Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 7 ур., 12–13 фф.
  • Фӕдзӕхст рагон замантӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фӕдзӕхст рагон замантӕй
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Ной сарӕзта нау
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 7 ур., 12–13 фф.

7 УРОК

Фӕдзӕхст рагон замантӕй

Иегъовӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр адӕм Дзӕнӕт фесафой. Уым цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр йӕ хӕлӕрттӕ. Уӕдӕ ӕвзӕр адӕм та цы фӕуыдзысты? Дзуапп базонынӕн ӕркӕсӕм, Нойы бонты цы цау ӕрцыд, уымӕ. Ной цард бирӕ миназты размӕ. Уый уыд хорз адӕймаг ӕмӕ алкӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдта Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Иннӕ адӕм та кодтой ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Уӕд Иегъовӕ Нойӕн загъта, ӕппӕт фыдгӕнджыты скуынӕг кӕнынӕн доны хъаймӕт рауадзынмӕ кӕй хъавы. Уый Нойӕн бабар кодта ковчег саразын, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ Доны хъаймӕты рӕстӕджы удӕгасӕй баззадаид (Уӕвынад 6:9—18).

Ной йӕ бинонтимӕ цӕрӕгойты наумӕ куыд кӕны, уый фыдгӕнджытӕ уынынц, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ фӕдзӕхст ницӕмӕ дарынц

Ной йӕ бинонтимӕ сарӕзта ковчег. Ной адӕмӕн дзырдта, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, фӕлӕ йӕм ничи хъуыста. Уыдон дарддӕр дӕр сӕ фыдхъуыддӕгтӕ кодтой. Ковчег арӕзт куы фӕци, уӕд дзы Ной бакодта цӕрӕгойты, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ бинонтимӕ бацыд. Уӕд Иегъовӕ рауагъта тӕрккъӕвда. Къӕвда уарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы. Зӕхх ӕгасӕй дӕр доны бын фӕцис (Уӕвынад 7:7—12).

Фыдгӕнджытӕ куынӕггонд ӕрцыдысты, фӕлӕ Ной йӕ бинонтимӕ фервӕзт. Иегъовӕ сӕ бахъахъхъӕдта Доны хъаймӕты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта, фыддзинад кӕм нал уыд, ахӕм зӕххыл (Уӕвынад 7:22, 23). Библи дзуры, зӕгъгӕ, ӕрцӕудзӕн рӕстӕг, ӕмӕ та Иегъовӕ ногӕй фыдгӕнджыты скуынӕг кӕндзӕн. Хорз адӕм куынӕггонд не ’рцӕудзысты. Уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты дзӕнӕтон зӕххыл (2 Петры 2:5, 6, 9).

Абон бирӕ адӕм кӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Адӕм мастӕй сӕ хъуырмӕ сты. Иегъовӕ алы бон дӕр адӕммӕ ӕрвиты йӕ Ӕвдисӕнты, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхсой, фӕлӕ сӕ фылдӕр Иегъовӕйы ныхӕстӕм нӕ хъусынц. Уыдоны нӕ фӕнды се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Уыдон нӕ разы кӕнынц, Хуыцау хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, ууыл. Цы ’рцӕудзӕн уыцы адӕмыл? Искуы аивдзысты? Бирӕтӕ никуы. Тагъд фыдгӕнджытӕ куынӕггонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ никуыуал уыдзысты (Псалом 91:8).

Зӕхх куынӕггонд не ’рцӕудзӕн; уый суыдзӕн дзӕнӕт. Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕнустӕм цӕрдзысты Дзӕнӕты зӕххыл (Псалом 36:29).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын