Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 31 сӕр, 76 ф.–77 ф., 3 абз.
  • Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕфсиртӕ тонын сабаты
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сабаты цы ’мбӕлы аразын?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Ис йӕхи афон» кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 31 сӕр, 76 ф.–77 ф., 3 абз.
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сабатбон ӕфсиртӕ тонынц ӕмӕ сӕ хӕрынц

31 СӔР

Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц

МАТФЕЙЫ 12:1–8 МАРЧЫ 2:23–28 ЛУКАЙЫ 6:1–5

  • ЙЕСОЙЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ САБАТБОН ӔФСИРТӔ ТОНЫНЦ

  • ЙЕСОЙӔН «САБАТЫЛ ЦӔУЫ ЙӔ БАР»

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ цӕгатырдӕм, Галилейӕмӕ, фӕцӕйцыдысты. Уыд уалдзӕг, ӕмӕ хоры хуымтӕ дӕр фӕбур сты. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕххормаг сты ӕмӕ райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хоры нӕмгуытӕ хӕрын. Фӕлӕ сабатбон уыди, ӕмӕ сӕ фарисейтӕ федтой.

Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, цалдӕр боны размӕ Иерусалимы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йесойы марынмӕ кӕй хъавыдысты. Аххосджын ӕй кодтой, сабатбоны закъон, дам, халы. Ныр та йын фарисейтӕ йӕ цӕстмӕ бадардтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы сарӕзтой, уый. Загътой йын: «Акӕс-ма! Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый аразынц» (Матфейы 12:2).

Фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, ӕфсиртӕ ратонын ӕмӕ сӕ къухты аууӕрдын тыллӕг ӕфснайын ӕмӕ най кӕнынӕй уӕлдай нӕу (Рацыд 34:21). Йегъовӕ сабатбоны закъон уый тыххӕй сфидар кодта, цӕмӕй-иу уыцы бон адӕмӕн циндзинад ӕрхастаид ӕмӕ-иу сӕ уырнындзинад бафидар уыдаид. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы закъон афтӕ сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ сабатбон цыфӕнды гыццыл фезмӕлд дӕр куыстыл нымайын райдыдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы бон адӕмӕн уӕззау уаргъы хуызӕн сси. Фӕлӕ сын Йесо ӕрхаста дыууӕ цӕвиттоны, ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй никуы фӕндыди, цӕмӕй сабатбоны тыххӕй цы закъон радта, уый афтӕ ӕмбарын кодтаиккой.

Фыццаг уал фарисейтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕддӕр Давид ӕмӕ йӕ адӕм цы сарӕзтой, уый. Куы сӕххормаг сты, уӕд цатырмӕ бацыдысты ӕмӕ нывонд дзултӕй бахордтой. Уыцы дзултӕ иуцасдӕр Йегъовӕйы раз ӕвӕрд уыдысты, фӕлӕ сӕ стӕй айстой ӕмӕ сын сӕ бынаты ногконд дзултӕ сӕвӕрдтой. Ахӕм дзултӕй сауджынты йеддӕмӕ хӕрӕн никӕмӕн уыди. Фӕлӕ дзы Давид ӕмӕ йӕ адӕм бахордтой, уымӕн ӕмӕ уавӕртӕ афтӕ ӕрдомдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд нӕ баййӕфтой (Левит 24:5–9; 1 Самуилы 21:1–6).

Дыккаг цӕвиттон та цавӕр уыди? Йесо загъта: «Закъоны нӕ кастыстут, сабатбон сауджынтӕ кувӕндоны кӕй фӕкусынц ӕмӕ сыл уӕддӕр аххос кӕй нӕй?» Ацы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ-иу сабатбон дӕр сауджынтӕ кувӕндоны, нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы фос аргӕвстой ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕ дӕр кодтой. Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Фӕлӕ уын зӕгъын: ам ис, кувӕндонӕй уӕлдӕр чи у, уый» (Матфейы 12:5, 6; Нымӕцтӕ 28:9).

Ам дӕр та Йесо Фыстады фӕрцы бамбарын кодта, цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый: «Куы йӕ ӕмбариккат, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, „мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый“, уӕд ӕнаххос адӕмӕн не стӕрхон кодтаиккат». Ӕмӕ фӕстагмӕ загъта: «Адӕймаджы Фыртӕн та сабатыл цӕуы йӕ бар». Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, мин азы дӕргъы зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд адӕм кӕй сулӕфдзысты ӕмӕ фарнӕй кӕй бафсӕддзысты (Матфейы 12:7, 8; Оси 6:6).

Рагӕй фӕстӕмӕ адӕм Хӕйрӕджы ӕфсондзы бын хъизӕмар кӕнынц. Фыддзинад, тыхми ӕмӕ хӕстытӕ йеддӕмӕ ницы уынынц. Фӕлӕ стыр Сабатбон куы ралӕууа, ома Чырысти мин азы куы хицауиуӕг кӕна, уӕд уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уӕд не ’ппӕт дӕр ацы фыдӕбойнаг цардӕй сулӕфдзыстӕм!

  • Фарисейтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты цы хъуыддаджы фӕаххосджын кодтой ӕмӕ цӕмӕн?

  • Йесо фарисейтӕн куыд бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый?

  • Йесойӕн сабатыл йӕ бар цӕуы, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын