37 СӔР
Ма рох кӕнӕм Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты хорздзинад
ЗӔГЪӔМ, чидӕр дын цыдӕр балӕвар кодта. Зӕгъ-ма, куыд бакӕндзынӕ? ~ Ӕрмӕстдӕр ын бузныг зӕгъдзынӕ ӕмӕ уыцы адӕймаджы ферох кӕндзынӕ? Ӕви-иу ын йӕхи дӕр ӕмӕ дын цы хорздзинад сарӕзта, уый дӕр арӕх ӕрхъуыды кӕндзынӕ?
Йегъовӕ нын скодта иу диссаджы лӕвар. Йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй амардаид. Зоныс ӕй, Йесо мах тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ амардаид? ~ Цӕмӕн амард, уый нӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы зонын ӕмӕ ӕмбарын.
23-аг сӕрӕй базыдтам, Адам Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдта, уымӕй тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Ӕмӕ иууылдӕр нӕ фыд Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд. Куыд хъуыды кӕныс, цӕмӕй уыцы тӕригъӕдӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? ~ Мах хъӕуы ӕндӕр фыд. Уый хъуамӕ уа, алцӕмӕй дӕр ӕххӕст чи уыди, ахӕм адӕймаг. Куыд дӕм кӕсы, чи уыди ахӕм адӕймаг? ~ Уый уыди Йесо Чырысти.
Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй Адамы бӕсты нӕ фыд суыдаид. Библийы афтӕ ис фыст: «„Фыццаг Адам сси удӕгас адӕймаг“. Фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг уд». Фыццаг Адам чи уыд? ~ Хуыцау сыджытӕй кӕй скодта, уыцы адӕймаг. Дыккаг Адам та чи у? ~ Йесо. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Фыццаг адӕймаг [Адам] у зӕххон, ӕмӕ конд у сыджытӕй, дыккаг та [ома Йесо] у уӕларвӕй» (1 Коринфӕгтӕм 15:45, 47; Райдиан 2:7).
Хуыцау Йесойы цард уӕлӕрвтӕй Марийӕйы гуыбынмӕ кӕй рахаста, уый фӕрцы Йесо Адамӕй йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста. Уый тыххӕй Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг (Лукайы 1:30–35). Ӕмӕ куы райгуырд, уӕд зӕд дӕр фыййӕуттӕн уымӕн загъта афтӕ: «Абон уын райгуырд Ирвӕзынгӕнӕг» (Лукайы 2:11). Фӕлӕ Йесо уыди гыццыл сывӕллон, ӕмӕ цӕмӕй нӕ Ирвӕзынгӕнӕг суыдаид, уый тыххӕй йӕ цы хъуыди? ~ Хъуамӕ сыстыр уыдаид, уымӕн ӕмӕ Адам дӕр сывӕллон нӕ уыд, фӕлӕ стыр адӕймаг. Ӕмӕ уӕд Йесо суыдаид «дыккаг Адам».
Йесо ӕрмӕст нӕ Ирвӕзынгӕнӕг нӕу, фӕлӕ ма уый суыдзӕн нӕ «Ӕнусон Фыд» дӕр. Уый тыххӕй дӕр фыст ис Библийы (Исай 9:6, 7). О, Йесо уыд алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у, цӕмӕй Адамы бӕсты нӕ фыд суа, уымӕн ӕмӕ Адам тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй сси ӕнӕххӕст адӕймаг. Уӕдӕ нӕ бон у «дыккаг Адамы» нӕ фыд схонын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн йӕхицӕн дӕр ис Фыд – Йегъовӕ Хуыцау.
Адам ӕмӕ Йесо ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты? Уый афтӕ цӕмӕн хъуамӕ уыдаид?
Цӕмӕй Йесойы нӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл банымайӕм, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хуыздӕр базонын. Хъуыды ма йӕ кӕныс, цӕмӕй нӕ хъӕуы фервӕзын кӕнын? ~ О, Адамӕй нӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастам, уымӕй. Ӕмӕ Йесо, алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг, йӕ цард мах тыххӕй радта. Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы нын хатыргонд цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 5:8; 6:23).
Хуыцау ӕмӕ нын йӕ Фырт цы хорздзинад сарӕзтой, уый нӕ нӕ фӕнды ферох кӕнын. Афтӕ нӕу? ~ Ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ уыцы хорздзинад ма рох кӕна.
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ды дӕ Иерусалимы иу хӕдзары. У ӕхсӕв. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бадынц фынгыл. Фынгыл ис артыл фых уӕрыкк, донгонд дзултӕ ӕмӕ сырх сӕн. Фӕлӕ уый ӕнӕуи ӕхсӕвӕр нӕу. Зоныс ӕй, цӕмӕн ӕй арӕзтой? ~
Уыцы ӕхсӕвӕр-иу арӕзтой, цӕмӕй ма ферох кодтаиккой, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ цы сарӕзта, уый. Уӕд Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Алчидӕр уӕ йӕ бинонтӕн аргӕвдӕд уӕрыкк, ӕмӕ йын йӕ тугӕй байсӕрдут уӕ дуӕртты алыварс». Стӕй сын загъта: «Мидӕмӕ бацӕут ӕмӕ уӕрыччы дзидза бахӕрут».
Уӕрыччы туг израилӕгты куыд фервӕзын кодта?
Израилӕгтӕ афтӕ бакодтой. Ӕмӕ уыцы ’хсӕв Хуыцауы зӕд ӕрзылд Египетыл ӕмӕ бирӕ хӕдзӕртты фыццаггуырд сывӕллӕтты амардта. Фӕлӕ, йӕ дуары алыварс уӕрыччы тугӕй сӕрст кӕмӕн уыд, уыцы хӕдзары рӕзты та-иу зӕд ацыд. Уыцы хӕдзӕртты иу сывӕллон дӕр нӕ амард. Йегъовӕйы зӕд цы сарӕзта, уымӕй фараон, Египеты паддзах, тынг фӕтарст, ӕмӕ израилӕгтӕн загъта: «Сӕрибар стут. Ацӕут Египетӕй!» Уӕд сӕ хӕссинӕгтӕ теуатыл ӕмӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой, ӕмӕ рацыдысты.
Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм макуы ферох кодтаиккой, куыд сӕ ссӕрибар кодта, уый. Ӕмӕ сын загъта: «Абон цы ӕхсӕвӕр хордтат, ахӕм ӕхсӕвӕр хъуамӕ хӕрат аз иу хатт». Израилӕгтӕ уыцы ӕхсӕвӕр схуыдтой Куадзӕн. Зоныс, афтӕ йӕ цӕмӕн схуыдтой? ~ Уымӕн ӕмӕ Куадзӕн, дзуттагау Песах, комкоммӕ нысан кӕны «искӕй рӕзты ацӕуын». Уыцы ’хсӕв Хуыцауы зӕд, йӕ дуары алыварс тугӕй ахуырст кӕмӕн уыд, уыцы хӕдзӕртты «рӕзты ацыд» (Рацыд 12:1–13, 24–27, 31).
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕны хӕринӕгтӕ куы хордтой, уӕд хъуыды кодтой ӕппӕт уыдӕттыл. Уый фӕстӕ Йесо иу стыр хъуыддаг сарӕзта. Уӕдмӕ Иудӕ, чи йӕ ауӕй кодта, уыцы апостол, ацыд. Йесо райста дзул, скуывта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта. «Айсут ӕмӕ хӕрут»,– загъта сын Йесо. Уый фӕстӕ сын бамбарын кодта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй».
Стӕй та райста сырх сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут». Ӕмӕ сын бамбарын кодта: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг. Тагъд мӕ туг ныккӕлдзӕн, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзат. Цал хатты дзы нуазат, уал хатты афтӕ кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Матфейы 26:26–28; 1 Коринфӕгтӕм 11:23–26).
Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый махӕн хорзӕй цы дӕтты?
Кӕсыс, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ кӕной йӕ ӕрымысыны тыххӕй. Уыдоны нал хъуыди Куадзӕн бӕрӕг кӕнын. Ныр уый бӕсты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ алы аз дӕр иу хатт хъуамӕ кодтаиккой ахӕм ӕхсӕвӕр, Йесо йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый ӕрымысыны тыххӕй. Уыцы ӕхсӕвӕр хуыйны Хицауы ӕхсӕвӕр. Абон ма йӕ хонӕм Ӕрымысӕн изӕр дӕр. Зоныс, цӕмӕн? ~ Уымӕн ӕмӕ уыцы ӕхсӕвӕры фӕрцы ӕрымысӕм, Йесо Чырысти ӕмӕ нын йӕ Фыд Йегъовӕ Хуыцау цы хорздзинад сарӕзтой, уый.
Дзул ӕвдисы Йесойы буар. Уый йӕ буар мах тыххӕй радта, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Сырх сӕн та цы ’вдисы? ~ Йесойы зынаргъ туг. Йесойы туг бирӕ зынаргъдӕр у, израилӕгтӕ Куадзӕнмӕ Египеты цы уӕрыччыты аргӕвстой, уыдоны тугӕй. Зоныс ӕй, цӕмӕн? ~ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойы туджы фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц. Ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр куы фервӕзӕм, уӕд рынчын дӕр ничиуал кӕндзӕн, зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Ӕрымысӕн изӕры куы вӕййӕм, уӕд.
Цымӕ Ӕрымысӕн изӕры чи вӕййы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ис дзулӕй хӕрӕн ӕмӕ сӕнӕй нуазӕн? ~ Дзулӕй хӕрӕн ӕмӕ сӕнӕй нуазӕн кӕмӕн ис, уыдонӕн Йесо афтӕ загъта: «Сымах мемӕ уыдзыстут мӕ паддзахады ӕмӕ уӕлӕрвты мемӕ баддзыстут паддзахбадӕнтыл» (Лукайы 22:19, 20, 30). Ома уыдон уӕларвмӕ ацӕудзысты ӕмӕ Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Уӕдӕ дзулӕй хӕрӕн ӕмӕ сӕнӕй нуазӕн ис, уӕлӕрвты Йесоимӕ чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн.
Фӕлӕ дзулӕй чи нӕ фӕхӕры ӕмӕ сӕнӕй чи нӕ фӕнуазы, уыдон дӕр-иу хъуамӕ ӕрбацӕуой Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Зоныс ӕй, цӕмӕн? ~ Уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ цард мах тыххӕй дӕр радта. Ӕрымысӕн изӕры кӕй вӕййӕм, уымӕй равдисӕм, Хуыцау нын цы диссаджы лӕвар скодта, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм.
Йесо йӕхи мах тыххӕй кӕй радта, уымӕн стыр аргъ кӕй ис, уый бакӕсӕн ис 1 Коринфӕгтӕм 5:7; Ефесӕгтӕм 1:7; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6 ӕмӕ 1 Петры 1:18, 19.