Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ssb 66 зарӕг
  • Уазӕгуарзон ут!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уазӕгуарзон ут!
  • Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕрӕдзийыл узӕлӕм
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Кӕрӕдзийыл узӕлӕм
    Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Нӕ ном макуы фӕчъизи кӕнӕм
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Нӕ ном макуы счъизи кӕнӕм
    Зарут Йегъовӕйӕн!
Фылдӕр фенын
Зарут Иегъовӕйы кадӕн
Ssb 66 зарӕг

66 (155) зарӕг

Уазӕгуарзон ут!

(Ромӕгтӕм 15:7)

1. Цӕй, уе ’ппӕт дӕр ут уазӕгуарзон, Йесойау, сымах!

Уый амард де ’фсымӕры тыххӕй, ’мӕ йын у зынаргъ.

Цӕй, чи у фидар ’мӕ фӕлтӕрд — лӕмӕгътӕн уӕд ӕххуыс,

Рӕстдзинадмӕ тырнгӕйӕ сын тыхджын кӕнӕд сӕ ныфс.

Цы ныффыстой кӕддӕр Хуыцауы пехуымпартӕ, уый

Рӕвдауы мах, тых нын дӕтты, нӕ ныфс ууыл лӕууы.

Цӕй, хи уд ӕмӕ хи пайдайыл макуы уӕд нӕ мӕт,

Нӕхи удау зынаргъ нын алкӕд не ’фсымӕртӕ уӕнт.

2. Иегъовӕ ’мбырд кӕны, хӕцын чи нал ахуыр кӕндзӕн.

Йӕ Фырты руаджы ’гас зӕххыл кӕддӕры фарн уыдзӕн.

Уый алы знӕмӕй, алы ’взагӕй адӕмы кӕны,

Сӕ зӕрдӕты, сӕ зонды сын йӕ закъӕттӕ фыссы.

Нӕ зӕрдӕтӕ, Хуыцауы кадӕн, ауӕрӕх кӕнӕм,

Уӕд цавӕрфӕнды адӕймаг — хӕларзӕрдӕ йӕм уӕм.

Парахатзӕрдӕ уӕм Хуыцауау, уый у махӕн кад.

Нӕ зӕрдӕты, йӕ Фыртау, раттӕм алкӕмӕн бынат.

3. Цӕй, ’ппӕт адӕмтӕм сидӕм, Паддзах Иагъӕн кад кӕной,

Йӕ кадӕн зарой, цинӕфсӕст йӕ адӕмимӕ уой.

Гъе уымӕн хъуамӕ хӕдзӕртты ’мӕ уынгты уац хӕссӕм

’Мӕ алкӕмӕн Иегъовӕйы кад фехъусын кӕнӕм.

Кӕд ма кӕндзыстӕм мах Хуыцауы кадӕн ахӕм зард!

Фыдадӕмӕн ӕцӕгӕйдӕр сӕ бонтӕ сты нымад.

Хуыцау рӕстаг кӕй у, уый ’вдисӕм ’фсымӕруарзтӕй, цӕй,

Йӕ Ныхас нын куыд дзуры, афтӕ — уазӕгуарзонӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын