Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 30 радз.
  • Судзгӕ къутӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Судзгӕ къутӕр
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Судзгӕ къутӕр
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Моисей цӕмӕн алыгъди
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Моисей – уарзӕгой адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 30 радз.
Моисей ӕмӕ судзгӕ къутӕр

30 РАДЗЫРД

Судзгӕ къутӕр

ЙӔ ФЫСТӔН хуыздӕр хизӕн агургӕйӕ, Моисей бахӕццӕ Хоривы хохмӕ. Уым уыны ӕнахуыр цыдӕр – къутӕр судзы, фӕлӕ нӕ сыгъды кӕны!

«Диссаг,– ахъуыды кодта Моисей.– Цом ма, хӕстӕгдӕр ӕм бацӕуон ӕмӕ йӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсон». Фӕлӕ йӕм куыд фӕцӕйхӕстӕг кодта, афтӕ къутӕрӕй райхъуыст хъӕлӕс: «Хӕстӕгдӕр мауал ӕрбацу. Ралас дӕ дзабыртӕ, уымӕн ӕмӕ кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг бынат у». Уый йӕм Хуыцау дзырдта йӕ зӕды уылты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Моисей йӕ цӕсгом бамбӕхста.

Дарддӕр Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый. Хъуамӕ сӕ фервӕзын кӕнон. Ды мын ракӕндзынӕ мӕ адӕмы Египетӕй». О, Иегъовӕйы фӕндыд йӕ адӕмы Ханааны рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг зӕхмӕ ӕркӕнын.

Фӕлӕ йын Моисей загъта:

– Чи дӕн ӕз? Куыд бакӕндзынӕн ӕз ахӕм стыр хъуыддаг? Ӕз ацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ израилӕгтӕ куы бафӕрсой: «Чи дӕ рарвыста?» Уӕд-иу сын цы зӕгъон?

– Зӕгъдзынӕ сын,– дзуапп радта Хуыцау,– ИЕГЪОВӔ, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ.

Ӕмӕ уый фӕстӕ Иегъовӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта:

– Уый у мӕ ном ӕнустӕм.

– Фӕлӕ мӕ ды кӕй рарвыстай, ууыл куы нӕ баууӕндой, уӕд та?– загъта Моисей.

– Уый дӕ къухы цы ис?– бафарста йӕ Хуыцау.

– Лӕдзӕг,– дзуапп радта Моисей.

– Аппар ма йӕ зӕхмӕ,– загъта йын Хуыцау. Моисей аппӕрста йӕ лӕдзӕг, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад. Уый фӕстӕ Иегъовӕ Моисейӕн равдыста ӕндӕр диссаг дӕр.

Хуыцау ын загъта: «Дӕ къух ма дӕ дӕлармы бакӕн». Моисей дӕр афтӕ бакодта. Ӕмӕ йӕ къух фӕстӕмӕ куы райста, уӕд ын митау урс-урсид фестад! Цыма йын хӕлгӕ фӕкодта ӕмӕ йыл хъотыр бахӕцыд, уыйау. Уымӕй дарддӕр Иегъовӕ Моисейӕн радта ӕртыккаг диссаг саразыны хъару. Уый фӕстӕ йын загъта: «Ацы диссӕгтӕ куы равдисай израилӕгтӕн, уӕд сӕ бауырндзӕн, ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый».

Моисей аздӕхт хӕдзармӕ ӕмӕ Иофорӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, бар мын ратт, цӕмӕй Египетмӕ мӕ хӕстӕджытӕм аздӕхон, ӕмӕ сӕ бабӕрӕг кӕнон». Уыйадыл Иофорӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ араст.

Рацыд 3:1–22; 4:1–20.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын