БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Хӕйрӕг куыд фӕзынд?
Хуыцау Хӕйрӕджы не сфӕлдыста. Хуыцау сфӕлдыста зӕды, фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы зӕд сси Хӕйрӕг, хонынц ма йӕ Сайтан дӕр. Библийы фыст ис, Хӕйрӕг кӕддӕр алы хъуыддаджы дӕр ӕнаипп кӕй уыд. Уӕдӕ ӕппӕты райдианы Хӕйрӕг уыд, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, ахӕм зӕд. (Бакӕс Йезекилы 28:15.)
Зӕд Хӕйрӕг куыд сси?
Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд рацыд Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ йӕ зондыл акодта фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Афтӕмӕй сси Сайтан, ома «ныхмӕлӕууӕг». (Бакӕс Райдиан 3:1–5; Раргомад 12:9.)
Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕдӕн дӕр иннӕ зӕдтау Хуыцау радта сӕрибардзинад, цӕмӕй раст бакӕна ӕви нӕ, уый йӕхӕдӕг ӕвзара. Фӕлӕ Хӕйрӕджы бафӕндыд, цӕмӕй иууылдӕр уымӕн куывтаиккой. Кадмӕ афтӕ тынг бӕллыд, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл хъуыды дӕр нал кодта. (Бакӕс Матфейы 4:8, 9; Иаковы 1:13, 14.)
Хӕйрӕг абоны онг дӕр адӕмы йӕ зондыл куыд кӕны? Цымӕ дзы тӕрсын хъӕуы? Ацы фарстатӕн дзуапп ссарӕн ис Библийы.