Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 20 радз.
  • Динӕйыл ӕрцыд ӕнамонд хабар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Динӕйыл ӕрцыд ӕнамонд хабар
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй дӕхи хиз!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • «Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Иаковы стыр бинонтӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ӕдасдзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн агур
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 20 радз.
Динӕ ӕмӕ Сихем

20 РАДЗЫРД

Динӕйыл ӕрцыд ӕнамонд хабар

ӔРКӔС МА, уый кӕмӕ фӕцӕуы Динӕ уазӕгуаты? Ханаайнаг чызджытӕм. Цымӕ уый йӕ фыд Иаковы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп раттай, уый тыххӕй ма ӕрхъуыды кӕн, ханаайнаг сылгоймӕгты тыххӕй Авраам ӕмӕ Исахъ цы хъуыды кодтой, уый.

Ӕртӕ ханаайнаг чызджы

Мыййаг, Авраамы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырт Исахъ Ханаанӕй ӕрхастаид йӕхицӕн ус? Нӕ. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы та? Уыдон дӕр нӕ арвыстой сӕ фырт Иаковы ханаайнаг чызг курынмӕ. Зоныс, цӕуылнӕ?

Уымӕн ӕмӕ Ханааны адӕм куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уыдон нӕ уыдысты хорз адӕм, ӕмӕ израилӕгтӕн нӕдӕр сиахсӕн бӕззыдысты, нӕдӕр – чындзӕн, нӕ сын бӕззыдысты ӕввахс хӕлӕрттӕн дӕр. Уӕдӕ Иаков уый куы базыдтаид, ӕмӕ йӕ чызг ханаайнаг чызджытимӕ лымӕн у, уӕд ын, ай-гъай дӕр, нӕ уыдаид ӕхсызгон.

Уӕвгӕ, диссаг нӕу, Динӕйыл ӕнамонд хабар кӕй ӕрцыд. Нывы уыныс, Динӕмӕ цы ханаайнаг нӕлгоймаг кӕсы, уый? Йӕ ном Сихем хуыйны. Иу хатт та сӕм Динӕ уазӕгуаты куы бацыд, уӕд ӕй Сихем ӕрцахста ӕмӕ йӕ йемӕ схуыссын кодта. Уый уыди тынг ӕвзӕр хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ иумӕ хуыссыны бар ис, ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ ус чи сты, уыдонӕн. Сихем Динӕйӕн ахӕм ми кӕй бакодта, уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм.

Динӕйы ӕфсымӕртӕ хабар куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт. Уӕлдайдӕр та йе ’фсымӕртӕй дыууӕ – Симеон ӕмӕ Левий,– афтӕ смӕсты сты, ӕмӕ сахармӕ хъаматимӕ балӕбурдтой ӕмӕ нӕлгоймӕгты цӕгъдын райдыдтой. Уыдон сӕ иннӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ амардтой Сихемы ӕмӕ сахары ӕппӕт нӕлгоймӕгты дӕр. Иаковӕн тынг зын уыд, йӕ фырттӕ ахӕм ӕгъатыр ми кӕй бакодтой, уый.

Фӕлӕ цӕмӕй райдыдтой ацы бӕллӕхтӕ? Динӕйы хӕлӕрттӕ, Хуыцауы закъӕттӕм чи нӕ хъуыста, уыцы адӕмӕй кӕй уыдысты, уымӕй. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ахӕм хӕлӕрттӕ уа, афтӕ нӕу?

Уӕвынад 34:1–31.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын