Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 15/11 27–31 фф.
  • Йесо Чырыстийау «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо Чырыстийау «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ хъахъхъӕны йӕ лӕггадгӕнджыты
  • Уый хуызӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ ничи фӕлӕууыд
  • «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн»
  • Слӕуут Сайтаны ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йесо фӕлварӕнты йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Хӕйрӕгыл ӕууӕндын мӕнгуырнындзинад нӕу
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 15/11 27–31 фф.

Йесо Чырыстийау «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут»

«Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (ИАК. 4:7).

1. Йесо, зӕххыл йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый тыххӕй цы зыдта ӕмӕ хъуыддаг цӕуыл хъуамӕ ахицӕн уыдаид?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зыдта, Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзӕн. Уый бӕрӕг уыд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны цы загъта, уымӕй. Йегъовӕ калмӕн, ӕмӕ афтӕмӕй та, уыцы калмы цы фыдзӕрдӕ зӕд дзурын кодта, уымӕн загъта: «Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы [Йегъовӕйы уӕларвон организацийы], дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый [Йесо Чырысти] дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райд. 3:14, 15; Рарг. 12:9). Йесойӕн йӕ зӕвӕтыл калм фӕхӕцдзӕн, зӕгъгӕ, нысан кодта, зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй кӕй амардтаиккой, фӕлӕ йӕ стӕй Йегъовӕ уӕларвон кадмӕ кӕй райгас кодтаид. Калмӕн йӕ сӕр цъӕл кӕй ӕрцӕудзӕн, уый та афтӕ ӕмбарын хъӕуы, Хӕйрӕгыл мӕлӕтдзаг цӕф кӕй сӕмбӕлдзӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:31, 32; Дзуттӕгтӕм 2:14.)

2. Йегъовӕ ӕппындӕр цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта, Йесо Хӕйрӕджы ныхмӕ фидарӕй кӕй фӕлӕудзӕн, ууыл?

2 Йегъовӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йесо зӕххыл йӕ хӕс кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ кӕй фӕлӕудзӕн. Афтӕ ныфсджын дзы цӕмӕн уыд? Йегъовӕ йӕ сфӕлдыста бирӕ ӕнустӕ раздӕр. Уый йӕм каст ӕмӕ уыдта, Йесо, «дӕсны кусӕг» ӕмӕ йӕ «фыццаггуырд» фырт, коммӕгӕс ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыд (Ӕмб. 8:22–31; Кол. 1:15, фип.). Уӕдӕ Хуыцау Йесойы зӕхмӕ куы рарвыста ӕмӕ Хӕйрӕгӕн уый бар куы радта, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид ӕмӕ йӕ амардтаид, уӕд дзы ныфс уыди, йӕ иунӕггуырд Фырт Хӕйрӕгыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Иоан. 3:16).

Йегъовӕ хъахъхъӕны йӕ лӕггадгӕнджыты

3. Хӕйрӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

3 Йесо Хӕйрӕджы схуыдта «ацы дунейы хицау» ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, йӕхи йын куыд ӕфхӕрдтой, уыдоны дӕр афтӕ кӕй ӕфхӕрдзысты (Иоан. 12:31; 15:20). Сайтан Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, уый ӕцӕг чырыстӕттӕй йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ уыдон лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн ӕмӕ хъусын кӕнынц рӕстдзинады тыххӕй (Матф. 24:9; 1 Иоан. 5:19). Хӕйрӕг карзӕй цӕуы, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, фыццаджыдӕр уыдоны ныхмӕ – уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыдоны ныхмӕ. Сайтан уӕгъд нӕ уадзы, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы бирӕ Ӕвдисӕнты дӕр. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра» (1 Пет. 5:8).

4. Хуыцауы адӕм нӕ рӕстӕджы Хӕйрӕджы ныхмӕ фидарӕй кӕй лӕууынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Мах стӕм, Йегъовӕ Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, уыцы организаци, ӕмӕ уыцы ӕххуысы фӕрцы Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууӕм. Зӕгъӕм, фӕстаг 100 азы историйы ӕппӕты ӕгъатырдӕр диктатортӕй иуӕй-иутӕ архайдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зӕххы цъарӕй фесафыныл. Фӕлӕ Ӕвдисӕнты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, ӕмӕ абон ӕгас дунейы 100 минӕй фылдӕр ӕмбырды ис 7 милуаны бӕрц Ӕвдисӕны. Йегъовӕйы адӕмы чи ӕфхӕрдта, уыцы диктатортӕ та нал сты!

5. Исайы 54:17 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл куыд ӕххӕст кӕны?

5 Хуыцау рагон Израилы ӕмбырдмӕ дзырдта, куыд йӕ «сылгоймагмӕ», афтӕ, ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕ. Уый у Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй» (Ис. 54:11, 17). Ацы зӕрдӕвӕрд Йегъовӕйы адӕмыл ӕппӕт зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕны ацы «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1–5, 13). Мах Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууӕм ӕмӕ, Хуыцауы адӕмы зӕххы цъарӕй фесафынӕн Хӕйрӕг цы хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕны, уыдонӕй иу дӕр нӕ рӕстмӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ нӕ фарс у (Пс. 118:6, 7).

6. Хӕйрӕджы хицаудзинадмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй нын Данелы пехуымпарад цы дзуры?

6 Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд Сайтаны хицаудзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Пехуымпар Данел загъта: «Уыцы паддзӕхты [абон чи ис, уыдоны] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [уӕлӕрвты]; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдты [абон чи ис, уыдоны] иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Дан. 2:44). Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд нал дӕр Сайтан хицауиуӕг кӕндзӕн, нал дӕр ӕнӕххӕст адӕм. Хӕйрӕджы цардӕвӕрд ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнустӕм фесӕфдзӕн, Хуыцауы Паддзахадӕн знаг нал уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл сӕрибарӕй къухдариуӕг кӕндзӕн. (Бакӕс 2 Петры 3:7, 13.)

7. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

7 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ организаци кӕй бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 125:1, 2.) Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Библи нын дзуры, нӕ бон кӕй у Хӕйрӕджы ныхмӕ фидарӕй фӕлӕууын, Йесо куыд фӕлӕууыд, раст афтӕ. Апостол Иоанны уылты Чырысти цы пехуымпарад загъта, уымӕй зыны, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕм» кӕй фервӕздзысты. Уыдон фервӕздзысты, кӕд Сайтан сӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр. Фыстады куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уыцы «тынг бирӕ адӕм» дзурынц: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты паддзахбадӕныл бадӕг Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк [Йесо Чырысти]» (Рарг. 7:9–14). Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дзы загъд ис, зӕгъгӕ, Сайтаныл фӕуӕлахиз сты. Ӕмӕ се ’мбӕлттӕ дӕр, «ӕндӕр фыстӕ», йӕ ныхмӕ фидар лӕууынц (Иоан. 10:16; Рарг. 12:10, 11). Фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувын, цӕмӕй нӕ «Фыдбылызӕй фервӕзын кӕна» (Матф. 6:13).

Уый хуызӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ ничи фӕлӕууыд

8. Ӕдзӕрӕг быдыры Хӕйрӕг Чырыстийы фыццаг цӕмӕй фӕлвӕрдта ӕмӕ Чырысти йӕхи куыд дардта?

8 Хӕйрӕджы тынг фӕндыд Йесойы иузӕрдиондзинад фӕцудын кӕнын. Ӕдзӕрӕг быдыры Сайтан алы мадзӕлттӕй архайдта, цӕмӕй Йесо Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтаид. Фӕлӕ Йесойы хуызӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ ничи фӕлӕууыд. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ницы бахордта ӕмӕ тынг сӕххормаг. Сайтан ын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, ӕмӕ дзултӕ фестой». Фӕлӕ Йесойы нӕ бафӕндыд, Хуыцау ын цы тых радта, уымӕй йӕхи уды дзӕбӕхӕн спайда кӕнын. Йесойы дзуапп уыд: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй“» (Матф. 4:1–4; Дык. з. 8:3).

9. Хӕйрӕг нын нӕ буары фӕндтӕй пайда кӕныныл кӕй архайы, уый ныхмӕ нӕ фидар лӕууын цӕмӕн хъӕуы?

9 Абон Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ буары фӕндтӕй спайда кӕна ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕрӕдийын кӕна. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фидар уӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм, ацы хӕлд дунейы тынг чи сарӕх, уыцы ӕнӕгъдау митӕй. Хуыцауы Ныхас нӕ ӕнӕхъуаджы нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты? Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ... Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Кор. 6:9, 10). Уӕдӕ ӕнӕгъдау цард чи кӕны ӕмӕ йӕхи ивын кӕй нӕ фӕнды, уыдон Хуыцауы ног дунейы нӕ цӕрдзысты.

10. Матфейы 4:5, 6 гӕсгӕ Сайтан Йесойы куыд фӕлвӕрдта, цӕмӕй йын Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивын кодтаид?

10 Йесо ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уыдонӕй иуы тыххӕй Фыстад дзуры: «Уӕд ӕй Хӕйрӕг акодта сыгъдӕг сахармӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта кувӕндоны сисыл ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи ардыгӕй аппар, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн дӕ бафӕдзӕхсдзӕн, ӕмӕ дӕ сӕ къухтыл ахӕсдзысты, ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“» (Матф. 4:5, 6). Ӕвӕццӕгӕн, Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй йын Йесо диссаджы хуызы равдыстаид, Мессийӕ кӕй у, уый. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый уыдаид ӕнӕраст, сӕрбӕрзонд ми, Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдаид ӕмӕ йын Хуыцау нӕ баххуыс кодтаид. Ацы хатт дӕр та Йесо Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта ӕмӕ та Хӕйрӕгӕн дзуапп радта Фыстадӕй. Загъта йын: «Афтӕ дӕр фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“» (Матф. 4:7; Дык. з. 6:16).

11. Сайтан нӕ куыд фӕлвары ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

11 Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ Сайтан ууыл ардауа, цӕмӕй адӕмы цӕсты нӕхицӕн кад агурӕм. Чи зоны нын нӕ зӕрдӕйы ахӕм хъуыдытӕ ӕвӕра, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы фӕзмӕм сӕ конд ӕмӕ сӕ уындӕй, йе та нӕхи дызӕрдыггаг хиирхӕфсӕнтӕй ирхӕфсӕм. Фӕлӕ Библийы уынаффӕтӕ куы ницӕмӕ дарӕм ӕмӕ ацы дунейы адӕмы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ цымӕ Хуыцауы зӕдтӕ не ’взӕр хъуыддӕгты фӕстиуджытӕй хъахъхъӕндзысты? Паддзах Давид Вирсавиимӕ цы тӕригъӕд ракодта, ууыл кӕд ӕрфӕсмон кодта, уӕддӕр уыцы ӕвзӕр хъуыддаджы фӕстиуджытӕй хызт не ’рцыд (2 Сам. 12:9–12). Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы ма фӕлварӕм ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, «ацы дунеимӕ [кӕй] лымӕн кӕнӕм», уымӕй. (Бакӕс Иаковы 4:4; 1 Иоанны 2:15–17.)

12. Матфейы 4:8, 9 цавӕр фӕлварӕны кой цӕуы ӕмӕ Хуыцауы Фырт йӕхи куыд дардта?

12 Хӕйрӕг ма Йесойы ӕдзӕрӕг быдыры фӕлвӕрдта, хицауы бартӕ йын кӕй лӕвӕрдта, уымӕй дӕр. Сайтан ын равдыста ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кады фидыц ӕмӕ йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд» (Матф. 4:8, 9). Цӕй ӕдзӕсгом ми уыд, Хӕйрӕг кӕй архайдта, цӕмӕй, Хуыцаумӕ цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодтаид ӕмӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл сивын кодтаид! О, Сайтан кӕддӕр уыд иузӕрдион зӕд. Фӕлӕ йӕ афтӕ тынг фӕндыд, куы йын куывтаиккой, ӕмӕ ууыл афтӕ бирӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сси тӕригъӕдджын, зыд, ӕмӕ фыдзӕрдӕ цыбӕлгӕнӕг – Сайтан Хӕйрӕг (Иак. 1:14, 15). Фӕлӕ бынтон ӕндӕрхуызон уыд Йесойы хабар: йӕ фидар фӕнд уыд, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыдыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“». Уӕдӕ та Йесо ногӕй Хӕйрӕгӕн фидар ӕмӕ бӕлвырд дзуапп радта. Хуыцауы Фырты никуы фӕндыд Сайтаны дунеимӕ лымӕн кӕнын ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕгӕн, Фыдбылызӕн, кувын! (Матф. 4:10; Дык. з. 6:13; 10:20).

«Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн»

13, 14. а) Хӕйрӕг Йесойӕн ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ куы равдыста, уӕд ын цы лӕвӕрдта? ӕ) Сайтан куыд архайы, цӕмӕй нӕ ӕнӕпайда ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты ’рдӕм сараза?

13 Хӕйрӕг Йесойӕн ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ куы равдыста, уӕд ын лӕвӕрдта, иу адӕймагмӕ дӕр чи никуыма уыд, ахӕм бартӕ. Сайтан хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Йесо цы фена, уый йыл бандавдзӕн ӕмӕ йӕ бауырндзӕн, йӕ бон кӕй у, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕты хъомысджындӕр хицау суа. Абон Хӕйрӕг махӕн паддзахӕдтӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ архайы, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕпайда ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты ’рдӕм сараза, цы уынӕм, цы хъусӕм ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уыдӕтты руаджы.

14 Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы. Уӕдӕ йӕ бар цӕуы дзыллон-хабархӕссӕг фӕрӕзтыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, адӕм цӕмӕ кӕсынц, цӕмӕ хъусынц ӕмӕ цы кӕсынц, уыдон иууылдӕр ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхмийӕ йедзаг кӕй сты. Рекламӕ нӕ цыбӕл кӕны, цӕмӕй нӕ цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕлхӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ Хӕйрӕг ӕдзух цыбӕл кӕны, нӕ цӕстытӕ, нӕ хъустӕ ӕмӕ нын нӕ хъуыдытӕ йӕхимӕ чи здахы, ахӕм дзаумӕттӕй. Фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм цӕмӕдӕрты куы нӕ кӕсӕм, куы нӕ сӕм хъусӕм кӕнӕ ахӕм ӕрмӕг куы нӕ кӕсӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзурӕм: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!». Афтӕмӕй мах дӕр Йесойау фидарӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Сайтаны чъизи дунейы ныхмӕ лӕууӕм. Сайтаны дунейӕ кӕй не стӕм, уый ма бӕрӕг у уымӕй дӕр, куысты, скъолайы, сыхӕгтӕн ӕмӕ хӕстӕджытӕн ӕргом кӕй дзурӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм. (Бакӕс Марчы 8:38.)

15. Сайтаны ныхмӕ лӕугӕйӕ алкӕддӕр къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

15 Хӕйрӕгӕн ӕртыккаг хатт дӕр куы нӕ бантыст Йесойӕн Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивын кӕнын, уӕд «ӕй... ныууагъта» (Матф. 4:11). Фӕлӕ Сайтан уӕддӕр нӕ басаст, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры: «Гъемӕ йӕ Хӕйрӕг алы хуызы дӕр [ӕдзӕрӕг быдыры] куы бафӕлвӕрдта, уӕд ӕй ныууагъта, ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдзӕн, уӕдмӕ» (Лук. 4:13). Хӕйрӕджы ныхмӕ фидарӕй куы фӕлӕууӕм, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ бузныг уӕм Йегъовӕйӕ. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, хъуамӕ дарддӕр дӕр агурӕм Хуыцауы ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ та нӕм Хӕйрӕг бафӕлварынмӕ ’рбаздӕхдзӕн, ӕндӕр хорз фадат ын куы фӕуа, уӕд – чи зоны, мах ӕнхъӕл дӕр куы нӕ уӕм, уыцы рӕстӕг. Уӕдӕ хъуамӕ алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм ӕмӕ цӕттӕ уӕм дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ, цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр.

16. Йегъовӕ нӕ цавӕр хъомысджын тыхӕй хайджын кӕны ӕмӕ уый тыххӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?

16 Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ курӕм Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тыхы ӕххуыс – Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс – ӕмӕ дзы уӕд схайджын уыдзыстӕм. Сыгъдӕг уд нын баххуыс кӕндзӕн, нӕхи хъаруйӕ цы нӕй саразӕн, уый саразынӕн дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фидарӕй загъта, Хуыцау сӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ӕнӕмӕнгӕй кӕй схайджын кӕндзӕн: «Кӕд сымах, [ӕнӕххӕст ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ] тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Уӕдӕ цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй кувӕм. Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн нын уыцы хъомысджын тых куы ӕххуыс кӕна, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. Ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувынӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы «нӕхи сифтонг кӕнын, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй нӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын» (Еф. 6:11–18).

17. Йесойӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн цавӕр циндзинад баххуыс кодта?

17 Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн ма Йесойӕн баххуыс кодта ноджы иу хъуыддаг, ӕмӕ уый баххуыс кӕндзӕн махӕн дӕр. Библи дзуры: «[Йесомӕ] цы циндзинад... ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта – хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс» (Дзут. 12:2). Мах дӕр афтӕ цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс куы уӕм, йӕ сыгъдӕг ном ын куы кадджын кӕнӕм ӕмӕ нӕм ӕнусон цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд. Куыд цин кӕндзыстӕм, Сайтан ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ӕнустӕм куы фесӕфой ӕмӕ сабыр адӕм та зӕхх бынӕн куы райсой ӕмӕ фарнӕй куы бафсӕдой, уӕд! (Пс. 37:11). Уымӕ гӕсгӕ цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Йесо Чырыстийау Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууӕм. (Бакӕс Иаковы 4:7, 8.)

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны?

• Йесо Сайтаны ныхмӕ кӕй фӕлӕууыд, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

• Хӕйрӕджы ныхмӕ дӕ бон фӕлӕууын куыд у?

[Ныв 29 фарсыл]

Дунеимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд Хуыцауы знӕгтӕ суыдзыстӕм

[Ныв 31 фарсыл]

Сайтан Йесойӕн ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд сӕ нӕ бакуымдта

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын