13 сӕр
Йесойы фӕлварӕнтыл ахуыр кӕнын
АРГЪУЫДЫ хӕдфӕстӕ Йесойы Хуыцауы уд акодта Иудейы ӕдзӕрӕгранмӕ. Бирӕ цӕуылдӕртыл ӕй хъӕуы ахъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ аргъуыд райсгӕйӕ, «фегом сты Уымӕн ӕрвтӕ» ӕмӕ ныр йӕ бон у уӕларвон хъуыддӕгтӕ ӕмбарын. Ӕцӕгдӕр ӕй бирӕ цӕуылдӕртыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.
Йесо 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы ис ӕдзӕрӕгран ӕмӕ уыйбӕрц рӕстӕг уый ницы хӕры. Йесо тынг куы сӕххормаг, уӕд ӕй Хӕйрӕг фӕлвары ӕмӕ йын дзуры: «Кӕд Ды Хуыцауы Фырт Дӕ, зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Фӕлӕ Йесо зоны, цы диссаджы тых ӕм ис, уымӕй йӕхи фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнынӕн пайда кӕнын раст кӕй нӕу. Уыйадыл уыцы фӕлварӕн аиуварс кодта.
Фӕлӕ Хӕйрӕг нӕ басаст. Ногӕй та йӕ хъавы сайынмӕ. Уый Йесойӕн дзуры, цӕмӕй кувӕндоны сӕрӕй йӕхи аппара, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы зӕдтӕ фервӕзын кӕндзысты. Фӕлӕ Йесо нӕ разы кӕны ахӕм театралон равдыстыл. Йесо дзуры Фыстадӕй ӕмӕ ӕвдисы, Хуыцауы ахӕм хуызы фӕлварын раст кӕй нӕу.
Ӕртыккаг фӕлварӕны Хӕйрӕг Йесойӕн диссаджы хуызы ӕвдисы ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ йын дзуры: «Адон ӕппӕт ратдзынӕн Дӕуӕн, кӕд ӕрхаугӕйӕ мӕнӕн бакувай, уӕд». Фӕлӕ та ныр дӕр Йесо аиуварс кодта ӕвзӕр саразыны фӕлварӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй баззад Хуыцауыл.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы фӕлварӕнтӕ нӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц. Цӕвиттон, иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг адӕмы мидӕг фыддзинад у, фӕлӕ нын ацы фӕлварӕнтӕ та ӕвдисынц, уый ӕцӕг ӕнӕуынгӕ гоймаг кӕй у. Уымӕй уӕлдай нын Йесойы ӕртыккаг фӕлварӕн ӕвдисы, ӕппӕт дунейы хицауӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы къухы кӕй сты. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд Чырыстийы ахӕм хуызы куыд фӕлвӕрдтаид?
Ноджыдӕр ахъуыды кӕн: Хӕйрӕг загъта, Йесо йын куы бакува, уӕд ӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, суанг ма йын ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ дӕр кӕй ратдзӕн. Хӕйрӕджы бон у мах дӕр, нӕ къухы зӕххон хъӕздыгдзинад, бартӕ кӕнӕ стыр бынат кӕй фӕрцы бафтдзӕн, ахӕм цыбӕйлаг фӕндӕттӕй сайын. Фӕлӕ мах дӕр фӕзмӕм Йесойы цӕвиттон ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм! Матфейы 3:16; 4:1—11; Маркы 1:12, 13; Лукайы 4:1—13.
▪ Цӕуыл хъуыды кодта Йесо 40 боны дӕргъы ӕдзӕрӕгран?
▪ Хӕйрӕг Йесойы сайынмӕ куыд хъавыд?
▪ Цӕуыл нӕ ахуыр кӕнынц Йесойы фӕлварӕнтӕ?