Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 99 радз.
  • Уӕллаг уаты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕллаг уаты
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Зӕрдылдарӕн бон — дӕ царды дӕр ахады
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Ма рох кӕнӕм Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты хорздзинад
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 99 радз.
Йесойы фӕстаг ӕхсӕвӕр йӕ иузӕрдион апостолтимӕ

99 РАДЗЫРД

Уӕллаг уаты

НОДЖЫДӔР ма дыууӕ боны рацыд, ныр у цыппӕрӕм. Йесо ӕмӕ йӕ дыууадӕс апостолы ссыдысты ацы стыр уатмӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕр иумӕ бахӕрынмӕ. Дуарӕй чи фӕхизы, уый та Искариотаг Иудӕ у. Сауджынтӕм фӕцӕуы, цӕмӕй сын зӕгъа, Йесойы сӕ бон ӕрцахсын куыд у, уый.

Иудӕ ма сӕм уыди иу боны размӕ дӕр ӕмӕ сӕ бафарста: «Йесойы ӕрцахсынӕн уын куы баххуыс кӕнон, уӕд мын цы ратдзыстут?» Сауджынтӕ йын загътой: «Ӕртын ӕвзист ӕхцайы». Ӕмӕ та сӕм ныр Иудӕ ногӕй фӕцӕуы, цӕмӕй сын зӕгъа, Йесо кӕм ис, уый. Цӕй ӕвзӕр хъуыддаг аразы – афтӕ нӕу?

Куадзӕны ӕхсӕвӕр фӕци. Фӕлӕ ныр Йесо райдыдта ӕндӕр, ног ӕхсӕвӕр. Йӕ апостолтӕм дзул алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Хӕрут ӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дзул нысан кӕны мӕ буар, кӕцы лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй». Уый фӕстӕ та сӕм радта сӕны къус ӕмӕ сын загъта: «Нуазут ӕй, уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг, кӕцы калд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй». Библийы уыцы ӕхсӕвӕр хуыйны «Хицауы ӕхсӕвӕр».

Израилӕгтӕ Куадзӕны хӕринӕгтӕ хордтой, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, Египеты Хуыцауы зӕд сӕ хӕдзӕртты «иувӕрсты» кӕй ацыд, египетӕгты хӕдзӕртты та фыццаггуырдты кӕй ныццагъта, уый. Фӕлӕ ныр Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарой, уыдон тыххӕй йӕ цард куыд радта, уый. Уӕдӕ сын растдӕр уый тыххӕй дзуры ныр, цӕмӕй алы аз дӕр аразой ахӕм сӕрмагонд ӕхсӕвӕр.

Уыцы Ӕхсӕвӕры фӕстӕ Йесо йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсой ӕмӕ фидар лӕууой. Фӕстагмӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты ӕмӕ ацыдысты уыцы бынатӕй. Ныр тынг ӕнафон у, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбисӕхсӕвӕй дӕр ахызт. Цӕй уӕдӕ базонӕм, кӕдӕм ацыдысты, уый.

Матфейы 26:14–30; Лукайы 22:1–39; Иоанны, 13–17 сӕртӕ; 1 Коринфӕгтӕм 11:20.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын