Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 9 сӕр, 26 ф.–27 ф., 1 абз.
  • Хъомыл кодта Назареты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъомыл кодта Назареты
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесойы сабийы бонтӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Уыди фӕзминаг фыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иосиф уыди хорз фыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Ӕрыгон Йесо
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 9 сӕр, 26 ф.–27 ф., 1 абз.
Иосиф Йесойы ахуыр кӕны хъӕддӕсныйы куыстыл

9 СӔР

Хъомыл кодта Назареты

МАТФЕЙЫ 13:55, 56 МАРЧЫ 6:3

  • ИОСИФ ӔМӔ МАРИЙӔЙЫ ЦОТ СБИРӔ СТЫ

  • ЙЕСО САХУЫР ХЪӔДДӔСНЫЙЫ КУЫСТЫЛ

Йесо хъомыл кодта гыццыл горӕт Назареты. Горӕт уыди Галилейӕйы хӕхбӕсты, Галилейӕйы денджыз кӕй хонынц, уыцы стыр цадӕн ныгуылӕнырдыгӕй.

Йесойыл, ӕвӕццӕгӕн, дыууӕ азы бӕрц куы цыди, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ Египетӕй уырдӕм ӕркодтой. Куыд зыны, афтӕмӕй сын уыцы рӕстӕг Йесойы йеддӕмӕ ӕндӕр сывӕллӕттӕ нӕма уыди. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесойӕн фӕзынд, мадӕй иу, фыдӕй хицӕн кӕимӕ уыд, ахӕм ӕфсымӕртӕ – Иаков, Иосиф, Симеон ӕмӕ Иудӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн райгуырд чызджытӕ дӕр. Уӕдӕ Йесойӕн кӕстӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыди ӕппынкъаддӕр ӕхсӕз.

Йесойӕн ӕндӕр хӕстӕджытӕ дӕр куыннӕ уыди. Зӕгъӕм, уымӕй размӕ дзы базонгӕ стӕм Елизаветӕимӕ ӕмӕ йӕ фырт Иоаннимӕ. Уыдон цардысты Назаретӕй дард, бӕстӕйӕн йӕ хуссар хайы – Иудейӕйы. Сӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ та цардысты Галилейӕйы, ома сӕхӕдӕг кӕм цардысты, уым. Уыдонӕй иу уыд Саломи. Уыцы сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, уыди Марийӕйӕн йӕ хо, Йесойӕн та – йӕ мады хо. Саломийӕн йӕ лӕг хуынди Зеведей. Ӕмӕ сӕ дыууӕ фырты, Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Йесойы ӕмхӕрӕфырттӕй ӕппӕты хистӕртӕ. Йесо гыццылӕй уыцы лӕппутимӕ йӕ рӕстӕг арӕх ӕрвыста ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ куы сыстыр сты, уӕд Иаков ӕмӕ Иоанн систы Йесойы апостолтӕ ӕмӕ йӕ хорз ӕмбӕлттӕ.

Уыцы стыр бинонты фӕдарыны тыххӕй Иосифы бирӕ фыдӕбон кӕнын хъуыди. Иосиф хъӕддӕсныйы куыст кодта. Ӕмӕ Йесойы дӕр, хи фыртау ӕй кӕй хъомыл кодта, уымӕ гӕсгӕ хуыдтой «хъӕддӕсныйы фырт» (Матфейы 13:55). Иосиф Йесойы дӕр уыцы куыстыл ахуыр кодта. Лӕппу тынг зӕрдӕргъӕвд уыди, ӕмӕ, куы сыстыр, уӕд ын адӕм йӕхицӕй дӕр дзырдтой, «ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу», зӕгъгӕ (Марчы 6:3).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы зондыл ахуыр кӕнынц

Иосифы бинонтӕн сӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыди Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ, Хуыцауы Закъоны куыд фыст уыд, афтӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕты Йегъовӕйы зондыл арӕзтой, «хӕдзары куы бадтысты», уӕд дӕр ӕмӕ, «фӕндагыл куы цыдысты, куы-иу схуыссыдысты ӕмӕ-иу куы сыстадысты», уӕд дӕр (Дыккаг закъон 6:6–9). Назареты уыди ӕмбырдгӕнӕн. Ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Иосиф-иу йӕ бинонты алы къуыри дӕр уырдӕм Йегъовӕйӕн кувынмӕ кӕй акодта. Фӕстӕдӕр Йесойы тыххӕй афтӕ дӕр уымӕн загътой, зӕгъгӕ, «куыд ахуыр уыд, афтӕ та сабаты бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ» (Лукайы 4:16). Уымӕй уӕлдай ма Иосифы бинонтӕ алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ. Уый-иу се ’ппӕтӕн дӕр уыди цины рӕстӕг.

  • Йесойӕн ӕппынкъаддӕр цал ӕфсымӕры ӕмӕ хойы уыди?

  • Йесо цавӕр куыст кӕнын сахуыр ӕмӕ куыд?

  • Иосиф йӕ бинонты кӕй зондыл арӕзта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын