74 СӔРГОНД
Йесо сси Мессийӕ
Иоанн адӕмӕн хъусын кодта: «Тагъд ӕрцӕудзӕн, мӕнӕй уӕлдӕр чи у, уый». Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд, уӕд Галилейӕйӕ ацыд Иорданы цӕугӕдонмӕ, Иоанн адӕмӕн донаргъуыд кӕм лӕвӕрдта, уырдӕм. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын Иоанн донаргъуыд раттаид, фӕлӕ йын Иоанн загъта: «Ӕз дӕуӕн нӕ, фӕлӕ ды мӕнӕн хъуамӕ раттай донаргъуыд». Йесо Иоаннӕн загъта: «Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды мӕнӕн раттай донаргъуыд». Уӕд сӕ дыууӕ дӕр Иорданы цӕугӕдонмӕ бацыдысты ӕмӕ Иоанн Йесойы ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕкодта.
Йесо донӕй куы рахызт, уӕд Хуыцаумӕ скуывта. Раст уыцы рӕстӕг арв фегом, ӕмӕ йыл Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцыд. Уӕд Йегъовӕ уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт».
Йегъовӕйы сыгъдӕг тых Йесойыл куы ’рцыд, уӕд сси Чырысти (кӕнӕ Мессийӕ). Ӕмӕ ныр йӕ бон уыд, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ цы хъуыддаджы тыххӕй рарвыста, уый кӕнын.
Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕмӕ уым фӕци 40 боны. Уырдыгӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ацыд Иоанны бабӕрӕг кӕнынмӕ. Иоанн ӕй куы ауыдта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы Уӕрыкк. Уый фӕрцы дунейӕн йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты». Уыцы ныхӕстӕй адӕмӕн бамбарын кодта, Йесо кӕй у Мессийӕ. Зоныс ӕй, Йесо ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд ыл цы ’рцыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.
«Уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Марчы 1:11)