24 СӔРГОНД
Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой
Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Хохмӕ мӕм ссу. Ӕз мӕ закъӕттӕ къӕйдуртыл ныффысдзынӕн ӕмӕ дын сӕ ратдзынӕн». Моисей хохмӕ ссыд ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы уым фӕци. Йегъовӕ йын къӕйдуртыл, ома тъӕпӕн дуртыл, Дӕс фӕдзӕхсты ныффыста ӕмӕ йын сӕ радта.
Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Моисей ныууагъта. Уыдон Ааронӕн загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа!» Аарон сын загъта: «Уӕ сызгъӕринтӕ мӕм ӕрбахӕссут». Аарон сызгъӕрин батайын кодта ӕмӕ дзы род сарӕзта. Ӕмӕ уӕд адӕм загътой: «Ацы род у нӕ Хуыцау. Уый нӕ ракодта Египетӕй!» Израилӕгтӕ уыцы родӕн кувын райдыдтой ӕмӕ йын йӕ номыл бӕрӕгбон скодтой. Цымӕ афтӕ кӕй бакодтой, уым ӕвзӕрӕй исты уыд? О, уымӕн ӕмӕ уый размӕ дзырд радтой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой.
Йегъовӕ федта, израилӕгтӕ цытӕ кусынц, уый ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Ацу уыцы адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ мӕм уыдон нал хъусынц ӕмӕ мӕнгхуыцауӕн кувынц». Моисей райста, Хуыцау ын кӕй радта, уыцы дыууӕ къӕйдуры ӕмӕ хохӕй уайтагъд ӕрцыд.
Цатыртӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, уырдӕм хӕстӕг куы уыд, уӕд адӕмы зарын фехъуыста. Стӕй федта, адӕм роды алыварс куыд кафынц ӕмӕ йын куыд кувынц, уый. Моисей афтӕ тынг смӕсты ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты. Цы род сарӕзтой, уый та арты басыгъта. Моисей Аароны бафарста: «Цы дын бакодтой ацы адӕм, ахӕм ӕвзӕр хъуыддагыл сӕ куыд бафтыдтай?» Аарон загъта: «Ма мӕсты кӕн. Дӕхӕдӕг дӕр ацы адӕмы хорз зоныс. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сын хуыцау сарӕзтаин. Ӕз дӕр сын сӕ сызгъӕринтӕ арты баппӕрстон, ӕмӕ дзы мӕнӕ ацы род рауад!» Аарон афтӕ кӕй бакодта, уымӕй тынг фӕрӕдыд. Моисей фӕстӕмӕ хохмӕ ссыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгтӕн ныххатыр кодтаид.
Йегъовӕ ныххатыр кодта, йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Уыныс ӕй, куыд ахсджиаг уыд, цӕмӕй израилӕгтӕ Моисеймӕ хъуыстаиккой?
«Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн» (Екклесиаст 5:4)