Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 128 статья
  • Библийы удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй исты фыст ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй исты фыст ис?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
    Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 128 статья
Удсыгъдӕггӕнӕн нывгӕнӕджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ

Библийы удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй исты фыст ис?

Дзуапп Библийӕ

Нӕ, уый тыххӕй дзы ницы ис фыст. Библийы дзырд «удсыгъдӕггӕнӕн» не ’мбӕлы, стӕй Библи афтӕ дӕр нӕ зӕгъы, ӕмӕ, чи амард, уыдоны удтӕ ссыгъдӕг вӕййынц удсыгъдӕггӕнӕныa. Библи тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, уый удсыгъдӕггӕнӕны ахуырады ныхмӕ кӕй у.

  • Адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕны, Йесойы тугныккалдыл кӕй феууӕнды, уый, удсыгъдӕггӕнӕн кӕй хонынц, уым цасдӕр рӕстӕг кӕй хъуамӕ уа, уый нӕ, фӕлӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ нӕ «[Хуыцауы] Фырт Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр», стӕй ма дзы афтӕ дӕр фыст ис, зӕгъгӕ нӕ Йесо «Йӕ Туджы руаджы ссӕрибар кодта нӕ тӕригъӕдтӕй» (1 Иоанны 1:7; Раргомад 1:5, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Йесо «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй», ома цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар уой (Матфейы 20:28).

  • Чи амард, уыдон ницыуал ӕмбарынц. «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Чи амард, уый ницыуал фембары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ удсыгъдӕггӕнӕн арты йӕ бон нӕдӕр хъизӕмар кӕнын у, нӕдӕр цин кӕнын.

  • Чи амард, уый йӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд нал ӕййафы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» ӕмӕ «чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар» (Ромӕгтӕм 6:7, 23). Адӕймаг йӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕуы, кӕй амӕлы, уымӕй.

Удсыгъдӕггӕнӕны ахуырад куыд ӕмбарын кӕнынц?

Католикон аргъуаны ахуырадмӕ гӕсгӕ, удсыгъдӕггӕнӕн у, чи амард, уыдоны удтӕ кӕм ссыгъдӕг вӕййынц, ахӕм бынат кӕнӕ уавӕр. Сыгъдӕг кӕнын та, дам, сӕ хъӕуы, хатыргонд сын чи не ’рцыд, уыцы тӕригъӕдтӕйb. «Католикон аргъуаны катехизис»-ы куыд фыст ис, афтӕмӕй, дам, уый ӕнӕмӕнг у, «цӕмӕй уд афтӕ ссыгъдӕг уа, ӕмӕ уӕларвон циндзинадмӕ бацӕуыны аккаг суа». Дарддӕр дзы фыст ис, аргъуаны ахуырады дзырд кӕй цӕуы сыгъдӕггӕнӕн артыл (фенӕн ӕй ис, ацы статьямӕ цы ныв ис, ууыл). Фӕлӕ уый Библийы ахуырад нӕу.

Удсыгъдӕггӕнӕны ахуырад кӕцӕй равзӕрд?

Рагон грекъӕгты уырныдта, удсыгъдӕггӕнӕн кӕй ис. Александриаг Климент грекъаг философийыл хӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзырдта, мӕрдтӕ сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггӕнӕн арты кӕй ссыгъдӕг вӕййынц. Фӕлӕ иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уӕлдайдӕр Ромы папӕ Номдзыд Григорий дзырдта, удсыгъдӕггӕнӕн арт кӕй ис, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕй дызӕрдыг кӕнӕн (The History of Christian Doctrines). Уыцы чиныджы ма фыст ис, зӕгъгӕ, Григорийы фӕхонынц, «удсыгъдӕггӕнӕн чи ӕрхъуыды кодта, уый» (папӕ уыд н. э. 590–604 азты). Католикон Аргъуан удсыгъдӕггӕнӕны ахуырад ӕрфидар кодта Лиойнаг ӕмбырды (1274 аз) ӕмӕ Флоренцийаг ӕмбырды (1439 аз), стӕй та йӕ ногӕй ӕрфидар кодта Тридентаг ӕмбырды (1547 аз).

a Удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, дам, «Евангелиты уый кой ӕппындӕр нӕй» (Orpheus: A General History of Religions). Стӕй ма иу энциклопедийы дӕр фыст ис: «Удсыгъдӕггӕнӕн кӕй ис, уый кой Сыгъдӕг Фыстады никуы ис» («Христианство», 3 т., 233 ф.).

b Кӕс чиныг «Католическая Энциклопедия», 5 т., 235 ф.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын