2 ХАЙ
Доны хъаймӕтӕй, Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕды онг
Ӕрмӕстдӕр аст адӕймаджы фервӕзти Доны хъаймӕты. Фӕлӕ рӕстӕг цыд, ӕмӕ та адӕм фӕстӕмӕ сбирӕ сты. Доны хъаймӕтӕй 352 (ӕртӕсӕдӕ фӕндзай дыууӕ) азы фӕстӕ райгуырд Авраам. Мах базондзыстӕм, Хуыцау Авраамӕн куыд загъта, зӕгъгӕ дын фырт Исахъ райгуырдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас ӕцӕгдӕр куыд сӕххӕст кодта. Афтӕ ма Исахъы дыууӕ фыртӕй Хуыцау Иаковы куыд равзӕрста, уый дӕр.
Иаковӕн стыр бинонтӕ уыд, дыууадӕс лӕппуйы ӕмӕ цалдӕр чызджы. Йӕ дӕс фырты сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифы нӕ уарзтой ӕмӕ йӕ Египетмӕ ауӕй кодтой. Фӕстӕдӕр уым Иосиф сси стыр хицау. Ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иосиф бафӕлвӕрдта йе ’фсымӕрты, цӕмӕй базыдтаид, афтӕ дурзӕрдӕ ма сты ӕви нӕ. Ӕппынфӕстаг афтӕ рауад, ӕмӕ Иаковы бинонтӕ, израилӕгтӕ, иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ. Уыцы хабар ӕрцыд Авраамы райгуырдӕй 290 (дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз) азы фӕстӕ.
Уый фӕстӕ 215 (дыууӕсӕдӕ фынддӕс) азы дӕргъы израилӕгтӕ цардысты Египеты. Иосиф куы амард, уӕд сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой. Цасдӕры фӕстӕ райгуырд Моисей, ӕмӕ уый ӕххуысӕй Хуыцау израилӕгты ракодта Египетӕй. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, ДЫККАГ ХАЙЫ дзырд цӕуы, 857 (астсӕдӕ фӕндзай авд) азы дӕргъы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоныл.