5 РАДЗЫРД
Самуил арӕзта, раст цы у, уый
Самуил йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цард ӕмӕ лӕггад кодта Хуыцауы кувӕндоны. Адӕм-иу Йегъовӕйӕн бакувынмӕ уырдӕм ӕрбацыдысты. Зоныс, Самуил кувӕндоны лӕггад кӕнын куыд райдыдта, уый? Цӕй, фыццаг уал аныхас кӕнӕм Самуилы мад Аннӕйы тыххӕй.
Аннӕйы рагӕй хъуыди сывӕллон, фӕлӕ йын цот нӕ цыд. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Аннӕ дзырд радта, фырт ын куы райгуыра, уӕд ӕй кувӕндонмӕ кӕй арвитдзӕн, цӕмӕй уым цӕра ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕна. Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ йын лӕппу райгуырд. Аннӕ йӕ фырты схуыдта Самуил. Ӕмӕ, цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта – Самуилыл ӕртӕ кӕнӕ цыппар азы куы цыд, уӕд ӕй кувӕндонмӕ акодта, цӕмӕй уым Хуыцауӕн лӕггад кодтаид.
Илий кувӕндоны лӕггад кодта хистӕр сауджынӕй. Уый-иу адӕмы номӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууыд. Уым ма сауджынтӕй лӕггад кодтой йӕ дыууӕ фырты дӕр. Кувӕндон уыд Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ адӕм уырдӕм Хуыцауӕн бакувынмӕ цыдысты, ӕмӕ уыцы ран ӕвзӕр митӕ кӕнын не ’мбӕлд. Фӕлӕ Илийы фырттӕ тынг ӕвзӕр митӕ кодтой. Ӕмӕ сӕ Самуил уыдта. Фӕлӕ цымӕ Самуил дӕр Илийы лӕппуты хуызӕн ӕвзӕр митӕ кодта? ~ Нӕ. Самуил нӕ ферох кодта, йӕ ныййарджытӕ йӕ цӕуыл ахуыр кодтой, уый ӕмӕ, раст цы у, уый арӕзта.
Куыд хъуыды кӕныс, Илий йӕ дыууӕ фыртӕн куыд хъуамӕ бакодтаид? ~ Хъуамӕ сӕ бафхӕрдтаид ӕмӕ сӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнын мауал бауагътаид. Фӕлӕ Илий афтӕ нӕ бакодта, ӕмӕ Йегъовӕ смӕсты Илиймӕ дӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртмӕ дӕр. Ӕмӕ загъта, кӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Самуил Илийӕн радзырдта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый
Иу ӕхсӕв Самуил фынӕй кодта, ӕмӕ йӕм уалынмӕ чидӕр фӕдзырдта: «Самуил!» Самуил Илиймӕ балыгъд, фӕлӕ йын Илий загъта, ӕз дӕм нӕ дзырдтон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма афтӕ уыди дыууӕ хатты. Ӕртыккаг хатт Илий Самуилӕн загъта, исчи-ма йӕм куы дзура, уӕд ын афтӕ кӕй хъуамӕ зӕгъа: «Дзур, Йегъовӕ, хъусын дӕм». Ӕмӕ Самуил дӕр афтӕ бакодта. Уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Илийӕн зӕгъ, йӕ бинонты йын се ’взӕр миты тыххӕй кӕй бафхӕрдзынӕн». Куыд дӕм кӕсы, Самуилӕн уыцы ныхӕстӕ Илийӕн радзурын ӕнцон уыд? ~ Нӕ уыд. Ӕмӕ кӕд Самуил тарст, уӕддӕр ын Йегъовӕ цы загъта, уый бакодта. Йегъовӕйы ныхас сӕххӕст – Илийӕн йӕ дыууӕ лӕппуйы дӕр амардтой, стӕй йӕхӕдӕг дӕр амард.
Самуил махӕн фӕзминаг у. Кӕд иннӕтӕ ӕвзӕр митӕ кодтой, уӕддӕр Самуил арӕзта, раст цы у, уый. Ды та? Ды дӕр Самуилы хуызӕн, раст цы у, уый араздзынӕ? Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕ дӕр ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ дӕр цин кӕндзысты.