14 сӕр
Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ
ЙЕСО 40 боны ӕдзӕрӕгран куы фӕци, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, аргъуыд ын чи ратта, уыцы Иоаннмӕ. Йесо йӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд ӕм уый къухӕй бацамыдта ӕмӕ йӕ алыварс лӕууӕг адӕмӕн дзуры: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, Кӕцы исы Йӕхимӕ дунейы тӕригъӕд; Уый у, Кӕцыйы тыххӕй ӕз загътон: „мӕ фӕстӕ цӕуы Лӕг, Кӕцы слӕууыд мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ Уый уыд мӕнӕй раздӕр“». Кӕд Иоанн йӕ хӕстӕг Йесойӕ хистӕр у, уӕддӕр зоны, Йесо ма раздӕр уӕларвыл духовон гоймагӕй кӕй цард.
Фӕлӕ ма цалдӕр къуырийы размӕ дӕр, Йесо аргъуыд куы иста, уӕд Иоанн бӕлвырд нӕ зыдта, Йесо кӕй хъуамӕ уа Мессиа. «Ӕз нӕ зыдтон Уый,— дзуры Иоанн,— фӕлӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн доны аргъауынмӕ, цӕмӕй Уый раргом уа Израилӕн».
Дарддӕр Иоанн йӕ хъусджытӕн ӕмбарын кӕны, Йесойыл аргъаугӕйӕ цы ӕрцыд, уый: «Ӕз федтон Уды, арвӕй ӕрцӕугӕ, куыд бӕлон, ӕмӕ Ууыл уӕвгӕйӕ; ӕз нӕ зыдтон Уый, фӕлӕ мӕ доны аргъауынмӕ Рарвитӕг загъта мӕнӕн: „кӕуыл фенай Уды Ӕрцӕугӕ ӕмӕ уӕвгӕйӕ Ууыл, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“; ӕмӕ ӕз федтон ӕмӕ ӕвдисӕн ныллӕууыдтӕн, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».
Дыккаг бон Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ. Йесо йӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд та Иоанн ногӕй загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк». Уый фӕстӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл. Сӕ иу у Андрей, иннӕ та, ӕвӕццӕгӕн, ацы цаутӕ ныффыссӕг Иоанн. Иоанн дӕр, иуӕй-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, у Йесойы ӕмхӕрӕфырт, сӕрмагондӕй та Мариайы хо Саломиайы фырт.
Фӕстӕмӕ фӕкӕсгӕйӕ, Йесо уыны, Андрей ӕмӕ Иоанн йӕ фӕдыл кӕй цӕуынц, ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?»
«Равви,— фӕрсынц уыдон,— кӕм цӕрыс?»
«Рацӕут ӕмӕ фендзыстут»,— дзуапп сын ратта Йесо.
Боны 4 сахатӕй суанг изӕрмӕ Андрей ӕмӕ Иоанн сты Йесоимӕ. Ӕппӕт уыцы цаутӕ Андрейыл афтӕ тынг бандӕвтой, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ссардта йе ’фсымӕр Петры. «Мах ссардтам Мессиайы»,— дзуры йын Андрей. Ӕмӕ Петры бакодта Йесомӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕджы Иоанн дӕр ссардта йе ’фсымӕр Иаковы ӕмӕ йӕ бакодта Йесомӕ. Фӕлӕ бафиппаинаг у, Иоанн йӕ Евангелийы уыцы сӕрмагонд информацийы кой кӕй нӕ кӕны.
Дыккаг бон Йесо фембӕлд Филиппыл, кӕцы у Вифсаидӕйӕ, раздӕр Андрей ӕмӕ Иоанн кӕм цардысты, уырдыгӕй. Йесо йын дзуры: «Рацу Мӕ фӕстӕ».
Уый фӕстӕ Филипп ӕмбӕлы Нафанаилыл, кӕцыйы ма хонынц Варфоломей дӕр, ӕмӕ йын дзуры: «Мах ссардтам Уый, Кӕй тыххӕй фыстой Моисей закъоны ӕмӕ пехуымпартӕ, Йесойы, Назаретаг Иосифы фырты». Нафанаил дызӕрдыг кӕны. «Назаретӕй исты хорз рацӕудзӕн?» — фӕрсы уый.
«Цу ӕмӕ фен»,— дзуры йын Филипп. Нафанаил кӕй ӕрбацыд, уый фенгӕйӕ, Йесо дзуры: «Мӕнӕ ӕцӕг Израилаг, кӕцымӕ нӕй хиндзинад».
«Цӕмӕй зоныс Ды мӕн?» — фӕрсы йӕ Нафанаил.
«Филипп дӕм куы нӕма бадзырдта, ды легъуи бӕласы бын куы уыдтӕ, уӕд дӕ Ӕз федтон»,— дзуапп ын ратта Йесо.
Нафанаил дисгӕнгӕйӕ зӕгъы: «Равви [ома Ахуыргӕнӕг]! Ды — Хуыцауы Фырт Дӕ, Ды — Израилы Паддзах».
«Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕуӕн загътон: „Ӕз федтон дӕу легъуи бӕласы бын“,— зӕгъы Йесо. — Амӕй фылдӕр фендзынӕ». Уый фӕстӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн; амӕй фӕстӕмӕ уындзыстут арв гомӕй ӕмӕ Хуыцауы Зӕдты ссӕугӕйӕ ӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ Адӕймаджы Фыртмӕ».
Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ Иорданы комӕй араст сты Галилеймӕ. Иоанны 1:29—51.
▪ Чи сты Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ?
▪ Петр ӕмӕ Иаков куыд базонгӕ сты Йесоимӕ?
▪ Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл Нафанаил куыд баууӕндыд?