Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 22 сӕр, 58 ф.–59 ф., 6 абз.
  • Йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы уыдзысты адӕмахсджытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы уыдзысты адӕмахсджытӕ
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо фӕсидт цыппар ахуыргӕнинагмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йесо фӕзынд кӕсагахсджытӕм
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Адӕмы цард раджы заманты. Кӕсагахсӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 22 сӕр, 58 ф.–59 ф., 6 абз.
Йесо Галилейӕйы денджызы былыл ныхас кӕны Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ

22 СӔР

Йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы уыдзысты адӕмахсджытӕ

МАТФЕЙЫ 4:13–22 МАРЧЫ 1:16–20 ЛУКАЙЫ 5:1–11

  • ЙЕСО АХУЫРГӔНИНӔГТЫ ӔРХУЫДТА, ЦӔМӔЙ ӔДЗУХ ЙӔ ФӔДЫЛ ЦӔУОЙ

  • КӔСАГАХСДЖЫТӔ СИСТЫ АДӔМАХСДЖЫТӔ

Йесойы Назареты цӕрджытӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ацыд, Галилейӕйы денджызмӕ хӕстӕг чи уыд, уыцы горӕт Капернауммӕ. Галилейӕйы денджыз ма хуыдтой «Геннисареты цад» дӕр (Лукайы 5:1). Уымӕй сӕххӕст, Исайы чиныджы цы пехуымпарад фыст уыд, уый, зӕгъгӕ, Галилейӕйы адӕм, денджызы былгӕрӕтты чи цӕры, уыдон, фендзысты диссаджы рухс (Исай 9:1, 2).

Ам Галилейӕйы Йесо дарддӕр хъусын кодта, «уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ (Матфейы 4:17). Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппары ссардта. Уыдон уый размӕ дӕр йемӕ уыдысты, фӕлӕ Иудейӕйӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд ӕй ныууагътой ӕмӕ та дарддӕр сӕ куыст кодтой – кӕсаг ахстой (Иоанны 1:35–42). Фӕлӕ ныр хъуамӕ ӕдзухдӕр Йесоимӕ уыдаиккой, цӕмӕй сӕ сахуыр кодтаид ӕмӕ, фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куы аздӕхтаид, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг дарддӕр кодтаиккой.

Йесо денджызы былты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта Симон Петры йе ’фсымӕр Андреимӕ. Уыдон, кӕимӕ куыстой, уыцы кӕсагахсджытӕй цалдӕримӕ сӕ хызтӕ цӕттӕ кодтой. Йесо сӕ цурмӕ бацыд, Петры бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ йын загъта, былӕй-ма гыццыл фалдӕр баленк кӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иудзӕвгар куы баленк кодтой, уӕд Йесо ӕрбадт ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кӕнын райдыдта, былыл цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоны. Дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Уый фӕстӕ Йесо Петрӕн загъта: «Арф кӕм у, уырдӕм баленк кӕн, ӕмӕ уӕ хызтӕ уым баппарут». Петр ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъыс, уӕд хызтӕ баппардзынӕн» (Лукайы 5:4, 5).

Андрей, Петр ӕмӕ Иоанн сӕ хызтӕ тыхамӕлттӕй ласынц бӕлӕгъмӕ

Ӕмӕ сӕ хызтӕ куы баппӕрстой, уӕд уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ хызтӕ скъуыйын райдыдтой! Уӕд иннӕ бӕлӕгъмӕ се ’мбӕлттӕм ацамыдтой, рацӕут ӕмӕ нӕм фӕкӕсут, зӕгъгӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр дыууӕ бӕлӕгъы дӕр кӕсагӕй байдзаг сты ӕмӕ ныгъуылын райдыдтой. Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты» (Лукайы 5:8, 10).

Йесо Петр ӕмӕ Андрейӕн загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ» (Матфейы 4:19). Йесо ма ӕрхуыдта ноджыдӕр дыууӕ кӕсагахсӕджы, Зеведейы фыртты – Иаков ӕмӕ Иоанны. Ӕмӕ уыдон дӕр уайтагъд йӕ фӕдыл ацыдысты. Афтӕмӕй ацы цыппар кӕсагахсӕджы сӕ куыст ныууагътой ӕмӕ систы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй фыццӕгтӕ.

  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ фыццаг кӕй ӕрхуыдта, уыдон цы куыст кодтой ӕмӕ чи уыдысты?

  • Петр цӕмӕн фӕтарст?

  • Йесойы цыппар ахуыргӕнинаджы кӕсаг ахсыны бӕсты цавӕр куыст хъуамӕ кодтаиккой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын