Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 29 радз.
  • Моисей цӕмӕн алыгъди

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Моисей цӕмӕн алыгъди
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Судзгӕ къутӕр
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Судзгӕ къутӕр
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Моисейы уырнындзинад фӕзмут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 29 радз.
Моисей Египетӕй фӕлидзы

29 РАДЗЫРД

Моисей цӕмӕн алыгъди

КӔС МА, Моисей Египетӕй фӕлидзы. Уыныс, фӕстейӕ йӕ куыд фӕсурынц? Моисейы марын сӕ цӕмӕн фӕнды, уый зоныс? Цӕй ӕмӕ йӕ иумӕ базонӕм.

Моисей схъомыл Египеты хицауы, фараоны, хӕдзары. Уый сси тынг зондджын ӕмӕ зындгонд лӕг. Фӕлӕ Моисей зыдта, египетаг кӕй нӕу, йӕ ӕцӕг ныййарджытӕ израилаг цагъартӕ кӕй уыдысты, уый.

Моисейыл 40 (дыууиссӕдз) азы куы цыд, уӕд иу бон сфӕнд кодта ацӕуын ӕмӕ, йӕ адӕм куыд цӕрынц, уый фенын. Уыдон уыдысты ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Моисей федта, египетаг йӕ цагъары, израиладжы, куыд надта, уый. Моисей йӕ алыварс йӕ цӕст ахаста ӕмӕ дзы куы ничи уыд, уӕд египетаджы фӕцӕф кодта, ӕмӕ лӕг фӕмард. Уый фӕстӕ йын йӕ мард змисы баныгӕдта.

Дыккаг бон дӕр та Моисей рацыд йӕ адӕмы бабӕрӕг кӕнынмӕ. Уый ӕнхъӕлдта, ӕмӕ сын йӕ бон бауыдзӕн баххуыс кӕнын цагъарадӕй фервӕзынӕн. Фӕлӕ уым хылгӕнгӕ федта дыууӕ израиладжы. Ӕмӕ хылгӕнджытӕй раст чи нӕ уыд, уымӕн загъта: «Цӕмӕн нӕмыс де ’фсымӕры?»

– Чи дӕ сӕвӕрдта махыл хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?– дзуапп ын радта уыцы израилаг.– Ӕви египетаджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ марынмӕ хъавыс?

Моисей тынг фӕтарст. Цы бамбарын ма йын хъуыд, египетаджы кӕй амардта, уый адӕм кӕй базыдтой. Суанг ма фараонмӕ дӕр фӕхӕццӕ уыцы хабар, ӕмӕ уый йӕ адӕмы арвыста Моисейы амарынмӕ. Уӕдӕ гъе уый тыххӕй бахъуыд Моисейы Египетӕй алидзын.

Египетӕй Моисей алыгъд дард Мадиамы зӕхмӕ. Уым базонгӕ Иофоры бинонтимӕ ӕмӕ йын йӕ чызг Сепфорӕйы йӕхицӕн усӕн ракуырдта. Моисей сси фысгӕс, хызта Иофоры фыстӕ. Дыууиссӕдз азы дӕргъы фӕцард Мадиамы зӕххыл. Ныр ыл цӕуы ӕстай азы. Иу хатт Моисей Иофоры фыстӕ куы хызта, уӕд ыл ахӕм диссаджы хабар ӕрцыд, ӕмӕ йын йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Рафӕлдах иннӕ фарс ӕмӕ базондзынӕ, уыцы хабар цы уыд, уый.

Рацыд 2:11–25; Куыстытӕ 7:22–29.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын