ӔВДӔМ СӔР
«Стыр кодта Йегъовӕйы раз»
1, 2. Самуил Израилы адӕмимӕ цы уавӕры ныхас кодта ӕмӕ сӕ хабар куыд у?
САМУИЛ йӕ адӕмы Галгалы ӕрӕмбырд кодта. Ӕмӕ ныр сӕ разы лӕууы ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг кӕсы. Уыцы иузӕрдион адӕймаг сын бирӕ азты дӕргъы у пехуымпар ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг. Абоны нымадмӕ гӕсгӕ уыдаид май кӕнӕ июны мӕй. Хус рӕстӕг райдыдта. Мӕнӕуы хуымтӕ бур-бурид адардтой – кӕрдынмӕ цӕттӕ сты. Адӕм хъусӕй лӕууынц. Самуилӕн йӕ хъуыдытӕ сты, цы сын зӕгъа, сӕ зӕрдӕтӕм сын фӕндаг куыд ссара, ууыл.
2 Адӕммӕ нӕ хъары, цы уавӕры сты, уый. Самуилӕй ӕрдомдтой, паддзах, дам, нын сӕвӕр. Афтӕмӕй сӕ Хуыцау Йегъовӕйы, стӕй йын йӕ пехуымпары дӕр кӕй ницӕуыл нымайынц, уый не ’мбарынц. Зӕххон паддзах сӕ кӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйыл, сӕ Паддзахыл, сӕ къух систой! Самуил куыд бакӕна, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной?
Иннӕтӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр адӕймагӕн йӕ бон у йӕ уырнындзинад фидар кӕнын
3, 4. а) Самуил йе ’рыгон бонты кой цӕмӕн ракодта? ӕ) Хорз цӕмӕн уаид Самуилы уырнындзинадыл ахъуыды кӕнын?
3 «Ӕз... базӕронд дӕн ӕмӕ мӕ сӕр сурс»,– райдыдта йӕ ныхас Самуил. Йӕ халас сӕрыхъуынтӕ йӕ ныхӕстӕн ноджы стырдӕр уӕз дӕттынц. Уый фӕстӕ Самуил загъта: «Мӕ гыццылӕй абоны онг ӕз цыдтӕн уӕ разы» (1 Сам. 11:14, 15; 12:2). Кӕд Самуил зноны лӕппу нал у, уӕддӕр дзы йе ’рыгон бонтӕ рох не сты. Уыцы бонтӕ ныр дӕр ирдӕй сыстынц йӕ цӕстыты раз. Йӕ царды ӕрыгонӕй цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдоны фӕрцы ныр дӕр цӕуы уырнындзинады фӕндагыл ӕмӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.
4 Самуил цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдонмӕ кӕд уырнындзинад нӕ уыди ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион нӕ уыдысты, уӕддӕр уыдӕттӕн йӕ уырнындзинад фӕцудын кӕнын нӕ бауагъта, алы бон дӕр ӕй фидар кодта. Абон дӕр ацы дунейы адӕм сты хӕлд ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕнцон нӕу. (Бакӕс Лукайы 18:8.) Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, цӕуыл ахуыр кӕнӕм Самуилы хабарӕй. Ӕрхъуыды уал кӕнӕм, гыццыл ма куы уыди, уыцы рӕстӕг.
Гыццыл Самуил «лӕггад кодта Йегъовӕйӕн»
5, 6. Иннӕ сывӕллӕттӕй уӕлдай Самуил куыд схъомыл, фӕлӕ йӕ ныййарджытӕ кӕцӕй зыдтой, цух кӕй ницӕмӕй уыдзӕн?
5 Самуил, иннӕ сывӕллӕттӕ куыд схъомыл вӕййынц, афтӕ не схъомыл. Йӕ мад ӕй дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд лӕггад кӕнын райдыдта Силомы Йегъовӕйы цатыры. Кӕм райгуырд, уыцы горӕт Рамӕйӕ Силоммӕ уыди 30 километрӕй фылдӕр. Самуил Силомы лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыдаид ӕртӕ азы кӕнӕ уымӕй гыццыл фылдӕр. Йӕ ныййарджытӕ, Елхъан ӕмӕ Аннӕ, сӕ гыццыл лӕппуйы Йегъовӕйӕн снывонд кодтой, цӕмӕй йын уыцы диссаджы бынаты лӕггад кодтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй цӕрӕнбонтӕм сси назорейa. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Самуилы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад нӕ уарзтой ӕмӕ дзы цӕмӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй бакодтой афтӕ?
6 Куыннӕ йӕ уарзтой! Елхъан ӕмӕ Аннӕ зыдтой, уым Силомы сӕ хъӕбул цух кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Гыццыл Самуил ӕххуыс кодта хистӕр сауджын Илийӕн, ӕмӕ йӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕ хъус дардтаид. Стӕй, уым цатыры раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы сылгоймӕгтӕ лӕггад кодтой, уыдон дӕр-иу ыл куыннӕ баузӕлыдаиккой (Рац. 38:8; Тӕрх. 11:34–40).
7, 8. а) Самуилӕн йӕ ныййарджытӕ алы аз дӕр йӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтыдтой? ӕ) Самуилы ныййарджыты цӕвиттонӕй абоны ныййарджытӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?
7 Стӕй Аннӕ ӕмӕ Елхъанӕй сӕ зӕрдӕйы уидаг рох никуы уыди. Уый уыди сӕ фыццаг хъӕбул – сӕ куывдтытӕн дзуапп. Аннӕ Хуыцауӕй фырт куы куырдта, уӕд ын дзырд радта, зӕгъгӕ йӕ дӕуӕн снывонд кӕндзынӕн, цӕмӕй дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕна. Ӕмӕ-иу алы аз дӕр йӕ фенынмӕ куы ’рцыдысты, уӕд-иу ын Аннӕ ӕрхаста ног ӕнӕдыс къаба цатыры лӕггад кӕнынӕн. Куыд тынг-иу ӕнхъӕлмӕ кастаид гыццыл Самуил уыцы бонмӕ. Йӕ ныййарджытӕ-иу ӕй сӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавтой, ныфсытӕ-иу ын бавӕрдтой ӕмӕ-иу ын зонд дӕр куыннӕ бацамыдтаиккой. Куыннӕ йын дзырдтаиккой, Йегъовӕйӕн уыцы диссаджы бынаты кӕй лӕггад кӕны, уый куыд стыр кад у.
8 Аннӕ ӕмӕ Елхъаны цӕвиттонӕй абон ныййарджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Арӕх ныййарджытӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ саразынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ хӕрдӕй, дзаумайӕ цух ма уой. Йегъовӕйы сын бауарзын кӕной, уый куыд ахсджиаг у, ууыл та хъуыды дӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ Самуилы ныййарджытӕ фыццаг бынаты ӕвӕрдтой Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уый тынг фӕзынд, сӕ фыртӕй цавӕр адӕймаг рауад, ууыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:6.)
9, 10. а) Радзур, цатыр куыд арӕзт уыди ӕмӕ ӕрыгон Самуил уыцы табуйаг бынатмӕ цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй. (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Самуил цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кодтаид ӕмӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, абон ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Самуилы бафӕзмын?
9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Самуил азӕй-азмӕ куыд стыр кӕны ӕмӕ, Силомы алыварс цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл куыд рацу-бацу кӕны. Уырдыгӕй-иу, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ акаст горӕтмӕ ӕмӕ дзы иуфарсырдыгӕй цы дӕлвӕз уыд, уымӕ. Ӕмӕ-иу йӕ цӕст Йегъовӕйы цатырыл куы ’рхӕцыд, уӕд-иу фырцинӕй йӕ зӕрдӕ йӕ гыццыл риуӕй куыннӕ рагӕпп кодта. Уыцы табуйаг бынатмӕ куыд сӕрыстырӕй кастаидb. Цатыры арӕзтадӕн Моисей йӕхӕдӕг лӕвӕрдта разамынд. Куы йӕ сарӕзтой, уӕдӕй 400 азы бӕрц рацыди. Зӕххы цъарыл ӕндӕр ахӕм бынат нӕ уыд – ӕрмӕстдӕр уым куывтой Йегъовӕйӕн.
