Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 4 сӕр, 7 ф.
  • Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи уыд Авраам?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 4 сӕр, 7 ф.
Авраам кӕсы стъалытӕм

4 СӔР

Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд

Авраам Хуыцауыл баууӕндыд ӕмӕ йӕ коммӕ бакаст; Йегъовӕ йын загъта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ цот кӕй сбирӕ кӕндзӕн

ДОНЫ хъаймӕтӕй рацыд иу-350 азы бӕрц. Авраам царди хъӕздыг горӕт Уры (ныртӕккӕ уыцы бынат хауы Иракмӕ). Авраам Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ иухатт йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд.

Йегъовӕ Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагътаид ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ, Ханаанмӕ, ацыдаид. Авраам ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй сразы. Йӕ ус Саррӕ, йе ’фсымӕры лӕппу Лот ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дар акодта дард фӕндагыл. Ӕппынфӕстаг сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ханааны ӕмӕ уым ӕрцардысты. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгты йын кӕй сбирӕ кӕндзӕн ӕмӕ Ханааны зӕхх сӕхи кӕй бакӕндзысты. Стӕй ма Авраамӕн загъта, йӕ фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты.

Авраам ӕмӕ Лот хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кодтой ӕмӕ сӕм фӕзынд бирӕ фос. Авраам хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди ӕмӕ Лотӕн загъта, цӕмӕй ӕрцардаид, йӕ зӕрдӕмӕ цы зӕххытӕ цыдысты, уым. Лот равзӕрста Иорданы цӕугӕдонмӕ ’ввахс бӕркадджын зӕххытӕ ӕмӕ горӕт Содоммӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта. Фӕлӕ уыцы горӕты цӕрджытӕ уыдысты тынг хӕлд ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты стыр тӕригъӕдтӕ кодтой.

Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ ногӕй Авраамӕн загъта, йӕ байзӕддӕгтӕ стъалытау кӕй сбирӕ уыдзысты. Авраам Хуыцауы ныхасыл баууӕндыд. Фӕлӕ йӕ уарзон бинойнаг Саррӕ ӕнӕзӕнӕг уыди. Авраамыл 99 азы куы цыд, Саррӕйыл та 90 азмӕ ’ввахс, уӕд ын Хуыцау загъта, Саррӕйӕн кӕй райгуырдзӕн лӕппу. Хуыцауы ныхас нӕ фӕмӕнг – Саррӕйӕн райгуырд Исахъ. Авраамӕн ма ноджыдӕр уыди сывӕллӕттӕ, фӕлӕ Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй бавӕрдта, уый хъуамӕ фӕзындаид Исахъы цотӕй.

Уыцы рӕстӕг Лот йӕ бинонтимӕ царди Содомы, фӕлӕ раст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы горӕты хӕлд цӕрджыты хуызӕн не сси. Йегъовӕ Содом фесафынвӕнд куы скодта, уӕд йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй Лоты бафӕдзӕхстаиккой. Зӕдтӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ горӕтӕй алыгъдаид ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкастаид. Уый фӕстӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл къӕвдайау ныккалдта зынг. Чи дзы цард, уыдон иууылдӕр амардысты. Фервӕзтысты ма Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы. Лоты усӕн та йӕ зӕрдӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕм ӕхсайдта ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкасти. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй фесӕфт.

Райдиан 11:10–19:38.

  • Авраам Ханаанмӕ цӕмӕн алыгъд?

  • Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

  • Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ цӕмӕн фесӕфта?

ХУЫЦАУ САРӔЗТА БАДЗЫРДТӔ

Раджы заманты-иу дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзиимӕ цыдӕр хъуыддаджы разы кӕй уыдысты, уый фӕдыл-иу сарӕзтой бадзырд. Йегъовӕ дӕр-иу йӕ лӕггадгӕнджытимӕ сарӕзта бадзырдтӕ, ома-иу сын цыдӕр хъуыддаджы тыххӕй расомы кодта. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ уыцы бадзырдты руаджы сындӕггай ӕмбарын кодта, Едемы цӕхӕрадоны Байзӕддаджы тыххӕй цы загъта, уый куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уый. Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд сарӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй бавӕрдта, уый йӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн. Фӕстӕдӕр цы бадзырдтӕ скодта, уыдоны фӕрцы уыди базонӕн, уыцы Ирвӕзынгӕнӕг чи хъуамӕ уыдаид, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын