Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 8 сӕр, 24 ф.–25 ф., 1 абз.
  • Ӕгъатыр хицауы къухӕй аирвӕзтысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕгъатыр хицауы къухӕй аирвӕзтысты
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тыхгӕнӕг хицауӕй лыгъд
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Уыди фӕзминаг фыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иосиф уыди хорз фыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 8 сӕр, 24 ф.–25 ф., 1 абз.
Паддзах Ирод бардзырд радта, цӕмӕй Вифлеемы гыццыл лӕппуты ныццӕгъдой

8 СӔР

Ӕгъатыр хицауы къухӕй аирвӕзтысты

МАТФЕЙЫ 2:13–23

  • ИОСИФ ӔМӔ МАРИЙӔ ЙЕСОИМӔ ЕГИПЕТМӔ АЛЫГЪДЫСТЫ

  • ИОСИФ ЙӔ БИНОНТЫ ӔРКОДТА НАЗАРЕТМӔ

Иосиф Марийӕйы райхъал кодта, фӕдис, зӕгъгӕ. Уымӕй йӕм гыццыл раздӕр фыны Йегъовӕйы зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ Египетмӕ алидз. Уым лӕуу, цалынмӕ дын нӕ зӕгъон, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис сывӕллоны ссарын ӕмӕ йӕ амарын» (Матфейы 2:13).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ уайтагъд сӕ фырты арӕвдз кодтой ӕмӕ, цалынмӕ не ’рбабон, уӕдмӕ сӕхи уырдыгӕй айстой. Гыццыл дӕр куы бафӕстиат уыдаиккой, уӕд сын байрӕджы уыдаид, уымӕн ӕмӕ Ирод базыдта, астрологтӕ йӕ кӕй асайдтой. Фӕстӕмӕ-иу мӕн уылты рацӕут, зӕгъгӕ сын бӕргӕ загъта, фӕлӕ уыдон сӕхимӕ ӕндӕр фӕндагыл аздӕхтысты. Ӕмӕ Ирод мӕстӕй рафыхт. Цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ Йесойы амара. Уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта, цӕмӕй Вифлеемы ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты иууылдӕр ныццагътаиккой. Скӕсӕнӕй чи ’рцыд, уыцы астрологтӕ йын цы загътой, уымӕ гӕсгӕ банымадта, сывӕллоныл уыйбӕрц кӕй хъуамӕ цыдаид.

Ӕфсӕддон гыццыл лӕппуйы йӕ мады къухтӕй ратыдта

Уымӕй ӕвирхъаудӕр хабар ма цы хъуамӕ уа! Уӕд цал гыццыл лӕппуйы амардтой, уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ, йӕ хъӕбулӕй афтид чи аззад, уыцы мадӕлты хъарӕг ӕмӕ ӕрдиагӕй сӕххӕст, Хуыцау йӕ Ныхасы пехуымпар Йеремийӕн кӕй ныффыссын кодта, уыцы пехуымпарад (Йереми 31:15).

Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ та Египетмӕ алыгъдысты ӕмӕ иуцасдӕр уым цардысты. Фӕлӕ иу ӕхсӕв Йегъовӕйы зӕд Иосифмӕ ногӕй фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ, сывӕллоны марынмӕ чи хъавыд, уыдон амардысты» (Матфейы 2:20). Гъемӕ Иосиф ахъуыды кодта, ныр сӕ бон кӕй у сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхын. Ӕмӕ уымӕй дӕр сӕххӕст Библийы фыст пехуымпарад – Хуыцау йӕ Фырты Египетӕй ракодта (Оси 11:1).

Иосиф йӕ бинонтимӕ цалынмӕ Египетмӕ нӕ алыгъд, уӕдмӕ цард Вифлеемы. Ӕмӕ ныр дӕр йӕ зӕрды уыд Иудейӕмӕ ӕрыздӕхын ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Вифлееммӕ хӕстӕг искуы ӕрцӕрын. Фӕлӕ йӕ базыдта, Ироды фӕстӕ Иудейӕйы паддзах кӕй сси йӕ фырт Архелай. Ӕмӕ Архелай та уыди тынг ӕгъатыр адӕймаг. Стӕй Иосифы Хуыцау дӕр фыны бафӕдзӕхста, уым цӕрын сын тӕссаг кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд Иосиф йӕ бинонтимӕ ацыд дарддӕр цӕгатырдӕм ӕмӕ ӕрцард Галилейӕйы, горӕт Назареты. Уым Йесо дард уыд Иерусалимӕй, дзуттаг дины разамонджытӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй. Уӕдӕ, Йесо кӕм схъомыл, уымӕй дӕр та сӕххӕст пехуымпарад, «схондзысты йӕ назаретаг», зӕгъгӕ (Матфейы 2:23).

  • Астрологтӕ Иродмӕ куы не ’рбаздӕхтысты, уӕд уыцы ӕгъатыр паддзах цы сарӕзта? Хуыцау гыццыл Йесойы куыд бахъахъхъӕдта?

  • Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд фӕстӕмӕ Вифлеемы цӕуылнӕ ӕрцардысты?

  • Уыцы рӕстӕг цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын