Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 15 радз.
  • Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕ
    Нывтӕй конд радзырдтӕ
  • Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут сӕ маст сфӕразынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 15 радз.
Лоты ус Содомы ’рдӕм фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ фестад цӕхдур

15 РАДЗЫРД

Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст

ЛОТ ӕмӕ йӕ бинонтӕ Авраамимӕ иумӕ цардысты Ханааны зӕххыл. Иу бон Авраам Лотӕн загъта: «Нӕ фаг кӕны ацы зӕхх нӕ фосӕн. Дӕ хорзӕхӕй, фӕхицӕнтӕ уӕм. Кӕд ды иуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та – иннӕрдӕм».

Лот йӕ алфамбылай зӕххыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта, фосӕн хорз хизӕн сӕрвӕттӕ ӕмӕ дон парахатӕй кӕм уыд, ахӕм хъӕздыг зӕххытӕ. Уый уыд Иорданы цӕугӕдоны алфамбылай. Уӕд Лот сыстад ӕмӕ ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фос араст уырдӕм. Фӕстагмӕ уыдон ӕрцардысты сахар Содомы.

Содомы цӕрджытӕ уыдысты тынг ӕвзӕр. Уый хъыг уыд Лотӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг хорз адӕймаг уыд. Уый ма хъыг уыд Хуыцауӕн дӕр. Иу бон Хуыцау дыууӕ зӕды арвыста Лотмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кодтаиккой, Содом ӕмӕ йӕ фарсмӕ ӕндӕр сахар Гоморрӕ се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй фесафынвӕнд кӕй скодта, уый.

Зӕдтӕ загътой Лотӕн: «Фӕтагъд кӕн! Ракӕн дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызджы ӕмӕ ацу ардыгӕй!» Фӕлӕ Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕй нӕ тагъд кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын зӕдтӕ сӕ къухтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ ракодтой сахарӕй. Уый фӕстӕ сын зӕдтӕй иу загъта: «Лидзгӕ ут! Фӕстӕмӕ ма фӕкӕсут. Лидзгӕ ут хӕхтӕм, науӕд сӕфут».

Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ Содомӕй фӕлидзынц ӕмӕ размӕ кӕсынц

Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ байхъуыстой зӕды ныхӕстӕм ӕмӕ алыгъдысты Содомӕй. Уыдон иу уысм дӕр не ’рлӕууыдысты ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ фӕкастысты. Фӕлӕ Лоты ус нӕ байхъуыста. Содомӕй иу дзӕвгар куы адард сты, уӕд ӕрлӕууыд ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст. Ӕмӕ фестад цӕхдур. Уыныс ӕй нывы?

Уый махӕн у хорз зондзонӕн. Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн, чи йӕм хъусы, уыдоны. Чи йӕм нӕ хъусы, уыдон та фесӕфдзысты.

Уӕвынад 13:5–13; 18:20–33; 19:1–29; Лукайы 17:28–32; 2 Петры 2:6–8.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын