Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 25 статья
  • Цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнон иннӕтӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнон иннӕтӕн?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бирӕтӕ кӕй нӕ зонынц, дыууӕ ахӕм сусӕг хъуыддаджы
  • Иннӕтыл чи тыхсы, уыцы фӕсивӕд
  • Мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?
  • Рӕдау адӕймаг – амондджын адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Фӕрнӕй цӕрын Хуыцауимӕ ӕмӕ мӕ мадимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 25 статья

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнон иннӕтӕн?

  • Бирӕтӕ кӕй нӕ зонынц, дыууӕ ахӕм сусӕгдзинады

  • Иннӕтыл чи тыхсы, уыцы фӕсивӕд

  • Мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

Бирӕтӕ кӕй нӕ зонынц, дыууӕ ахӕм сусӕг хъуыддаджы

1 сусӕгдзинад: Искӕмӕн исты куы раттай, уӕд дын, чи зоны, дӕхицӕн дӕр исты раттой!

Адӕм дын дӕ рӕдаудзинад фендзысты. Уыдон дӕр дӕм рӕдаудзинад равдисдзысты. Библийы уый тыххӕй фыст ис:

  • «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. [...] Уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Лукайы 6:38).

  • «Адӕмӕн уӕхӕдӕг куыд стут, афтӕ уын уыдзысты уыдон дӕр» (Лукайы 6:38, Contemporary English Version).

2 сусӕгдзинад: Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, ӕххуыс кӕныс дӕхицӕн!

Иннӕтӕн исты куы аразай, уӕд дӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ дын уый циндзинад хӕсдзӕн. Библийы уый тыххӕй фыст ис:

  • «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

  • «Куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй» (Лукайы 14:13, 14).

Иннӕтыл чи тыхсы, уыцы фӕсивӕд

Иннӕтыл чи тыхсы, ахӕм фӕсивӕд бирӕ сты! Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны.

«Куы мӕ фӕфӕнды диваныл абадын ӕмӕ телевизормӕ бакӕсын, уӕд ахъуыды кӕнын мамӕ ӕмӕ папӕ куысты кӕй сты ӕмӕ фӕлладӕй кӕй ӕрбацӕудзысты. Уӕд сыстын ӕмӕ тӕбӕгътӕ ныхсын, стӕй пылесос райсын ӕмӕ ӕфснайын райдайын. Уый фӕстӕ та сфыцын кофе, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ ныййарджытӕ бирӕ уарзынц. Мамӕ куыстӕй куы ӕрбацӕуы, уӕд мын фӕзӕгъы: „Куыд сыгъдӕг нӕм у! Куыд хорз тӕф нӕм кӕны. Стыр бузныг дын, мӕ чызг!“ Тынг фӕцин кӕнын, мӕ мад ӕмӕ мӕ фыды зӕрдӕ истӕмӕй куы барухс кӕнын, уӕд» (Кейси).

«Мӕ ныййарджытӕ мын тынг ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй мацы цух уон. Ӕмӕ фарон сӕ машинӕ куы фехӕлд, уӕд сын радтон, цы ӕхца ӕрӕмбырд кодтон, уымӕн йӕ фылдӕр хай, цӕмӕй йӕ сцалцӕг кодтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ мын сӕ истой, фӕлӕ сын сӕ уӕддӕр радтон. Бӕргӕ сын мӕ бон куы уаид фылдӕр истӕмӕй баххуыс кӕнын. Фӕлӕ ууыл дӕр тынг цин кодтон» (Холли).

Зоныс ӕй? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цы фӕсивӕд ис, уыдонӕй бирӕтӕн стыр циндзинад кӕй хӕссы, адӕмӕн Библийы фыст хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый. Чидӕртӕ сӕ ацыдысты, адӕмы Библиимӕ чи зонгӕ, ахӕм адӕм кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы бӕстӕтӕм.

«Иугонд Штаттӕй ацыдтӕн Мексикӕмӕ, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаин Библийы тыххӕй базонынӕн. Иуӕй-иу хатт мӕ бон нӕ вӕййы рӕдаудзинад ӕвдисын, уымӕн ӕмӕ мӕм уыйбӕрц ӕхца ӕмӕ мын уыйбӕрц дзаумӕттӕ нӕй, цӕмӕй дзы искӕмӕн радтон. Фӕлӕ бамбӕрстон, адӕм ахӕм лӕвӕрттӕй тынгдӕр кӕй аргъ кӕнынц, хорз хабар хъусын кӕныныл мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ тыхтӕ кӕй хардз кӕнын, уымӕн» (Эван).

Мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый базонын дӕ фӕнды? Мӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы.

Цӕмӕй дӕ бинонтӕн баххуыс кӕнай, уый тыххӕй:

  • Пол ныппылесос кӕн, тӕбӕгътӕ ныхс кӕнӕ къомнӕт бафснай, куы ничи дын зӕгъа, уӕд

  • Хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕн

  • Дӕ ныййарджытӕн открыткӕйыл ныффысс, кӕй сын аргъ кӕныс

  • Дӕ хо кӕнӕ де ’фсымӕрӕн йӕ уроктӕ скӕнынӕн баххуыс кӕн

Цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнай, уый тыххӕй:

  • Рынчын чи у, уымӕ открыткӕ ныффысс

  • Уӕ ацӕргӕ сыхагмӕ истӕмӕй фӕкӕс

  • Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕймаджы бабӕрӕг кӕн

  • Зын уавӕры чи ис, ахӕм адӕймагӕн исты лӕвар балхӕн

Уынаффӕ: Ӕрхъуыды кӕн, иннӕтӕн ма дӕ бон ноджыдӕр куыд уаид баххуыс кӕнын. Уый фӕстӕ дӕ разы сӕвӕр нысан, цӕмӕй ацы къуыри искӕмӕн баххуыс кӕнай. Чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр бадис кӕнай, уый дын цас циндзинад ӕрхӕсдзӕн, ууыл!

«Иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр амондджын уыдзынӕ. Ӕмбардзынӕ йӕ, цыдӕр дын кӕй бантыст ӕмӕ дын иннӕтӕ дӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕнынц. Чи зоны, раздӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ, ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын афтӕ хорз кӕй у. Дӕхи цӕмӕйдӕр кӕй фӕцух кодтай, уый ӕмбаргӕ кодтай, уымӕн ӕмӕ цы радтай, уымӕй фылдӕр райстай» (Аланӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын