Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 96 радз.
  • Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо паддзахы цыд бакодта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Ис йӕхи афон» кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 96 радз.
Дины разамонджытӕ мӕстыйӕ кӕсынц, Йесо рынчын сылгоймаджы куыд дзӕбӕх кӕны, уымӕ

96 РАДЗЫРД

Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты

ЙЕСО зилы ӕгас бӕстыл ӕмӕ рынчынты дӕр дзӕбӕх кӕны. Ахӕм диссӕгтӕ кӕй аразы, уый айхъуыст алфамбылай сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл. Уымӕ гӕсгӕ адӕм Йесомӕ кӕнынц къуылыхты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты. Ӕмӕ Йесо се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кӕны.

Иоанн Йесойы доны куы саргъуыдта, уӕдӕй рацыд ӕртӕ азы. Ӕмӕ ныр Йесо йӕ апостолтӕн дзуры, тагъд Иерусалиммӕ кӕй ацӕудзӕн, уым ӕй кӕй амардзысты ӕмӕ уый фӕстӕ кӕй райгас уыдзӕн, уый тыххӕй. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыди, уӕдмӕ та уал дзӕбӕх кӕны рынчынты.

Иу хатт Йесо адӕмы ахуыр кодта сабатбон. Уыцы бон иудейтӕн улӕфты бон у. Нывы цы сылгоймаджы уыныс, уый уӕззау рынчын у. Ӕстдӕс азы дӕргъы цӕуы гуыбырӕй, йӕхи сраст кӕнын йӕ бон нӕу. Ӕмӕ йыл мӕнӕ Йесо йӕ къух авӕрдта, ӕмӕ йӕ астӕу сраст. Сылгоймаг сдзӕбӕх!

Дины разамонджытӕ мӕстӕй фӕтонынц. «Ӕхсӕз боны нын ис нӕ хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн,– хъӕр кӕны сӕ иу адӕмыл.– Ӕмӕ сабаты нӕ, фӕлӕ уыцы бонты цӕут дзӕбӕх кӕнынмӕ!»

«Куыд дурзӕрдӕтӕ стут!– загъта сын уӕд Йесо.– Сабатбон уӕ алчидӕр йӕ хӕрӕджы нӕ рауадзы ӕмӕ йӕ дон нуазынмӕ нӕ аскъӕры? Ацы сылгоймаг та ӕстдӕс азы дӕргъы йӕ низӕй удхар куы кӕны, уӕд ӕй цӕуылнӕ ис сабатбон сдзӕбӕхгӕнӕн?» Уыцы дурзӕрдӕ адӕм Йесойы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ бон ницыуал сси зӕгъын.

Уый фӕстӕ Йесо йӕ апостолтимӕ араст Иерусалиммӕ. Иерихонӕй куы ахызтысты, уӕд фӕндагыл дыууӕ мӕгуыргур куырм адӕймаджы фехъуыстой, сӕ цурты Йесо кӕй фӕцӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕм хъӕр кӕнынц: «Йесо, баххуыс нын кӕн!»

Йесо сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цӕмӕй уын баххуыс кӕнон?» Уыдон ын загътой: «Хицау, ахӕм хорздзинад нын сараз, ӕмӕ цӕстӕй куыд уынӕм». Йесо сын сӕ цӕстытыл йӕ къухтӕ авӕрдта, ӕмӕ уыцы тӕккӕ уынын райдыдтой! Зоныс, Йесо ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн аразы? Уымӕн ӕмӕ уарзы адӕмы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йыл ӕууӕндой. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йесо куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд зӕххыл иу рынчын адӕймаг дӕр кӕй нал уыдзӕн.

Матфейы 15:30, 31; Лукайы 13:10–17; Матфейы 20:29–34.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын