Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 9 сӕр
  • Йесойы сабийы бонтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесойы сабийы бонтӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъомыл кодта Назареты
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Уыди фӕзминаг фыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иосиф уыди хорз фыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Ӕрыгон Йесо
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 9 сӕр

9 сӕр

Йесойы сабийы бонтӕ

ЙЕСО хъомыл кӕны къаннӕг сахар Назареты. Уый ис, Изреелы рӕсугъд дӕлвӕзмӕ хӕстӕг хӕхбӕстӕ Галилейы.

Иосиф ӕмӕ Мариа дыууӕаздзыд Йесоимӕ Египетӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Йесо Мариайӕн уыд иунӕг фырт. Фӕлӕ афтӕ бирӕ нӕ ахаста. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ фӕзындысты Иаков, Иосий, Симон ӕмӕ Иудӕ, стӕй ма Мариа ӕмӕ Иосифӕн райгуырд чызджытӕ дӕр. Ӕдӕппӕтӕй Йесойӕн ис ӕхсӕз кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ хойы.

Йесойӕн ма ис ӕндӕр хӕстӕджытӕ дӕр. Мах уал дзы зонӕм сӕ иуы, Иоанны, кӕцы цӕры дард Иудейы. Фӕлӕ бынтон хӕстӕг, сӕрмагондӕй та Галилейы, цӕры Саломиа, ӕвӕццӕгӕн, Мариайы хо. Саломиа у Зеведейы ус ӕмӕ йӕ лӕппутӕ Иаков ӕмӕ Иоанн сты Йесоимӕ дыууӕ хойы зӕнӕг. Мах нӕ зонӕм, Йесо гыццылӕй цас рӕстӕг уыдис уыцы лӕппутимӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон систы йе ’ввахс хӕлӕрттӕ.

Иосифӕн йӕ бинонтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕ кусы, цӕмӕй сӕ йӕ бон уа дарын. Уый у пълотник. Иосиф Йесойы йӕхи лӕппуйау кӕй хъомыл кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕ хонынц «пълотничы фырт». Иосиф ахуыр кӕны Йесойы пълотничы дӕсниадыл, ӕмӕ йын хорз ахуыргӕнинаг у. Уый фӕстиуӕгӕн фӕстӕдӕр Йесойы тыххӕй адӕм дзурынц: ‘Уый пълотник у’.

Иосифӕн йӕ бинонты царды фыццаг бынат ахсы Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынад. Иосиф ӕмӕ Мариа сӕ сывӕллӕттӕн дӕттынц духовон хъомылад «хӕдзары бадгӕйӕ, ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕмӕ схуысгӕйӕ ӕмӕ сыстгӕйӕ» ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы Закъон. Назареты ис ӕмбырдгӕнӕн, ӕмӕ Иосиф, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бинонты алыхатт дӕр акӕны уырдӕм кувынмӕ. Иуыл стырдӕр циндзинад та сын хӕссынц ӕрвылазон балцтӕ Иерусалиммӕ Иегъовӕйы кувӕндонмӕ. Матфейы 13:55, 56; 27:56; Маркы 15:40; 6:3; Дыккаг закъон 6:6—9.

▪ Йесойӕн иуыл къаддӕр цал кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ хойы ис ӕмӕ куыд хуыйнынц уыдонӕй иуӕй-иутӕ?

▪ Чи сты Йесойы ӕртӕ зындгонд хӕстӕджы?

▪ Цавӕр куыст кодта Йесо ӕмӕ цӕмӕн?

▪ Цавӕр ахсджиаг зондамынд дӕтты Иосиф йӕ бинонтӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын