8 сӕр
Тыхгӕнӕг хицауӕй лыгъд
ИОСИФ хъал кӕны Мариайы, цӕмӕй йын фӕдисы хабар фехъусын кӕна. Иегъовӕйы зӕд ӕм фыны фӕзынд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Сыст, акӕн Сывӕллоны ӕмӕ Йӕ Мады, ӕмӕ алидз Египетмӕ, ӕмӕ уым у, цалынмӕ дын зӕгъон уӕдмӕ; уымӕн ӕмӕ Ироды фӕнды агурын Сывӕллоны, цӕмӕй Йӕ фесафа».
Тагъд-тагъд сӕхи арӕвдз кодтой ӕмӕ ӕртӕйӕ араст сты фӕндагыл. Ӕмӕ уый афойнадыл уыд, уымӕн ӕмӕ Ирод базыдта, астрологтӕ йӕ кӕй фӕсайдтой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕм кӕй аздӕхтысты. Куыд зоныс, афтӕмӕй, уыдон Йесойы куы ссардтаиккой, уӕд хъуамӕ Иродӕн фехъусын кодтаиккой. Ирод тынг смӕсты. Йесойы амарыны тыххӕй бардзырд дӕтты, цӕмӕй Вифлеемы ӕмӕ ӕппӕт облӕсты дыууӕ азы онг цыдӕриддӕр лӕппутӕ ис, уыдоны амарой. Уыцы карыл бындуриуӕг кӕны Скӕсӕнӕй ӕрцӕуӕг астрологты ныхӕстӕм гӕсгӕ.
Сабиты марын ӕцӕгдӕр ӕвирхъау хабар у! Ироды ӕфсӕдтӕ бырсынц иу хӕдзарӕй иннӕмӕ. Гыццыл лӕппуты куы ссарынц, уӕд сӕ сӕ мадӕлты къухтӕй раскъӕфынц. Цал лӕппуйы амардтой, уый мах нӕ зонӕм, фӕлӕ уыцы мадӕлты кӕуын ӕмӕ дзыназынӕй сӕххӕст Библийы фыст, Хуыцауы пехуымпар Иеремийы пехуымпарад.
Уӕдмӕ Иосиф йӕ бинонтимӕ сӕрӕгасӕй ныххӕццӕ Египетмӕ ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕлӕ иу ӕхсӕв Иегъовӕйы зӕд ногӕй фӕзынд Иосифмӕ фыны ӕмӕ йын зӕгъы: «Сыст, акӕн Сывӕллоны ӕмӕ Йӕ Мады ӕмӕ ацу Израилы бӕстӕм, уымӕн ӕмӕ амардысты Сывӕллоны уды агурджытӕ». Афтӕмӕй бинонтӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты сӕ райгуырӕн зӕхмӕ, ӕмӕ уымӕй сӕххӕст ӕндӕр библион пехуымпарад, кӕцыйы дзырдӕуы, Хуыцауы Фырт Египетӕй конд кӕй ӕрцӕудзӕн.
Ӕвӕццӕгӕн, Иосифы фӕстӕмӕ фӕндыд ӕрцӕрын, Египетмӕ алидзыны агъоммӕ кӕм цард, уым, Иудейы, Вифлеемы сахары. Фӕлӕ ныр Иудейы хицауиуӕг кӕны Ироды фыдзӕрдӕ фырт Архелай, ӕмӕ та фыны Иегъовӕ фӕдзӕхсы Иосифы уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ араст сты цӕгатырдӕм ӕмӕ ӕрцардысты Галилейы, Назареты. Ам, иудейаг динон цардӕй дард, хъомыл кӕны Йесо. Матфейы 2:13—23; Иереми 31:15; Оси 11:1
▪ Цавӕр ӕвирхъау бардзырд дӕтты Ирод, астрологтӕ йӕм кӕй не ’рбаздӕхтысты, уый бамбаргӕйӕ, фӕлӕ Йесо куыд фервӕзт?
▪ Египетӕй ӕрыздӕхгӕйӕ, Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ фӕстӕмӕ Вифлеемы цӕуылнӕ ӕрцардысты?
▪ Цавӕр библион пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты уыцы рӕстӕджы?