Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 36 радз.
  • Сыгъзӕрин род

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сыгъзӕрин род
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Израилӕгтӕ сызгъӕрин род сарӕзтой
    Нывтӕй конд радзырдтӕ
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 36 радз.
Израилӕгтӕ сызгъӕрин родӕн кувынц, йӕ алыварс зарынц ӕмӕ кафынц

36 РАДЗЫРД

Сыгъзӕрин род

ӔЛЛӔХ! Ӕллӕх! Уый цы ми кӕнынц адӕм? Родӕн кувынц! Цӕмӕн?

Моисей хохыл ӕгӕр куы фӕстиат кодта, уӕд адӕм загътой:

– Моисейыл цы ’рцыд, уый бӕрӕг нӕу. Уӕдӕ саразӕм нӕхицӕн, ацы зӕххӕй нӕ чи акӕна, ахӕм хуыцау.

– Хорз,– сразы сӕ фӕндыл Моисейы ӕфсымӕр Аарон.– Рафтаут уӕ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мӕм сӕ ардӕм ӕрбахӕссут.

Адӕм сӕ сыгъзӕринтӕ Ааронмӕ куы бахастой, уӕд сӕ уый бадон кодта ӕмӕ дзы сыгъзӕрин род сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Ай у нӕ Хуыцау, Египетӕй нӕ чи ракодта!» Уый фӕстӕ куывд скодтой ӕмӕ кувын райдыдтой сыгъзӕрин родӕн.

Иегъовӕ уый куы федта, уӕд тынг смӕсты ӕмӕ загъта Моисейӕн: «Фӕтагъд кӕн, тагъддӕр сӕм ныххиз. Адӕм тынг ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтой. Мӕ закъӕттӕ мын ферох кодтой ӕмӕ сӕ зонгуытыл хауынц сыгъзӕрин роды раз».

Моисей асаста, дӕс фӕдзӕхсты цы дыууӕ тъӕпӕн дурыл уыдысты фыст, уыдон

Моисей уыцы тӕккӕ ӕрцыд хохӕй. Ӕмӕ сӕм куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ уыны диссаг: адӕм зарынц ӕмӕ кафынц сыгъзӕрин роды алыварс! Моисей фырмӕстӕй зӕххыл ныццавта, дӕс фӕдзӕхсты цы дыууӕ тъӕпӕн дурыл уыдысты фыст, уыдон, ӕмӕ нызгъӕлӕнтӕ сты. Уый фӕстӕ райста сыгъзӕрин род ӕмӕ йӕ бадон кодта. Цы ма дзы баззад, уый та фӕнык фестын кодта.

Адӕм тынг ӕвирхъау ми бакодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Моисей цалдӕр нӕлгоймагӕн дӕтты бардзырд, цӕмӕй райсой сӕ цирхъытӕ. «Сыгъзӕрин родӕн чи куывта, уыцы ӕвзӕр адӕмы амарут». Ӕмӕ уыдон ныццагътой 3 000 (ӕртӕ мин) адӕймаджы! Цымӕ нӕ ацы цау ууыл нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй мӕнг хуыцӕуттӕн ма кувӕм, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн?

Рацыд 32:1–35.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын