Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 11 радз.
  • Фыццаг арвӕрдын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фыццаг арвӕрдын
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Аст адӕймаджы аирвӕзтысты
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Нойы ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар ӕцӕг у ӕви таурӕгъ у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Фӕдзӕхст рагон замантӕй
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 11 радз.
Фыццаг арвӕрдын; Нойы нау сур зӕххыл

11 РАДЗЫРД

Фыццаг арвӕрдын

ЗОНЫС ӔЙ, Ной йӕ бинонтимӕ науӕй куы рахызт, уӕд фыццаджыдӕр цы сарӕзта? Уый ӕрхаста нывонд, кӕнӕ лӕвар, Хуыцауӕн. Бынӕй йӕ нывы уыныс? Ной тынг бузныг уыд Хуыцауӕй, йӕ бинонты йын ӕппӕтдунеон доны хъаймӕты кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ йын фосӕй нывонд ӕрхаста.

Куыд хъуыды кӕныс, йӕ лӕвар Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о. Ӕмӕ раст уый тыххӕй загъта Нойӕн, зӕгъгӕ, ӕз дуне донӕй никуыуал фесафдзынӕн.

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Иегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, уый тыххӕй йын нывонд ӕрхастой

Цасдӕры фӕстӕ, зӕхх иууылдӕр куы басур, уӕд та Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цӕрын райдыдтой науы ӕдде. Хуыцау сын арфӕ ракодта ӕмӕ сын загъта: «Цалынмӕ ӕгас зӕхх дӕр нӕ байдзаг уа, уӕдмӕ цот кӕнут ӕмӕ арут сывӕллӕттӕ».

Фӕлӕ фӕстӕдӕр адӕм уыцы доны хъаймӕты тыххӕй куы фехъуыстаиккой, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕтарстаиккой, ахӕм бӕллӕх та куы ’рцӕуа, уымӕй. Ӕмӕ цӕмӕй ма тарстаиккой, уый тыххӕй сын Хуыцау радта нысан. Адӕм-иу уыцы нысан куы федтаиккой, уӕд-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаиккой Хуыцауы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дуне донӕй никуыуал фесафдзынӕн. Куыд хъуыды кӕныс, цы уыд уыцы нысан? Арвӕрдын.

Арӕх фӕскъӕвда хур куы ракӕсы, уӕд арвыл фӕзыны арвӕрдын дӕр. Арвӕрдыны вӕййы бирӕ алыхуызон рӕсугъд хуызтӕ. Искуы федтай арвӕрдын? Ацы нывы йӕ уыныс?

Мӕнӕ цы загъта Хуыцау: «Ӕз дзырд дӕттын, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты донӕй кӕй никуыуал фесафдзынӕн. Мигътыл ӕвӕрын мӕ ӕрдын. Ӕмӕ-иу арвӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу ӕрхъуыды кӕндзынӕн мӕ зӕрдӕвӕрд».

Уӕдӕ-иу ныр арвӕрдын куы фенай, уӕд-иу дын дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ӕрлӕууын кӕна? Раст зӕгъыс – Хуыцауы зӕрдӕвӕрд, дуне донӕй кӕй никуыуал фесафдзӕн.

Уӕвынад 8:18–22; 9:9–17.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын