12 сӕр
Йесойы аргъуыд
ИУ ӔХСӔЗ мӕйы размӕ Иоанн райдыдта хъусын кӕнын. Ныр ӕм Иорданы былмӕ ӕрбацыд 30-аздзыд Йесо. Цӕмӕн? Ӕрмӕстдӕр Иоанны фенынмӕ? Ӕви Йесойы Иоанны ӕнтыстытӕ цымыдис кӕнынц? Нӕ, Йесо йӕм ӕрбацыд аргъуыд райсынмӕ.
Фӕлӕ Иоанн нӕ разы кӕны: «Мӕныл ӕмбӕлы аргъуыд Дӕуӕй райсын, Ды та мӕнмӕ ӕрбацӕуыс?» Иоанн зоны, йӕ хӕстӕг, Йесо, Хуыцауы сӕрмагонд Фырт кӕй у. Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесойӕ сывӕрджын уӕвгӕйӕ, Мариа Елисаветӕмӕ куы бацыд, уӕд Иоанн фырцинӕй кӕй сызмӕлыд йӕ мады гуыбыны. Ӕнӕмӕнг, Иоаннӕн йӕ мад Елисаветӕ фӕстӕдӕр радзырдта уыцы хабар. Уый ма йын, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта, зӕд Йесойы райгуырд кӕй фехъусын кодта ӕмӕ ма йӕ райгуырды ӕхсӕв зӕдтӕ фыййӕуттӕм кӕй фӕзындысты, уый дӕр.
Уӕдӕ Йесо Иоаннӕн ӕцӕгӕлон нӕу. Афтӕ ма Иоанн зоны, цы аргъуыд дӕтты, уый Йесойӕн кӕй нӕу нысангонд, фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Йесо та ӕнӕтӕригъӕд у. Кӕд Иоанн нӕ разы кӕны, уӕддӕр Йесо фидарӕй дзуры: «Ныууадз ныр; уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕмбӕлы махӕн алы рӕстдзинад сӕххӕст кӕнын».
Йесо аргъуыд кӕй исы, уый раст цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Йесойы аргъуыд тӕригъӕдтыл фӕсмондзинад нӕ нысан кӕны, фӕлӕ йӕ цард йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй нывонд кӕны. Нырмӕ Йесо уыд пълотник, фӕлӕ ныр ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй райдайа, Иегъовӕ Хуыцау ӕй зӕхмӕ цы лӕггаддзинады тыххӕй рарвыста, уый. Дӕумӕ гӕсгӕ, Йесойӕн аргъуыд дӕтгӕйӕ, Иоанн исты диссагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Иоанн фӕстӕдӕр хъусын кӕны: «Мӕ [мӕн] доны аргъауынмӕ Рарвитӕг загъта мӕнӕн: „кӕуыл фенай Уды Ӕрцӕугӕ ӕмӕ уӕвгӕйӕ Ууыл, уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“». Уӕдӕ Иоанн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, аргъуыд кӕмӕн дӕтты, уыдонӕй искӕуыл Хуыцауы уд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йесо донӕй куы схызт, уӕд Иоанн куы федта «Хуыцауы Уды, Кӕцы ӕрцӕйцыд, куыд бӕлон ӕмӕ ӕрцӕйбадгӕ Ууыл», уӕд ӕм диссаг нӕ фӕкаст.
Фӕлӕ Йесойы аргъуыды рӕстӕджы ӕрмӕст уыцы цау не ’рцыд. «Фегом сты Уымӕн ӕрвтӕ». Цы нысан кӕны уый? Уый нысан кӕны, йӕ аргъуыды рӕстӕджы йӕ уӕларвон цард ӕгасӕйдӕр йӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууыд. Афтӕмӕй, Йесо ӕххӕстӕй ӕрхъуыды кодта, Иегъовӕ Хуыцауы духовон фырттӕй сӕ иу куы уыд, уыцы цард, уыимӕ йын йӕ зӕххон царды агъоммӕ уӕларвыл Хуыцау цы дзырдта, уыдӕттӕ дӕр.
Уымӕй уӕлдай ма, йӕ аргъуыды рӕстӕджы уӕларвӕй фехъуыста хъӕлӕс: «Уый у Мӕ уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон». Кӕй хъӕлӕс у уый? Йесойӕн йӕхи хъӕлӕс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уый у Хуыцауы хъӕлӕс. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо Хуыцау нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Фырт кӕй у.
Фӕлӕ фыццаг адӕймаг Адам Хуыцауы фырт куыд уыд, афтӕ Йесо дӕр у Хуыцауы адӕймагон Фырт. Ахуыргӕнинаг Лука афтӕ ӕвдисы Йесойы аргъуыд: «Йесо Йӕ куыст куы райдыдта, уӕд уыд ӕртыназдзыд ӕмӕ куыд ӕнхъӕл уыдысты, уыд Иосифы фырт, Илийы... Давиды... Авраамы... Нойы... Адамы, Хуыцауы».
Адам Хуыцауы фырт куыд уыд, афтӕ Йесо дӕр у ‘Хуыцауы фырт’. Уый у зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг, ӕмӕ уый фендзыстӕм Йесойы цард ахуыргӕнгӕйӕ. Фӕлӕ аргъуыд райсгӕйӕ, Йесо сси Хуыцауы духовон Фырт ӕмӕ йын ныр Хуыцауимӕ ис ног ахастытӕ. Зӕгъӕн ис, Хуыцау Йесойы йӕ зӕххон цард тӕрхонгонд адӕймагады сӕрвӕлтау раттыны фӕндагыл кӕй слӕууын кодта, уымӕй йӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ кӕй хоны. Матфейы 3:13—17; Лукайы 3:21—38; 1:34—36, 44; 2:10—14; Иоанны 1:32—34; Дзуттытӕм 10:5—9.
▪ Йесо ӕмӕ Иоанн кӕрӕдзийӕн цы бавӕййынц?
▪ Кӕд Йесо тӕригъӕдджын нӕу, уӕддӕр аргъуыд цӕмӕн райста?
▪ Йесойыл сыгъдӕг уды ӕрцыд фенгӕйӕ, Иоанн цӕуылнӕ бадис кодта?