Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 10 сӕр
  • Балц Иерусалиммӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Балц Иерусалиммӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Ӕрыгон Йесо
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Гыццыл Йесо кувӕндоны
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо уыд коммӕгӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 10 сӕр

10 сӕр

Балц Иерусалиммӕ

РАЛӔУУЫД уалдзӕг. Ацы афон Иосифы бинонтӕ сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттимӕ араст вӕййынц ӕрвылазон уалдзыгон балцы Иерусалиммӕ, Куадзӕнмӕ. Ӕгас фӕндаг, 100 километры бӕрц, адӕм сӕ зӕрдӕты хӕссынц стыр циндзинад. Ныр Йесойыл 12 азы цӕуы, ӕмӕ уый уӕлдай цымыдисдзинадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕрӕгбонмӕ.

Йесо ӕмӕ йӕ бинонтӕн Куадзӕн ӕрмӕст иу боны хъуыддаг нӕу. Уыдон ма Иерусалимы ноджыдӕр ӕрлӕууыдысты, Куадзӕны хайыл кӕй нымайынц, уыцы авдбонон Ӕнӕнхъизӕнты бӕрӕгбонмӕ. Афтӕмӕй, сӕ райгуырӕн Назаретӕй Иерусалиммӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ балц ахаста дыууӕ къуырийы бӕрц. Фӕлӕ ацы аз Йесойы тыххӕй фылдӕр рӕстӕг сты фӕндагыл.

Зындзинад фӕзынд, Иерусалимӕй фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд. Иосиф ӕмӕ Мариа ӕнхъӕлдтой, Йесо семӕ фӕндагыл цӕуӕг хӕстӕджытӕ ӕмӕ хиуӕттимӕ кӕй ис. Фӕлӕ ӕхсӕвиуат кӕнынмӕ ӕрлӕугӕйӕ дӕр куы нӕ фӕзынд, уӕд ӕй агурын райдыдтой се ’мбӕлццӕтты ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ никуы ссардтой. Уӕд Иосиф ӕмӕ Мариа фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты ӕмӕ йӕ уым агурынц.

Бон-изӕрмӕ фӕцагуырдтой, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Дыккаг бон дӕр ӕй сӕ бон не сси ссарын. Ӕппынфӕстаг, ӕртыккаг бон, ацыдысты кувӕндонмӕ. Уым стыр уӕттӕй иуы иудейаг ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадти Йесо ӕмӕ ахуыргӕнджытӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстытӕ лӕвӕрдта.

«Мӕ Фырт, цы бакодтай Ды махимӕ? — фӕрсы йӕ Мариа. — Мӕнӕ, Дӕ фыд ӕмӕ Ӕз стыр зӕрдӕхъыгӕй агуырдтам Дӕу».

Йесомӕ диссаг фӕкаст, кӕм ӕй агурын хъуыд, уый кӕй нӕ зыдтой. «Цӕмӕн хъуыд сымах Мӕн агурын? ӕви сымах нӕ зыдтат, Мӕнӕн кӕй ӕмбӕлы уӕвын уым, Мӕ Фыды цы у?» — фӕрсы сӕ уый.

Йесойӕн йӕ бон нӕ уыд бамбарын, уый цӕуылнӕ зонынц йӕ ныййарджытӕ. Йесо раздӕхт йӕ ныййарджытимӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр сӕ коммӕ каст. Уый рӕзт зондӕй дӕр ӕмӕ физикон ӕгъдауӕй дӕр, уыд уарзон Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр. Ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ сабийы бонтӕй фӕстӕмӕ у диссаджы цӕвиттон, канд духовон хъуыддӕгтӕм цымыдисдзинадӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ ныййарджытӕн кӕй аргъ кодта, уымӕй дӕр. Лукайы 2:40—52; 22:7.

▪ Кӕдӕм фӕцӕуы Йесо йӕ хӕстӕджытимӕ алы аз дӕр уалдзӕджы ӕмӕ цас рӕстӕг ахӕссы уыцы балц?

▪ Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд сыл фӕндагыл цы хабар ӕрцыд?

▪ Цавӕр цӕвиттон ратта Йесо ныры фӕсивӕдӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын