25 сӕр
Фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст хъотырджынмӕ
ЙЕСО йӕ цыппар ахуыргӕнинагимӕ Галилейы сахарты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон тыххӕй айхъуыст ӕгас бӕстыл. Иу сахары Йесойы тыххӕй базыдта хъотырджын адӕймаг дӕр. Дохтыр Лука куыд фыссы, афтӕмӕй уыцы адӕймаг «ӕгасӕй дӕр хъотырджын» уыд. Уыцы низ дзӕвгар куы ахӕссы, уӕд буары алы хӕйттӕ ныффыдуынд кӕны. Уымӕ гӕсгӕ хъотырджын тынг тӕригъӕддаг уавӕры ис.
Йесо сахармӕ куы бацыд, уӕд ӕм хъотырджын бацыд. Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ, хъотырджын хъуамӕ хъӕрӕй дзырдтаид «ӕнӕсыгъдӕг, ӕнӕсыгъдӕг», цӕмӕй йӕм иннӕтӕ ӕгӕр хӕстӕг ма бацыдаиккой ӕмӕ уыдоныл дӕр ма бахӕцыдаид. Хъотырджын Йесойы раз ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Хицау! кӕд Дӕ фӕнды, Дӕ бон у мӕн ссыгъдӕг кӕнын».
Ӕвӕдза, уыцы адӕймаджы Йесойӕ цӕй стыр ныфс ис! Фӕлӕ йӕ низы аххосӕй у тынг тӕригъӕддаг. Цы ми кӕны Йесо? Ды цы бакодтаис? Йесо рынчынӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ къухыл ныххӕцыд ӕмӕ йын дзуры: «Фӕнды Мӕ, ныссыгъдӕг у». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ йӕ хъотыр ӕрбайсӕфт.
Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дын ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ паддзах уа? Йесойӕн хъотырджынмӕ цы ахаст уыд, уый нын ныфс дӕтты, йӕ паддзахиуӕгады рӕстӕджы кӕй сӕххӕст уыдзӕн библион пехуымпарад: «Уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг мӕгуыргурӕн ӕмӕ ӕдзухъомӕн, ӕмӕ ӕдзухъомты удты фервӕзын кӕндзӕн». О, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Йесойы зӕрдиаг бӕллиц: уый баххуыс кӕндзӕн ӕппӕт хъизӕмаргӕнджытӕн.
Уыцы хъотырджыны сдзӕбӕх кӕныны размӕ дӕр йӕ хъуыддӕгтӕ адӕмы стыр дисы ӕфтыдтой. Исайы пехуымпарад ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕн дзуры: «Кӕс, макӕмӕн ӕй зӕгъ». Ӕмӕ йын амоны: «Равдис дӕхи сауджынмӕ ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕрхӕсс лӕвар, ӕвдисӕнадӕн уыдонӕн».
Фӕлӕ уыцы адӕймаг афтӕ амондджын у, ӕмӕ йыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый басусӕг кӕнын йӕ бон нӕу. Уый ацыд ӕмӕ алыран дзуры, цы диссаг ыл ӕрцыд, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы афтӕ тынг бацымыдис кодтой, ӕмӕ Йесойӕн нал ис искӕцы сахармӕ ӕргомӕй бацӕуыны фадат. Уымӕ гӕсгӕ, Йесо ӕрлӕууы хибар бынӕтты, ӕмӕ йӕм адӕм алырдыгӕй цӕуынц, цӕмӕй йӕм байхъусой ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кӕна. Лукайы 5:12—16; Маркы 1:40—45; Матфейы 8:2—4; Левит 13:45; 14:10—13; Псалом 71:13; Исай 42:1, 2.
▪ Цавӕр низ у хъотыр ӕмӕ куыд хъуамӕ хъӕр кодтаид хъотырджын?
▪ Хъотырджын Йесойӕн цы загъта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесойы ахастӕй?
▪ Чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймаг куыд нӕ сӕххӕст кодта Йесойы амынд ӕмӕ цы уыд уымӕн йӕ фӕстиуӕг?