызджытӕ йӕм бирӕ фарстатӕ фӕлӕвӕрдтой. Иуӕй-иу фарстатӕ уыдысты, се ’мгӕрттӕй алкӕмӕ чи нӕ фӕзындзӕн, ахӕмтӕ, зӕгъӕм, адӕмы цардимӕ ӕмӕ, хъӕлӕс кӕй нӕ кӕнӕм, уыимӕ баст фарстатӕ. Уый фӕстӕ ӕфсымӕр иннӕ ӕфсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын радзырдта, чызджытӕ йӕ цӕмӕй фарстой ӕмӕ сын цы дзуаппытӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй.

Дыккаг бон, хъуыддаг тӕрхондоны ӕвзӕрст куы цыд, уӕд сӕм лӕвӕрдтой, уыцы чызджытӕ сӕм цы фарстатӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕй бирӕтӕ, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бадис кодтой. Нӕ организацийы номӕй чи дзырдта, уыцы ӕфсымӕр загъта: «Ӕз лӕууыдтӕн бӕстӕйы зындгонддӕр юристты раз, ӕмӕ, гӕнӕн уыд, тынг фӕтыхстаин. Фӕлӕ ӕз ӕппындӕр нӕ тыхстӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстон, Йегъовӕ немӕ кӕй ис – иу бон раздӕр нын бацамыдта, цы дзурын хъӕуы, уый».

Тӕрхондон нӕ сӕрыл рахӕцыд, ӕмӕ хъуыддаг фӕстӕмӕ хицауадмӕ арвыстой, цӕмӕй ног уынаффӕ рахастаид.

Пырындзы голлаг

Кеныл цӕуы ӕхсӕз азы ӕмӕ цӕры Гаитийы. Се ’мбырд тагъд рӕстӕджы Паддзахады зал кӕй араздзӕн, уый куы базыдта, уӕд тынг бацин кодта. Йӕхицӕн мысайнӕгты къопп скодта ӕмӕ йӕ йӕ къомнӕты бамбӕхста. Йӕ ныййарджытӕ йын скъоламӕ цы ӕхца лӕвӕрдтой, уыдон-иу нӕ бахардз кодта, фӕлӕ-иу сӕ уыцы къоппы нывӕрдта. Ӕхца ӕмбырд кодта, цалынмӕ аразджыты къорд не ’рцыд, уӕдмӕ. Кен сын йӕ къопп радта, ӕмӕ дзы цы ӕхца уыд, уыдонӕй пырындзы голлаг балхӕдтой. Сихорафон-иу аразджытӕ Кены пырындзӕй конд хӕринаг хордтой, ӕмӕ сын бирӕйы фаг сси.

Генерал бардзырд радта

Фарон Сьерра-Леонейы Эболӕйы вирус кӕм фӕзынд, уыцы районтӕм-иу цӕмӕй адӕймаг бафтыдаид, уый тыххӕй-иу хъуыди бар ракурын. Зӕгъӕм, районон цӕстдарӕджы бахъуыд пропусктӕ райсын, цӕмӕй уыцы районтӕм ацыдаид. Литературӕ ӕмӕ писмотӕ чи ласта, уыдон дӕр-иу пропусктӕ самал кодтой. Ӕххуысы комитеты чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты-иу хъуыди термометртӕ, хлоркӕ ӕмӕ хӕринаг райсын. Диссаг уый у, ӕмӕ-иу уый тыххӕй цы документтӕ хъуыд, уыдон-иу сын алы хатт дӕр радтой.

Иу хабар уӕлдай тынгдӕр бафидар кодта ӕфсымӕрты. Хъуыди сӕ 34 пропускы хицӕн адӕймӕгтӕн, 11 та машинӕтӕн самал кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй писмо ныффыстой. Фӕлӕ хъуамӕ ӕфсады генералимӕ фембӕлдаиккой, цӕмӕй сын бар радтаид. Филиалӕй йӕм дыууӕ ӕфсымӕры бацыдысты, нӕ пропусктӕ райсӕм, зӕгъгӕ. Сӕ писмо сын фӕцагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. Ӕфсымӕртӕн загътой, цӕмӕй йӕ сӕхӕдӕг ацагуырдтаиккой, цы бирӕ писмотӕ дзы уыд, уыдоны ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр не ссардтой. Уӕд генерал йӕ секретарӕн загъта, офис ӕхгӕнгӕ кӕй кӕны ӕмӕ дыууӕ къуырийы писмотӕм кӕй нӕ кӕсдзӕн. Ӕфсымӕртӕ сӕхинымӕр Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтой, цӕмӕй сын сӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кодтаид. Генерал сӕм бакаст ӕмӕ сӕ бафарста: «Цал пропускы уӕ хъӕуы?» Куы йын ӕй загътой, уӕд йӕ бандонӕй сыстад ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уый ӕгӕр бирӕ у!»

Ӕфсымӕртӕ йын бамбарын кодтой, цавӕр хъуыддаджы лӕуд сты ӕмӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц уыцы вирусимӕ тох кӕнынӕн. Генерал иуцасдӕр хъусӕй фӕлӕууыд, стӕй йӕ секретармӕ бакаст ӕмӕ загъта: «Цыдӕриддӕр сӕ хъӕуы, уый сын ратт!»

Паддзахады залмӕ бахизыны размӕ сӕ къухтӕ ныхсынц (Ныгуылӕн Африкӕ)

Гвиней ӕмӕ Сьерра-Леоне: алы ран дӕр Паддзахады залмӕ бахизыны размӕ сӕ къухтӕ ныхсынц

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын