34 зарӕг
Нӕ ном макуы счъизи кӕнӕм
1. Кадджын Йегъовӕ, ӕнусон Хуыцау дӕ,
Стыр у дӕ хъару, ӕгӕрон – дӕ уарзт.
Ды дӕ рӕстдзинады, ’ппӕт зонды суадон,
Хицау уӕлӕрвты дӕ – иунӕг ’мӕ раст.
Мах дын зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм алкӕд,
Хорз хабар цингӕнгӕ хъусын кӕнӕм.
БАЗАРД
Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, кад у уый махӕн.
Уыцы ном макуы ысчъизи кӕнӕм!
2. Дарддӕр лӕггад кӕнӕм, архайӕм иумӕ,
’Фсымӕрон уарзт ӕмӕ фарн мах бӕтты.
Тауӕм дӕ рӕстдзинад, кадджын кӕнӕм дӕу.
Уый фӕрцы хъӕлдзӕг нӕ зӕрдӕтӕ сты.
Мах, о Йегъовӕ, дӕ номӕй кӕй зонынц,
Уый фадат у, ’мӕ дӕуӕн кад хӕссӕм.
БАЗАРД
Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, кад у уый махӕн.
Уыцы ном макуы ысчъизи кӕнӕм!
(Кӕс ма Дык. з. 32:4; Пс. 43:3; Дан. 2:20, 21.)