31 сӕр
Ӕфсиртӕ тонын сабаты
ИУ ЦАСДӔРЫ фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимӕй фӕстӕмӕ Галилеймӕ ацыдысты. Уалдзӕг. Быдырты хор сцӕттӕ кӕрдынмӕ. Фӕндагыл ахуыргӕнинӕгтӕ сӕххормаг сты ӕмӕ ӕфсиртӕ тонынц ӕмӕ сӕ хӕрынц. Фӕлӕ сабат кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыддаг адӕм ӕнӕфӕхатгӕ нӕ фесты.
Чысыл раздӕр дины разамонджытӕ Йесойы марынмӕ хъавыдысты, сабат кӕй халы, уый тыххӕй. Ныр фарисейтӕн фӕзынд ӕндӕр ӕфсон дӕр: «Мӕнӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сабаты цы нӕ ӕмбӕлы, уый кӕнынц».
Фарисейтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ сӕ къухы ӕууӕрдын, мӕнӕу кӕрдын ӕмӕ най кӕныны хуызӕн у. Сабат хъуамӕ цин ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй бафидар кӕныны рӕстӕг уаид, фӕлӕ фарисейтӕ уыцы бон цы ис ӕмӕ цы нӕ ис аразӕн, уымӕн цӕхгӕр арӕнтӕ кӕй сӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ сабат адӕмӕн сси уаргъ. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо библион цӕвиттонтӕй ӕвдисы, Иегъовӕ Хуыцауы кӕй никуы фӕндыд, цӕмӕй сабаты закъон афтӕ карзӕй цыдаид ӕххӕстгонд.
Йесо дзуры, зӕгъгӕ, Давид ӕмӕ йӕ адӕм куы сӕххормаг сты, уӕд скинимӕ бацыдысты ӕмӕ кувӕндоны дзултӕй бахордтой. Уыцы дзултӕ Иегъовӕйы раз нал уыдысты ӕвӕрд, фӕлӕ ивд ӕрцыдысты ног дзултӕй ӕмӕ-иу сӕ уӕд сауджынтӕ хордтой. Фӕлӕ сӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕфхӕрд не ’рцыдысты.
Йесо сын ӕрхаста ӕндӕр цӕвиттон дӕр: «Нӕ кастыстут сымах закъоны, сабатбон сауджынтӕ кувӕндоны кӕй халынц сабаты ӕгъдау, уӕддӕр ӕнаххос сты?» О, кувӕндоны сауджынтӕ суанг сабаты дӕр хъуамӕ фос ӕргӕвстаиккой ӕмӕ ма ӕндӕр куыстытӕ дӕр кодтой, цӕмӕй нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ уыдаиккой. «Фӕлӕ зӕгъын сымахӕн,— ӕмбарын кӕны Йесо,— ам ис Уый, Кӕцы у стылдӕр кувӕндонӕй».
Дарддӕр Йесо уайдзӕф кӕны фарисейтӕн: «Куы зониккат сымах, цы амоны: „нывонд нӕ, фӕлӕ Мӕ хорзӕх хъӕуы“, уӕд не стӕрхон кодтаиккат ӕнаххостӕн». Кӕронбӕттӕны та загъта: «Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт у сабаты Хицау дӕр». Цы нысан кӕны уый? Ам Йесо йӕ миназон фӕрнджын паддзахиуӕгады кой кӕны.
Адӕймагад ныр 6 000 азы дӕргъы удхар кӕны Сайтан Хӕйрӕджы уӕззау ӕфсондзы бын, цыран тыхми ӕмӕ хӕстытӕ сты царды ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай. Фӕлӕ Чырыстийы паддзахиуӕгады рӕстӕджы, стыр Сабаты, ӕфхӕрд ӕмӕ фыдӕбӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Матфейы 12:1—8; Левит 24:5—9; 1 Паддзахӕдты 21:1—6; Нымӕцтӕ 28:9; Оси 6:6.
▪ Йесойы ахуыргӕнинӕгты цавӕр хъуыддаджы фӕзылынджын кодтой ӕмӕ цавӕр дзуапп ратта Йесо?
▪ Йесо фарисейтӕн цӕй тыххӕй бауайдзӕф кодта?
▪ Йесо «сабаты Хицау» цы хуызы у?