Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • g18 № 2
  • 11. Куыстуарзаг у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 11. Куыстуарзаг у
  • Райхъал ут! 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
  • УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У
  • ЦЫ ИС САРАЗӔН
  • Дӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Дӕ фыдӕбонӕй дӕ зӕрдӕ райӕд
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Дӕ фыдӕбонӕй райгонд у
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Уӕззау куыст сӕрмӕхӕссинаг нал у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Райхъал ут! 2018
g18 № 2
Ӕрыгон чызг згъоры

Кусын абарӕн ис тренировкӕимӕ – уый дын пайда уыдзӕн абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр

ӔРЫГӔТТӔН

11. Куыстуарзаг у

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Куыстуарзаг адӕм сӕхи куыстӕй нӕ фӕсайынц. Уыдон сӕ куыст зӕрдиагӕй фӕкӕнынц, цӕмӕй сӕхи дарой ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕной, сӕ куыст иннӕты цӕсты кадджын куы нӕ вӕййы, уӕддӕр.

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Фӕнды нӕ ӕви нӕ, уӕддӕр цард афтӕ у, ӕмӕ нӕ нӕхимӕ цавӕрдӕр хӕстӕ исын фӕхъӕуы. Абон бирӕтӕ кусын нӕ уарзынц. Ӕмӕ куыстуарзаг куы уай, уӕд дын уый стыр пайда уыдзӕн (Екклесиаст 3:13).

«Ӕз бамбӕрстон, адӕймаг хорз куы бафыдӕбон кӕны, уӕд йӕхицӕй сӕрыстыр ӕмӕ райгонд кӕй вӕййы. Ӕмӕ ӕз дӕр кусын уый тыххӕй бауарзтон. Кусын куы уарзай, уӕд дын хорз ном уыдзӕн» (Рейон).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 14:23).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй кусын бауарзай.

Дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн, хорз ӕй куы аразай, уӕд. Хӕдзары куыстытӕ кӕнай, дӕ уроктӕ кӕнай кӕнӕ искуы кусай – алцыдӕр зӕрдиагӕй араз. Цы аразыс, уый дын хорз куы рауайа, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон ӕй тагъддӕр ӕмӕ хуыздӕр скӕнын куыд уаид, ууыл. Цы аразыс, уымӕ цас хуыздӕр арӕхсай, уыйас дын дӕ фыдӕбон фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Искуы федтай, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы? Уый хуымӕтӕг адӕмы раз нӕ лӕудзӕн – уый лӕудзӕн паддзӕхты раз» (Ӕмбисӕндтӕ 22:29).

Дӕ фыдӕбон ӕрмӕст дӕхицӕн нӕ хӕссы пайда. Адӕймаг йӕ хӕстӕ хорз куы феххӕст кӕны, уӕд уый пайда ӕрхӕссы иннӕтӕн дӕр. Зӕгъӕм, хӕдзары куыстытӕй-иу исты куы бакӕнай, уӕд-иу иннӕтӕн къаддӕр куыст уыдзӕн.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

Цы дӕ домынц, уымӕй фылдӕр араз. Цы хъӕуы, уый-иу куы саразай, уӕд-иу ууыл ма ’рлӕуу. Архай, цӕмӕй-иу фылдӕр саразай. Уӕд дӕ цардӕн дӕхӕдӕг уыдзынӕ хицау, уымӕн ӕмӕ фылдӕр саразын дӕхи бафӕндыд, фылдӕр дын тыххӕй нӕ саразын кодтой (Матфейы 5:41).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Фӕлӕ мӕ ӕнӕ дӕ бафӕрсгӕйӕ ницы фӕнды аразын, цӕмӕй дын уыцы хорз хъуыддаг тыххӕй кӕнӕгау ма рауайа, фӕлӕ барвӕндонӕй» (Филимонмӕ 14).

Куыстмӕ раст цӕстӕй кӕс. Куыстуарзаг адӕм зивӕггӕнаг не сты, стӕй бон-изӕрмӕ дӕр нӕ фӕкусынц. Уыдон куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсынц: уарзынц бакусын дӕр ӕмӕ сӕ фӕллад суадзын дӕр.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Дӕхи фыдӕбонӕй марыны бӕсты ӕмӕ дымгӕ сурыны бӕсты фӕлтау иу гыццыл баулӕф» (Екклесиаст 4:6).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын