20 сӕр
Йесойы дыккаг диссаг Канӕйы
ИУДЕЙЫ уӕрӕх уацамындон балцы фӕстӕ Йесо аздӕхт йӕ райгуырӕн бӕстӕм, ӕрмӕст улӕфынмӕ нӕ. Уый ноджы фылдӕр хъусын кӕны кӕм схъомыл уым, Галилейы. Ӕрмӕст йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йемӕ не сты, уыдон ацыдысты сӕ бинонтӕм ӕмӕ сӕ раздӕры куыст кӕнынц.
Цавӕр хабар хъусын кӕны Йесо? Уый дзуры: «Ӕрхӕстӕг Хуыцауы Паддзахад: фӕсмон фӕкӕнут ӕмӕ ӕууӕндут Евангелийыл». Цавӕр ахаст ис уымӕ адӕмӕн? Галилейӕгтӕ райстой Йесойы. Иуылдӕр ын кад кӕнынц. Ӕрмӕст цы хъусын кӕны, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ уыдонӕй бирӕтӕ иу мӕйы размӕ Иерусалимы Куадзӕны бӕрӕгбоны кӕй уыдысты ӕмӕ йын йӕ диссӕгтӕ кӕй федтой, уый тыххӕй.
Ныр Йесо райдыдта йе стыр куыст Галилейы, ӕвӕццӕгӕн, Канӕйы. Хъуыды ма кӕныс, Иудейӕ ӕрцӕугӕйӕ, чындзӕхсӕвы дон сӕн кӕй фестын кодта. Ныр та уӕззау рынчын у паддзах Ирод Антипӕйы лӕггадгӕнӕджы сывӕллон. Йесо Иудейӕ Канӕмӕ кӕй ӕрцыд, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ хӕдзарӕй, Капернаумӕй, рараст Йесойы агурӕг. Мастӕй ӕфхӕрд адӕймаг лӕгъстӕ кӕны Йесойӕн: «Ӕрцу, цалынмӕ мӕ фырт нӕма амард, уӕдмӕ».
Йесо йын дзуапп дӕтты: «Ацу, дӕ фырт ӕнӕниз у!» Ироды лӕггадгӕнӕг баууӕндыд Йесойыл ӕмӕ аздӕхт йӕ хӕдзармӕ. Йӕ размӕ рацыдысты йе ’ххуырстытӕ ӕмӕ йын фехъусын кодтой, ӕппӕтдӕр дзӕбӕх кӕй у — йӕ фырт кӕй сӕнӕниз! «Кӕцы сахат ын фенцондӕр?»,— фӕрсы уый.
«Знон ӕвдӕм сахаты»,— дзуапп ын дӕттынц.
Лӕггадгӕнӕг сбӕрӕг кодта, Йесо йын раст уыцы афон кӕй загъта: «Дӕ фырт ӕнӕниз у». Уый фӕстӕ ӕппӕт бинонтӕй уыдон систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ.
Афтӕмӕй, Йесо Канӕйы дыууӕ диссаджы кӕй сарӕзта, уымӕй скад кодта ацы сахарӕн ӕмӕ банысан кодта йӕ ӕрыздӕхт Иудейӕ. Уӕдмӕ ма Йесо ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр сарӕзта, фӕлӕ адон зынгӕ диссӕгтӕ сты, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц йӕ ӕрыздӕхт Галилеймӕ.
Ныр Йесо сфӕнд кодта йӕ фыдыбӕстӕм, Назаретмӕ, ацӕуын. Цы Йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы уым та? Иоанны 4:43—54; Маркы 1:14, 15; Лукайы 4:14, 15.
▪ Йесо Галилеймӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы арӕзтой ӕмӕ уый адӕмыл куыд бандӕвта?
▪ Цавӕр диссаг сарӕзта Йесо ӕмӕ уыцы диссаг лӕппуйы бинонтыл куыд бандӕвта?
▪ Куыд скад кодта Йесо Канӕйӕн?