10 Самуил куыд стыр кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр уарзта Йегъовӕйы цатыр. Фӕстӕдӕр цы чиныг ныффыста, уым кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Гыццыл Самуил... лӕггад кодта Йегъовӕйӕн ӕмӕ дардта кӕттаг ефод» (1 Сам. 2:18). Уыцы хуымӕтӕг ӕнӕдыс дзаума, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Самуил ӕххуыс кодта, цатыры раз чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕн. Йӕхӕдӕг сауджынты мыггагӕй нӕ уыд, фӕлӕ дзы алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодта, зӕгъӕм, райсомӕй-иу кӕрты дуӕрттӕ байгом кодта ӕмӕ зӕронд Илийӕн кӕстӕриуӕг кодта. Ӕмӕ кӕд уыцы кадджын хӕстӕ ӕхсызгонӕй ӕххӕст кодта, уӕддӕр гыццылгай йе ’нӕхин зӕрдӕйы цавӕрдӕр сусӕг мӕт ӕрбынат кодта. Йегъовӕйы хӕдзары цы хабӕрттӕ цыди, уыдон ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой.
Ӕнӕгъдау адӕмы ’хсӕн йе ’фсарм нӕ фӕчъизи кодта
11, 12. а) Офни ӕмӕ Финеесӕн се стырдӕр рӕдыд цӕй мидӕг уыди? ӕ) Офни ӕмӕ Финеес цатыры цавӕр фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтой? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
11 Самуил йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдта, йӕ алыварс адӕм цас фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтой, уый. Илийӕн уыди дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес. Цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уый тыххӕй Самуил ныффыста: «Илийы фырттӕ уыдысты ӕнаккаг адӕм, Йегъовӕ сӕм нымады дӕр нӕ уыд» (1 Сам. 2:12). Ацы стихы цы дыууӕ хъуыдыйы ис, уыдон кӕрӕдзиимӕ баст сты. Офни ӕмӕ Финеес «ӕнаккаг адӕм» – комкоммӕ «ницӕйагдзинады фырттӕ» – уый тыххӕй уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ дардтой. Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сӕм нымады дӕр нӕ уыдысты. Ӕмӕ сӕ уый ӕркодта ӕндӕр тӕригъӕдтӕм дӕр.
12 Хуыцауы Закъоны бӕлвырд фыст уыд, сауджынтыл цы хӕстӕ уыди, стӕй Йегъовӕйы цатыры нывӕндтӕ куыд хъуамӕ хастаиккой, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый дзӕгъӕлы фыст не ’рцыд. Цӕмӕй тӕригъӕдджын адӕм Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдаиккой ӕмӕ сын цӕмӕй разамынд лӕвӕрдтаид ӕмӕ сын арфӕ кодтаид, уый тыххӕй сын хъуыди сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. Ӕмӕ уыцы нывӕндтӕ та ӕвдыстой, адӕмы тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынӕн Хуыцау цыдӕриддӕр сарӕзта, уый. Фӕлӕ Офни ӕмӕ Финеесы миты тыххӕй иннӕ сауджынтӕ дӕр уыцы кувинӕгтӕ хынджылӕггаг скодтойc.
13, 14. а) Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм-иу цымӕ цатырӕй цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ аздӕхтысты? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Илий хистӕр сауджыны хӕстӕ дӕр ӕмӕ фыды хӕстӕ дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ не ’ххӕст кодта?
13 Хӕрзаг-иу гыццыл Самуил кӕсгӕйӕ баззад, Йегъовӕйы хӕдзары цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонмӕ ӕмӕ-иу дис кодта, куыд ничи сын ницы дзуры, зӕгъгӕ. Цал ӕмӕ цал хатты федта, мӕгуыр ӕмӕ-иу ӕфхӕрд адӕм Йегъовӕйы цатырмӕ куыд ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу удӕнцой ссардтаиккой ӕмӕ-иу сӕ хъарутыл хъарутӕ бафтыдаид. Фӕлӕ-иу фыдӕнхъӕл фесты, сӕхимӕ-иу ӕгад ӕркастысты ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ зӕрдӕрыстӕй аздӕхтысты. Стӕй ма Самуил куы базыдта, ӕмӕ Офни ӕмӕ Финеес, цатыры раз цы сылгоймӕгтӕ лӕггад кодта, уыдонӕй кӕимӕдӕрты ӕмуат ӕрцӕуынц, уӕд та цымӕ йӕ зӕрдӕ куыдтӕ кодта? (1 Сам. 2:22). Ӕвӕццӕгӕн-иу хъуыды кодта, кӕд сын Илий исты бакӕнид, зӕгъгӕ.
Илийы фырттӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ Самуил йӕхицӕн ӕнцой нал ардта
14 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Илийӕ хуыздӕр ма кӕй бон уыди хабӕрттӕм ӕркӕсын ӕмӕ ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнын. Хистӕр сауджын кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ, цатыры цы хъуыддӕгтӕ цыди, уыдонӕн дзуапп уый лӕвӕрдта. Стӕй Офни ӕмӕ Финеесӕн сӕ фыд уыди, ӕмӕ йӕ хӕс уыд, цӕмӕй сын бауайдзӕф кодтаид. Ау, бӕрӕг нӕ уыди, сӕхи дӕр кӕй сӕфтой ӕмӕ адӕмӕн дӕр стыр зиан кӕй хастой? Фӕлӕ Илий хистӕр сауджыны хӕстӕ дӕр ӕмӕ фыды хӕстӕ дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ не ’ххӕст кодта. Йӕ фырттӕн-иу ӕрмӕст ӕнӕбары уайдзӕфтӕ бакодта. (Бакӕс 1 Самуилы 2:23–25.) Афтӕмӕй та сӕ карзӕй хъуыди бафхӕрын. Ахӕм тӕригъӕдтӕ чи арӕзта, уыдон мӕлӕты аккаг уыдысты!
15. Йегъовӕ Илийӕн цавӕр хабар фехъусын кодта ӕмӕ Илийы бинонтӕ уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты?
15 Хабар уый онг ӕрцыд, ӕмӕ Йегъовӕ Илиймӕ арвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, йӕ ном кӕмӕн нӕ зонӕм, ахӕм пехуымпары, ӕмӕ йын уый фехъусын кодта Йегъовӕйы карз тӕрхон. Йегъовӕ Илийӕн загъта: «Дӕ фыртты мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрыс?» Ӕмӕ йын уый фӕстӕ фехъусын кодта, йе ’наккаг фырттӕ сӕ дыууӕ дӕр иу бон кӕй амӕлдзысты, йӕ хӕдзарвӕндаг бӕллӕхты хай кӕй бауыдзӕн ӕмӕ дзы сауджынӕй дӕр кӕй ничиуал лӕггад кӕндзӕн. Цымӕ ахӕм хабар фехъусгӕйӕ Илийы бинонтӕ фӕивтой? Библийӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй нӕ – Илиймӕ дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕм дӕр ницы бахъардта (1 Сам. 2:27–3:1).
16. а) Самуил куыд стыр кодта, уый тыххӕй Библийы цы ис фыст? ӕ) Уыцы хабӕрттӕ дын ӕхсызгон не сты? Бамбарын кӕн, афтӕ цӕмӕн зӕгъыс.
16 Ӕппӕт уыцы хӕлд хъуыддӕгтӕ Самуилыл куыд фӕзындысты? Мӕнӕ асӕст бон иу гыццыл хур куы ракӕсы, уӕд куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ дӕр рухс ӕрбакӕлы, уыцы талынг хабӕртты ’хсӕн кӕмдӕрты, Самуил куыд стыр кодта ӕмӕ йӕ уырнындзинад куыд фидардӕр кодта, уый тыххӕй куы бакӕсы, уӕд. Уӕлдӕр ӕркастыстӕм 1 Самуилы 2:18 стихы фыст ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, гыццыл Самуил лӕггад кодта Йегъовӕйӕн. Уыцы карӕнӕй дӕр Самуилӕн йӕ цард ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр баст уыдысты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ. 1 Самуилы 2:21 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон та нын ноджы тынгдӕр тавынц нӕ зӕрдӕ. Уым кӕсӕм: «Гыццыл Самуил... стыр кодта Йегъовӕйы раз». Куыд стыр кодта, афтӕ йӕ уӕларвон Фыдмӕ дӕр кодта ӕввахсдӕр. Ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕмӕ ӕввахс куы уа, уӕд ӕй уый хуызӕн ницы бахъахъхъӕндзӕн ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй.
17, 18. а) Абон ӕмбырды цы ӕрыгӕттӕ ис, уыдон иннӕты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразгӕ куы уыной, уӕд сӕ бон куыд у Самуилы бафӕзмын? ӕ) Самуил раст фӕндаг кӕй равзӕрста, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
17 Ахӕм уавӕры Самуилӕн йӕ бон уыди ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, кӕд хистӕр сауджынӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ бон у тӕригъӕдтӕ аразын, уӕд ӕз дӕр кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мӕ фӕнды, уый. Фӕлӕ иннӕтӕ, ӕмӕ суанг, бартӕ кӕй къухы сты, уыдон дӕр, фыдхъуыддӕгтыл куы бафтой, уӕд дӕр уый ӕфсон нӕу, ӕмӕ мах дӕр тӕригъӕд саразӕм. Абон дӕр ӕмбырды цы ӕрыгӕттӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ Самуилау «стыр кӕнынц Йегъовӕйы раз», кӕд сӕ алыварс чидӕртӕ уыцы хъуыддаджы фӕзминаг не сты, уӕддӕр.
18 Самуил Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уый йын хорзӕй исты ӕрхаста? Библийы кӕсӕм: «Гыццыл Самуил та рӕзыд, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр» (1 Сам. 2:26). Чи зоны, ӕмӕ Самуилы адӕм се ’ппӕт нӕ уарзтой, фӕлӕ йын ахсджиаг кӕй хъуыды хъуамӕ уыдаид, уыдоны зӕрдӕйӕн адджын уыди. Афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй тынг зынаргъ уыди Йегъовӕйӕн дӕр. Самуил зыдта, йӕ Хуыцау дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн, Силомы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонӕй. Ӕрмӕст-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, уый кӕд уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иу ӕхсӕв йӕ фарстатӕн дзуапп фехъуыста.
«Дзур, дӕ цагъар дӕм хъусы»
19, 20. а) Радзур, Самуилыл ӕхсӕвы цавӕр хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. ӕ) Самуил Илиймӕ цы цӕстӕй каст? б) Самуил куыд базыдта, чи йӕм дзырдта, уый?
19 Уый уыди райсомырдӕм, нырма талынг уыд, афтӕ. Цатыры стыр цырагъ нырма дӕр тыбар-тыбур кодта. Бӕстӕ уыцы сабыр уыди, афтӕ Самуил кӕйдӕр хъӕлӕс айхъуыста. Уый ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕм Илий дзуры. Илий та уӕдмӕ тынг базӕронд ӕмӕ цӕстӕй нал уыдта. Гъемӕ Самуил йӕ хуыссӕнӕй фӕгӕпп кодта ӕмӕ зӕронд лӕгмӕ «балыгъд». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, гыццыл лӕппу бӕгъӕввадӕй Илиймӕ куыд фезгъоры, цымӕ мӕ цы кӕны, зӕгъгӕ. Самуил Илийы куыд нымадта ӕмӕ йӕм куыд хӕларзӕрдӕ уыд, уымӕй зӕрдӕ барухс вӕййы. Кӕд Илий тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр нырма Йегъовӕйы ӕвӕрд хистӕр сауджын уыди (1 Сам. 3:2–5).
20 Самуил Илийы райхъал кодта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Дзырдтай мӕм?» Илий йын дзуапп радта, нӕ, нӕ дӕм дзырдтон, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ арвыста. Фӕлӕ та йӕм Самуил ӕрбацыд дыккаг хатт дӕр ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр. Ӕмӕ уӕд Илий бамбӕрста, хабар цӕй мидӕг ис, уый. Уыцы заман Йегъовӕ йӕ адӕммӕ пехуымпарты арӕх нал ӕрвыста ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ дӕр нал лӕвӕрдта, ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр зын бамбарӕн нӕу. Фӕлӕ ныр Илий бамбӕрста, Йегъовӕ та ногӕй кӕй дзурдзӕн – ӕмӕ ныр дзурдзӕн ацы лӕппуимӕ! Гъемӕ Самуилы арвыста, ацу, схуысс, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын бацамыдта, уыцы хъӕлӕс та ногӕй куы фехъуса, уӕд ын цавӕр дзуапп хъуамӕ ратта, уый. Самуил дӕр ӕм байхъуыста. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр ногӕй фехъуыста уыцы хъӕлӕс: «Самуил, Самуил!» Ӕмӕ йын лӕппу дзуапп радта: «Дзур, дӕ цагъар дӕм хъусы» (1 Сам. 3:1, 5–10).
21. Йегъовӕйы хъӕлӕс абон куыд ис фехъусӕн ӕмӕ йӕм алкӕддӕр цӕмӕн хъӕуы хъусын?
21 Кӕдӕй-уӕдӕй Йегъовӕйӕн Силомы фӕзынд, чи йӕм хъуыста, ахӕм лӕггадгӕнӕг! Самуил йӕ гыццылӕй йӕ зӕронды бонтӕм алкӕддӕр хъуыста Йегъовӕмӕ. Ды дӕр ӕм алкӕддӕр фӕхъусыс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау махмӕ ӕхсӕвы уӕларвӕй не ’рдзурдзӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон мах Хуыцауы хъӕлӕс хъусӕм ӕдзухдӕр. Хъусгӕ та йӕ кӕнӕм йӕ Ныхас Библийы уылты. Хуыцаумӕ цас арӕхдӕр хъусӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый цас арӕхдӕр аразӕм, уыйас нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр. Афтӕ уыди Самуилы хабар дӕр.
Кӕд Самуил тарст Илийӕн Йегъовӕйы тӕрхон фехъусын кӕнын, уӕддӕр ын алцыдӕр радзырдта
22, 23. а) Самуил фыццаг цы тӕрхон фехъусын кӕнын нӕ уӕндыди, уый куыд сӕххӕст? ӕ) Самуил кадджынӕй-кадджындӕр куыд кодта?
22 Уыцы ӕхсӕв Самуилы цард цӕхгӕр фӕивта. Уӕд сси Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ йӕ минӕвар, ӕмӕ Йегъовӕйы уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд базыдта, афтӕ йӕ уый размӕ никуы зыдта. Самуил фыццаг нӕ уӕндыди Илийӕн Йегъовӕйы тӕрхон фехъусын кӕнын. Хъуамӕ йын фехъусын кодтаид, Йегъовӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый тагъд кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ уыцы ныхӕстӕн аивӕн кӕй нал ис. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕ ныфс бахаста ӕмӕ Илийӕн алцыдӕр радзырдта, ӕмӕ уый дӕр Хуыцауы тӕрхоныл сӕрныллӕгӕй сразы. Уыцы бонӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ, Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст: филистимӕгтимӕ тохы Офни ӕмӕ Финеес сӕ дыууӕ дӕр иу боны мидӕг фӕмард сты, Илий уый куы фехъуыста, ӕмӕ знӕгтӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын ахастой, уӕд йӕхӕдӕг дӕр амард (1 Сам. 3:10–18; 4:1–18).
23 Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар Самуил та кадджынӕй-кадджындӕр кодта. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Йегъовӕ уыди йемӕ» ӕмӕ, Самуил цы пехуымпарӕдтӕ дзырдта, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кодта. (Бакӕс 1 Самуилы 3:19.)
«Самуил Йегъовӕмӕ скуывта»
24. Израилӕгты цы бафӕндыд ӕмӕ уый стыр тӕригъӕд цӕмӕн уыди?
24 Цымӕ израилӕгтӕ дӕр Самуилы бафӕзмыдтой? Алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдтой ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кодтой? Хъыгагӕн, нӕ. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ нал цыди, пехуымпар сын тӕрхонгӕнӕг кӕй уыди, уый. Бафӕндыди сӕ, цӕмӕй уыдон дӕр иннӕ адӕмты хуызӕн уыдаиккой ӕмӕ сӕ сӕргъы зӕххон паддзах лӕууыдаид. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ сын Самуил сӕ курдиат сӕххӕст кодта. Фӕлӕ сын хъуамӕ бамбарын кодтаид, цы стыр тӕригъӕд сарӕзтой, уый. Афтӕмӕй уыдон сӕ къух адӕймагыл нӕ систой, фӕлӕ Йегъовӕйыл! Гъемӕ Самуил адӕмы Галгалы ӕрӕмбырд кодта.
Самуилы уырныдта, Йегъовӕ йын йӕ куывд кӕй фехъусдзӕн, ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл
25, 26. Галгалы Самуил йӕ адӕмӕн куыд баххуыс кодта, Йегъовӕйы раз цы стыр тӕригъӕд сарӕзтой, уый бамбарынӕн?
25 Уӕдӕ фӕстӕмӕ раздӕхӕм, Самуил Галгалы израилӕгты раз куы лӕууыд, уыцы хабармӕ. Уым урссӕр Самуил Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ гыццылӕй йӕ зӕронды бонтӕм Йегъовӕйӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уый. Ӕмӕ дарддӕр Библийы кӕсӕм: «Самуил Йегъовӕмӕ скуывта». Куырдта дзы, цӕмӕй тӕрккъӕвда рауарын кодтаид (1 Сам. 12:17, 18).
26 Уыцы хус рӕстӕг тӕрккъӕвда? Ахӕм хабар хъусгӕ дӕр куы никуы ничи фӕкодта, уӕд уымӕн куыд ис гӕнӕн? Кӕд Самуилы ныхӕстӕ искӕй нӕ уырныдтой кӕнӕ йыл худгӕ дӕр кодтой, уӕддӕр уый бирӕ нӕ ахаста. Ӕвиппайды сау мигътӕ арв ӕрбахгӕдтой, ӕмӕ бӕстӕ нытталынг. Дымгӕйӕ мӕнӕуы ӕфсиртӕ зӕххыл ныффӕлдӕхтысты. Арв ныннӕрыд, йӕ гыбар-гыбур райхъуыст ӕмӕ къӕвда ныккалдта. Адӕммӕ уый куыд фӕкаст? «Адӕмы Йегъовӕйӕ ӕмӕ Самуилӕй стыр тас бацыд». Кӕдӕй-уӕдӕй сӕм бахъардта, цы стыр тӕригъӕд сарӕзтой, уый (1 Сам. 12:18, 19).
27. Самуилы уырнындзинад чи фӕзмы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
27 Самуил нӕ, фӕлӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕ ссардта фӕндаг йӕ хивӕнд адӕмы зӕрдӕтӕм. Самуил йӕ гыццылӕй суанг йӕ зӕронды бонтӕм фидарӕй ӕууӕндыд йӕ Хуыцауыл. Ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта. Йегъовӕ абон дӕр нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр ӕххуыс кӕны, Самуилы уырнындзинад чи фӕзмы, уыдонӕн.
a Назорейтӕ-иу хъуамӕ сӕ дзыхмӕ нозт ма схастаиккой ӕмӕ-иу сӕ сӕрыхъуынтӕ ма алвыдтаиккой. Фылдӕр хатт-иу ахӕм дзырд радтой цасдӕр рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ, цӕрӕнбонтӕм чи уыд назорей, ахӕмтӕ дӕр уыди, зӕгъӕм, Самсон, Самуил ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн.
b Уыцы кувӕндон уыди хуымӕтӕг арӕзт. Уый уыди стыр цыппӕрдигъон цатыр, йе стӕгдар уыд хъӕдӕй. Фӕлӕ конд уыди ӕппӕты хуыздӕр ӕрмӕгӕй – фӕлмӕн сӕракӕй, кӕнӕ тюлены цӕрмттӕй, рӕсугъд нывӕфтыд хъуымӕцтӕй, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй ӕмбӕрзт зынаргъ хъӕдӕрмӕгӕй. Цатыр лӕууыд цыппӕрдигъон кӕрты. Уыцы кӕрты ма уыди стыр нывондхӕссӕн дӕр фосы нывӕндтӕ хӕссынӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй ма фӕстӕдӕр цатыры раз сауджынтӕн скодтой ӕндӕр уӕттӕ дӕр. Ӕмӕ Самуил дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы уӕттӕй иуы фынӕй кодта.
c Сауджынтӕ нывӕндтӕ хынджылӕггаг куыд кодтой, уымӕн 1 Самуилы чиныджы ис дыууӕ цӕвиттоны. Иу уый, ӕмӕ Закъоны бӕлвырд фыст уыди, адӕм-иу цы нывӕндтӕ ӕрхастой, уыдонӕй сауджынтӕм кӕцы хӕйттӕ ӕмбӕлди, уый (Дык. з. 18:3). Фӕлӕ уыцы ӕнаккаг сауджынтӕ кувӕндоны бынтон ӕндӕр ӕгъдау сфидар кодтой. Сӕ лӕггадгӕнджыты-иу арвыстой, ӕмӕ-иу уыдон, нывонд кусӕрттаг кӕм фыхти, уыцы аджы фыдисӕн фӕтъыстой ӕмӕ-иу дзы цы дзӕбӕхдӕр хайыл фӕхӕст сты, уый-иу систой ӕмӕ-иу ӕй ахастой! Иннӕ хабар та уый уыди, ӕмӕ-иу адӕм нывондхӕссӕныл басудзынмӕ цы кусӕрттӕгтӕ ӕрбакодтой, уыдонӕн-иу сӕ фиу Йегъовӕйӕн артыл нӕма басыгътой, афтӕмӕй-иу уыцы ӕнаккаг сауджынтӕ сӕ лӕггадгӕнӕджы, нывонд чи хаста, уымӕ барвыстой, ӕмӕ-иу дзы уый ӕрдомдта, ӕри-ма хом дзидза, зӕгъгӕ (Лев. 3:3–5; 1 Сам. 2:13–17).