Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 57 радз.
  • Хуыцау равзӕрста Давиды

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау равзӕрста Давиды
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Давид ӕмӕ Голиаф
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Кӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • «Стыр кодта Йегъовӕйы раз»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 57 радз.
Давид арсы амардта ӕмӕ уӕрыччы фервӕзын кодта

57 РАДЗЫРД

Хуыцау равзӕрста Давиды

УЫНЫС, цы ’рцыд? Лӕппу уӕрыччы байста арсы дзӕмбытӕй. Арс сӕрвӕтмӕ ’рцыд, уӕрыччы ахаста ӕмӕ йӕ бахӕрынмӕ хъавыд. Фӕлӕ йӕ лӕппу фӕстейӕ асырдта, ӕмӕ уӕрыччы арсы дзыхӕй байста. Арс йӕ фӕстаг дзӕмбытыл куы слӕууыд, уӕд ӕй лӕппу фӕцӕф кодта ӕмӕ йӕ амардта! Иу хатт та фысы байста домбайы дзыхӕй. Цӕй хъӕбатыр лӕппу у, нӕ? Зоныс ӕй, чи у?

Уый у ӕвзонг Давид. Цӕры Вифлеемы сахары. Йӕ фыдыфыд Овид уыди Руф ӕмӕ Воозы фырт. Хъуыды ма сӕ кӕныс? Давидӕн йӕ фыд та у Иессей. Давид хизы йӕ фыды фыстӕ. Давид райгуырд, Иегъовӕ Саулы паддзахӕй куы равзӕрста, уымӕй дӕс азы фӕстӕ.

Рацыд цасдӕр рӕстӕг, ӕмӕ Иегъовӕ Самуилӕн загъта: «Райс демӕ сӕрмагонд зети ӕмӕ ацу Вифлееммӕ Иессейы хӕдзармӕ. Йӕ фырттӕй йын иуы паддзахӕй равзӕрстон». Самуил Иессейӕн йӕ хистӕр фырт Елиавы куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ӕнӕмӕнг ай равзӕрста Иегъовӕ». Фӕлӕ йын Иегъовӕ загъта: «Йӕ ас ӕмӕ йын йӕ кондмӕ ма кӕс. Уый нӕ равзӕрстон паддзахӕй».

Уӕд Иессей фӕдзырдта йӕ фырт Аминадавмӕ ӕмӕ йӕ Самуилмӕ бакодта. Фӕлӕ Самуил загъта: «Нӕ, уый дӕр нӕ равзӕрста Иегъовӕ». Уый фӕстӕ Иессей ӕрбакодта йӕ иннӕ фырты, Саммӕйы. «Нӕ, уый дӕр нӕ равзӕрста Иегъовӕ»,– загъта та Самуил. Афтӕ Иессей Самуилмӕ ӕрбакодта йӕ авд фырты, фӕлӕ дзы Иегъовӕ никӕйы равзӕрста. «Ӕндӕр дын нал ис лӕппу?»– бафарста йӕ Самуил.

«Ис ма мын иу лӕппу, се ’ппӕты кӕстӕр,– загъта Иессей.– Фӕлӕ ныртӕккӕ ам нӕй, фыстӕ хизы». Давиды куы ӕрбакодтой, уӕд Самуил федта, уый хӕрзконд лӕппу кӕй у. «Уый у,– загъта Иегъовӕ.– Рауадз ын йӕ сӕрыл зети». Самуил афтӕ бакодта. Фӕлӕ цалынмӕ Давид Израилы паддзах суа, уӕдмӕ ма рацӕудзӕн иу цасдӕр рӕстӕг.

1 Паддзахӕдты 17:34, 35; 16:1–13.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын