Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 18 сӕр, 48 ф.–49 ф., 4 абз.
  • Судзгӕ къутӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Судзгӕ къутӕр
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Судзгӕ къутӕр
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Моисей цӕмӕн алыгъди
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Моисей – уарзӕгой адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 18 сӕр, 48 ф.–49 ф., 4 абз.
Моисей судзгӕ къутӕры раз

18 СӔРГОНД

Судзгӕ къутӕр

Мадиамы Моисей фӕцард 40 азы. Уым ус ракуырдта ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ райгуырд. Иу бон Синайы хохмӕ хӕстӕг йӕ фыстӕ куы хызта, уӕд ыл ӕрцыд иу диссаг. Моисей федта иу судзгӕ къутӕр. Уыцы къутӕр сыгъди ӕмӕ сыгъди, ӕмӕ йын басудзӕн нӕ уыд! Моисей йӕм хӕстӕгдӕр бацыд, ай цы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕм уӕд къутӕрӕй кӕйдӕр хъӕлӕс райхъуыст: «Моисей! Хӕстӕгдӕр мауал бацу. Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ ды лӕууыс сыгъдӕг бынаты». Йемӕ зӕды уылты дзырдта Йегъовӕ.

Моисей фӕтарст ӕмӕ йӕ цӕсгом бамбӕрзта. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз федтон, израилӕгтӕ Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый. Ӕз сӕ египетӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ хорз зӕхмӕ бакӕндзынӕн. Мӕ адӕмы мын Египетӕй ды ракӕндзынӕ». Моисей, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кодта.

Уый Хуыцауы бафарста: «Ӕмӕ мӕ адӕм куы бафӕрсой, чи мӕ рарвыста, уымӕй, уӕд-иу сын цы зӕгъон?» Хуыцау ын загъта: «Зӕгъ-иу сын, кӕй дӕ рарвыста Йегъовӕ – Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей та йӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ мӕм адӕм куы нӕ байхъусой, уӕд та?» Уӕд ын Йегъовӕ равдыста, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, уый. Хуыцау ын загъта, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ аппӕрстаид. Ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад! Ӕмӕ Моисей калмы йӕ къӕдзилӕй куы рацахста, уӕд калм фӕстӕмӕ лӕдзӕг фестад. Йегъовӕ загъта: «Ацы диссаг сын куы равдисай, уӕд сӕ бауырндзӕн, ӕз дӕ кӕй рарвыстон».

Моисей загъта: «Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн». Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый, стӕй ма дын де ’фсымӕр Аароны дӕр демӕ арвитдзынӕн». Ныр Моисей зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхт.

«Тӕрхонмӕ [уӕ] куы раттой, уӕд-иу, цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут» (Матфейы 10:19)

Фарстатӕ. Моисей йӕ фыстӕ куы хызта, уӕд цы федта? Йегъовӕ Моисейӕн цы бахӕс кодта?

Рацыд 3:1–4:20; Хъуыддӕгтӕ 7:30–36

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын