Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 15 сӕр
  • Йесойы фыццаг диссаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесойы фыццаг диссаг
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо сарӕзта йӕ фыццаг диссаг
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Канӕйы сарӕзта дыккаг диссаг
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесойы дыккаг диссаг Канӕйы
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • «Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 15 сӕр

15 сӕр

Йесойы фыццаг диссаг

ДЫУУӔ-ӔРТӔ боны размӕ Андрей, Петр, Иоанн, Филипп, Нафанаил ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, Иаков дӕр систы Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ. Ныр уыдон араст сты сӕ райгуырӕн бӕстӕ Галилеймӕ. Сӕ ных сарӕзтой Канӕмӕ, Нафанаилы райгуырӕн сахармӕ, уый ис, Йесо кӕм схъомыл, уырдӕм, Назаретмӕ, хӕстӕг къуылдымыл. Канӕйы сӕ чындзӕхсӕвмӕ фӕхуыдтой.

Чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацыд Йесойы мад дӕр. Мариа чындзӕхсӕвгӕнӕг бинонтимӕ хӕларӕй кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр лӕггад кӕны уазджытӕн. Уайтагъд бамбӕрста, фынгыл цыдӕр кӕй нӕ фаг кӕны, ӕмӕ Йесойӕн дзуры: «Сӕн сӕм нӕй».

Ацы ныхӕстӕй Мариа Йесойӕн уынаффӕ кӕны, цӕмӕй сӕн самал кӕна, фӕлӕ фыццаг Йесо нӕ разы кӕны. «Мӕн ӕмӕ Дӕу цы хъӕуы?» — фӕрсы йӕ. Хуыцауы нысангонд Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ куыд йӕ бинонтӕн, афтӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр не ’мбӕлы, цы аразын ӕй хъӕуы, уый амонын. Уӕд Мариа дӕр хъуыддаг сӕрныллӕгӕй йӕ Фырты бар бакодта, ӕрмӕст лӕггадгӕнджытӕн дзуры: «Уый уын цы зӕгъа, уый бакӕнут».

Уым уыдис, 40 литрӕй фылдӕр кӕм цыд, ахӕм донхӕссӕн дурынтӕ, ӕхсӕз. Йесо лӕггадгӕнджытӕн дзуры: «Байдзаг кӕнут мигӕнӕнтӕ донӕй». Уыдон сӕ байдзаг кодтой сӕ былтӕм. Ӕмӕ сын Йесо дзуры: «Ныр сӕвгӕнут ӕмӕ йӕ куывды ӕфсинмӕ ахӕссут».

Чындзӕхсӕвы ӕфсин нӕ зоны, уыцы сӕн диссаджы ӕгъдауӕй арӕзт кӕй у, ӕмӕ куыд хӕрзад у, ууыл тынг дис кӕны. Усгурмӕ фӕсидт ӕмӕ йын дзуры: «Алкӕцы адӕймаг раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры, фӕлӕ куы бануазынц, уӕд та ӕвзӕрдӕр; ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».

Уый уыд Йесойы фыццаг диссаг, ӕмӕ ахъаз уыд йӕ ног ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад бафидар кӕнынӕн. Уый фӕстӕ йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ араст сты Галилейы денджызгӕрон сахар Капернауммӕ. Иоанны 2:1—12.

▪ Канӕйы чындзӕхсӕв куы уыд, уӕд Йесо цас рӕстӕг лӕггад кодта?

▪ Йесо йӕ мады уынаффӕйыл цӕуылнӕ сразы?

▪ Цавӕр диссаг сарӕзта Йесо ӕмӕ куыд бандӕвта уый иннӕтыл?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын