22 сӕр
Йесо фӕсидт цыппар ахуыргӕнинагмӕ
ЙЕСОЙЫ йӕ райгуырӕн сахар Назареты марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд уый ацыд Галилейы денджызгӕрон Капернауммӕ. Уымӕй сӕххӕст Исайы пехуымпарӕдтӕй ноджыдӕр иу, зӕгъгӕ, денджызы былыл цӕрӕг галилейӕгтӕ стыр рухс фендзысты.
Рухстауӕг уӕвгӕйӕ та Йесо ам дӕр хъусын кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппары ссардта. Уыдон раздӕр дӕр йемӕ уыдысты, фӕлӕ Иудеймӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд та фӕстӕмӕ кӕсаг ахсын райдыдтой. Ӕвӕццӕгӕн сӕ Йесо агуырдта, уымӕн ӕмӕ йӕ ныр хъӕуы, ӕдзухдӕр йемӕ чи уа, ахӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕна ӕмӕ йын йӕ ацыды фӕстӕ йӕ куыст адарддӕр кӕной.
Донбылтыл фӕцӕйцӕугӕйӕ, Йесо федта, Симон Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хызтӕ кӕй сыгъдӕг кӕнынц, ӕмӕ сӕм бацыд. Уый бахызт Петры бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йын дзуры, цӕмӕй арфмӕ баленк кӕна. Иу цасдӕр куы аленк кодтой, уӕд Йесо ӕрбадт бӕлӕгъы ӕмӕ, былыл цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоны ахуыр кӕнын райдыдта.
Уый фӕстӕ Йесо дзуры Петрӕн: «Аленк кӕн арфмӕ, ӕмӕ баппарут уӕ хызтӕ кӕсаг ахсынмӕ».
«Ахуыргӕнӕг! мах тухӕн кодтам ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам; фӕлӕ Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ баппардзынӕн хыз»,— дзуапп ратта Петр.
Хызтӕ куы баппӕрстой, уӕд уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой ӕмӕ сӕ хызтӕ скъуыйын райдыдтой. Уӕд хӕстӕгдӕр бӕлӕгъыл се ’мбӕлттӕм ӕххуысмӕ фӕсидтысты. Тагъд дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг сты кӕсагӕй, ӕмӕ ныгъуылын райдыдтой. Уый фенгӕйӕ, Петр йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Йесойы раз ӕмӕ дзуры: «Ацу мӕнӕй, Хицау! уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн тӕригъӕдджын адӕймаг».
«Ма тӕрс; амӕйфӕстӕмӕ ахсдзынӕ адӕймӕгты»,— дзуапп ын ратта Йесо.
Йесо ма фӕсидт Петры ӕфсымӕр Андреймӕ дӕр. Ӕмӕ ныр сӕ дыууӕйӕн дӕр дзуры: «Рацӕут мӕ фӕстӕ, ӕмӕ Ӕз скӕндзынӕн сымах адӕймӕгты ахсджытӕ». Хуынд ма ӕрцыдысты, кӕсаг кӕимӕ ахстой, уыдон, Зеведейы дыууӕ фырты Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр, ӕмӕ уыдон уайтагъд сразы сты. Уыйадыл цыппарӕй ныууагътой кӕсагахсӕджы куыст ӕмӕ систы Йесойы ӕнувыд фӕдылдзӕуджытӕй фыццӕгтӕ. Лукайы 5:1—11; Матфейы 4:13—22; Маркы 1:16—20; Исай 9:1, 2.
▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм йӕ фӕдыл цӕуынмӕ цӕмӕн фӕсидт ӕмӕ чи сты уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ?
▪ Цавӕр диссаг бафтыдта Петры тасы?
▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цавӕр кӕсаг ахсынмӕ фӕхуыдта?