Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 6 сӕр, 20 ф.–21 ф., 5 абз.
  • Аст адӕймаджы аирвӕзтысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Аст адӕймаджы аирвӕзтысты
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ной сарӕзта нау
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ной аразы нау
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 6 сӕр, 20 ф.–21 ф., 5 абз.
Къӕвда уары ӕмӕ нау доныл ленк кӕны

6 СӔРГОНД

Аст адӕймаджы аирвӕзтысты

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй цӕрӕгойтӕ науӕй рацӕуынц

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй цӕрӕгойтӕ дӕр наумӕ бацыдысты. Йегъовӕ науы дуар сӕхгӕдта ӕмӕ къӕвда уарын райдыдта. Афтӕ тынг уарыд, ӕмӕ дон нау уӕлӕмӕ систа, ӕмӕ нау ленк кӕнын райдыдта. Ӕппынфӕстаг зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕци. Наумӕ чи нӕ бацыд, уыцы ӕвзӕр адӕм иууылдӕр амардысты. Фӕлӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы кӕй уыдысты, уый фӕрцы аирвӕзтысты. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕмӕ кӕй байхъуыстой, ууыл куыд тынг цин кодтаиккой!

Къӕвда фӕуарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы, ӕмӕ стӕй банцад. Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта, ӕмӕ фӕстагмӕ нау ӕрлӕууыд хӕхты сӕр. Фӕлӕ ма уӕддӕр зӕххыл уыди тынг бирӕ дон, ӕмӕ уый тыххӕй Нойӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ бон ӕддӕмӕ рахизын нӕ уыд.

Гыццылгай зӕхх бахус. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы мидӕг фесты иу азӕй фылдӕр. Стӕй сын Йегъовӕ загъта, ныр сӕ бон науӕй рахизын кӕй у. Йегъовӕ сӕ кӕй аирвӕзын кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ йын нывонд ӕрхастой.

Арвӕрдын

Йегъовӕ цин кодта, нывонд ын кӕй ӕрхастой, ууыл. Йегъовӕ расомы кодта, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый Доны хъаймӕты кӕй нал фесафдзӕн. Ӕмӕ кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый тыххӕй арвыл фӕзынын кодта арвӕрдын. Арвӕрдын искуы федтай?

Йегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауагътаиккой ӕмӕ зӕхх адӕмӕй байдзаг кодтаиккой.

«Ной наумӕ... бацыд... [Адӕммӕ та] нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:38, 39)

Фарстатӕ. Йегъовӕ науы дуар куы сӕхгӕдта, уӕд уый фӕстӕ цы ’рцыд? Арвӕрдын-иу куы фенӕм, уӕд-иу цы хъуамӕ ӕрхъуыды кӕнӕм?

Райдиан 7:1–9:17

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын