Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 75 радз.
  • Цыппар лӕппуйы Вавилоны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цыппар лӕппуйы Вавилоны
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы коммӕ чи каст, уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Данелы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Нӕ йын бакуывтой
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахад
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 75 радз.
Данел, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго нӕ комынц паддзах Навуходоносоры хӕринӕгтӕй хӕрын ӕмӕ йӕ сӕнӕй нуазын

75 РАДЗЫРД

Цыппар лӕппуйы Вавилоны

ПАДЗАХ Навуходоносор Вавилонмӕ акодта, израилӕгтӕй ахуыргонддӕр чи уыд, уыдоны иууылдӕр. Уый фӕстӕ уым се ’хсӕнӕй равзӕрста ӕппӕты рӕсугъддӕр ӕмӕ зондджындӕр лӕппуты. Цыппары дзы уыныс нывы. Сӕ иу у Данел, иннӕ ӕртӕйы та вавилойнӕгтӕ хонынц Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго.

Навуходоносор сфӕнд кодта ӕрыгон лӕппуты сахуыр кӕнын, цӕмӕй йын йӕ галуаны лӕггад кӕной. Ӕртӕ азы куы сахуыр кӕной, уӕд сын сӕ зондджындӕрты равзардзӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕндзысты. Паддзахы фӕнды, цӕмӕй лӕппутӕ, цалынмӕ ахуыр кӕной, уӕдмӕ уой фидар ӕмӕ ӕнӕниз. Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы хӕрынц, уый хӕрын кӕной лӕппутӕн дӕр.

Ӕркӕс ма ӕвзонг Данелмӕ. Зоныс, Навуходоносоры хистӕр лӕггадгӕнӕгӕн, Асфеназӕн, цы дзуры? Ӕмбарын ын кӕны, паддзахы хъӕздыг фынгӕй йӕ кӕй нӕ фӕнды хӕрын, уый. Фӕлӕ Асфеназ тыхсы. «Цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, уый паддзах йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодта,– дзуры сын уый.– Иннӕ лӕппуты хуызӕн ӕнӕниз куы нӕ уат, уӕд мӕ амардзӕн».

Уӕд Данел ацыд, Асфеназ сын йе ’ртӕ ӕмбалимӕ хъахъхъӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ, ӕмӕ йын дзуры: «Дӕ хорзӕхӕй, бафӕлвар нӕ дӕс боны дӕргъы. Ӕрмӕстдӕр нын халсӕрттӕ ӕмӕ дон дӕтт. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ фендзынӕ, кӕддӕра, паддзахы фынгӕй чи хӕры, уыдонӕй ӕмӕ махӕй чи хӕрзхуыздӕр уыдзӕн».

Хъахъхъӕнӕг сразы, ӕмӕ дӕс боны фӕстӕ Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы иннӕ лӕппутӕй уыдысты хӕрзхуыздӕр. Уымӕ гӕсгӕ сын хицау бар радта, цӕмӕй паддзахы хӕринӕгты бӕсты халсӕрттӕ хордтаиккой.

Ӕртӕ азы фӕстӕ лӕппуты се ’ппӕты дӕр ӕрбакодтой Навуходоносормӕ. Паддзах сӕ алкӕимӕ дӕр куы аныхас кодта, уӕд бамбӕрста, Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалӕй зондджындӕр дзы кӕй ничи ис, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ йӕ галуаны ныууагъта, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ-иу сӕм паддзах цыфӕнды хъуыддаг, цыфӕнды фарсты фӕдыл дӕр ма бахатыдаид, уӕддӕр-иу ын Данел, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго лӕвӕрдтой йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ зондджын лӕгтӕй дӕс хатты хуыздӕр дзуапп.

Данелы 1:1–21.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын